Цхинвалы районы бирӕ раззагон хӕдзарадтӕ ис. Уыдонӕй иутӕ лӕуд сты фосдарды куыстыл, иннӕтӕ та сӕ хайбавӕрд хӕссынц таугæ культурӕтӕ  тыллæгæрзад рӕзын кӕнынмӕ. Раззагон хӕдзарадыл нымад у «Тъбет»-ы фермерон хӕдзарад дӕр, кӕцымæ ис куысты хорз фӕлтӕрддзинад ӕмӕ йын алы хатт дӕр вӕййы раппӕлинаг фӕстиуджытӕ. Хӕдзарадӕн арӕхстджын разамынд кӕнынц йӕ сӕргълӕууӕг, хӕдзардзин ӕмӕ куыстуарзаг адӕймаг Цхуырбаты Иван ӕмӕ Бибылты Мэлс.

Цхуырбайы фырт куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ сӕм стуртӕ иууыл иумӕ нымадӕуы 40 сæры, уыцы нымӕцы: дуцгӕ хъуццытӕ –  12 сæры. Фосмӕ зилынц зоотехникӕйы домӕнтӕм гӕсгӕ, не сты холлагцух ӕмӕ хъарм бынаты ӕрвылаз дӕр ӕдыхстӕй арвитынц сӕ зымӕгиуат. Ӕрвылбон дӕр горӕты цӕрджытӕн ауӕй кӕнынц 40 литры хӕрзгъӕд ӕхсыр. Фӕстӕ нӕ лӕууынц уалдзыгон куыстыты дӕр. Фӕззӕджы раззагон механизатор Гаглойты Ирбег мӕр афӕлдӕхта цыбыр ӕмгъуыдмӕ. Куыддӕр фӕхъӕрмттӕ кӕна, афтӕ ӕрӕвналдзӕн культиваци кӕныны куыстмӕ, уый фӕстӕ та дзы хъӕбӕрхор ӕмӕ цъойы культурӕтӕ ӕдӕппӕт байтаудзысты 60 гектары фӕзуатыл. Уый тыххӕй сӕм ис фаг ӕмӕ хӕрзгъӕд тауинаг, стӕй – куыстӕввонг техникӕ дӕр.

ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.