Зӕхкуыст архайды агротехникӕйы домӕнтӕ дзӕвгар сты ӕмӕ уыдон рӕстӕгыл чи феххӕст кӕны, уымӕн йӕ бакӕнгӕ куыстӕй барухс вӕййы йӕ зӕрдӕ, ӕркӕны ӕмӕ бафснайы ӕфсирон ӕмӕ нӕмыгон культурӕтӕй хъӕздыг тыллӕг. Ӕппӕт уыцы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнынмӕ хорз хъусдард здахы Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы фермерон хӕдзарад «Билурта»-йы разамынд ӕмӕ уый фӕстиуӕгӕн йе ‘ркӕнгӕ тыллӕгӕрзад вӕййы бӕркадджын. Кӕд хӕдзарад афтӕ бирӕ рӕстӕг нӕ уӕвынад кӕны, уӕддӕр йӕ разамонӕг йæ хъуыддагмӕ кӕсы бӕрндзинады цӕстӕй ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕуы раззагон хӕдзарадты ӕмрӕнхъ. Афтӕ уыдысты йӕ бакӕнгӕ куысты фӕстиуджытӕ ивгъуыд хӕдзарадон азы дӕр ӕмӕ цы ӕртӕ хуызы ӕфсирон культурӕтӕ байтыдта, уыдон тыллӕгӕрзадӕй барухс йӕ зӕрдӕ. Ӕппӕт уыцы ӕнтыстытӕй разӕнгард уӕвгӕйӕ, хӕдзарады разамонӕг Цхуырбаты Лев ӕмӕ йӕ дыууӕ фырты развӕлгъау бацархайдтой радон хӕдзарадон куыстытыл ӕмӕ сын ӕнтысгӕ дӕр кӕны.Фыццаг уал уый, ӕмӕ сӕ бӕрны цы зӕххы фадыг ис, уый иууылдӕр ӕрцыд 40 гектары фӕзуатыл хуымгонд ӕмӕ ныр мӕр рагацау ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕфсирон культурӕты байтыдтӕм. Фӕззӕджы кусы-нӕн бӕзгӕ хорз боныгъӕдтӕй спайда кодтой рӕстӕгыл ӕмӕ уал сын байтауын бантыст фӕззыгӕнд мӕнӕу 15 га. Уымӕй дарддӕр ма уалдзӕджы хъӕбӕрхоры культурӕ байтаудзысты 18 га ӕмӕ сысджы та 7 га ӕмӕ хӕдзарад уыцы тауинӕгтӕй дӕр у ифтонг. Хуым кӕнын ӕмӕ тауыны куыстытыл зӕрдиагӕй бацархайдта бынӕт-тон раззагон механизатор Мӕл-дзыгаты Алан.      

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.