Уæрæсейы Федераци Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад куы банымадта, ууыл иуæндæс азы сæххæсты боны цытæн цы бирæ культурон мадзæлттæ уагъд æрцыдис, уыдонæй сæ иу уыд стыр бæрæгбонон концерт, цыран хайад райстой хуссарирыстойнаг æмæ уæрæсейаг зындгонд зарæггæнджытæ. Бæрæгбонон концерт уагъд цыдис республикон стадионы.

Бæрæгбонон концертмæ цы бирæ адæм æрбацыд, уыдон æхсæн уыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад æмæ уазджытæ.

Сценæмæ арфæтимæ рахызт Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли. «Абон мах æрæмбырд кодта стыр бæрæгбон, кæцы нын иуæндæс азы размæ балæвар кодта Уæрæсейы Федераци. Ацы бæрæгбонмæ мах æнхъæлмæ кастыстæм бирæ азты дæргъы æмæ нын ссис зæрдылдарæн æмæ ахсджиаг. Бæрæгбон у æцæг бæрæгбон æмæ йыл нæ республикæйы алкæцы адæймаг дæр цин кæны. Æз сидын нæ фæсивæдмæ, æмткæй нæ адæм-мæ, кæцытæ абон нысан кæнынц стыр цины аккаг бæрæгбон æмæ сты нæ республикæйы фидæнаразджытæ, цæмæй кæддæриддæр сæ зæрдыл дарой æмæ хъуыды кæной Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты, уыдон мах тыххæй сæ сæртæ æрхастой нывондæн нæ республикæйы сабырад æмæ хæдбардзинады сæраппонд. Уыдон бæрзонд æмæ стыр ныхæстæ не сты, фæлæ æцæгдзинад. Фæсивæд, кæддæриддæр хъуыды кæнут æмæ зонут, бирæнымæц лæппутæ кæй бабын, уыдон æмрæнхъ уæрæсейаг салдаттæ æмæ афицертæ дæр, кæцытæ нын сæ тугæй балхæдтой 26-æм августы бæрæгбон», – загъта Президент Бибылты Анатоли. Уый ма бузныджы ныхæстæ загъта Уæрæсейы Федерацийы президент Владимир Путинæн, УФ-йы Хицауады сæрдар, уæды президент Дмитри Медведевæн æмæ УФ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровæн, афтæ ма æндæр уæрæсейаг политиктæн, кæцытæ нæ республикæйæн уыдысты йæ хъысмæтскъуыддзаггæнджытæ.

Дарддæр сценæмæкæсджытæм æнхъæлмæ каст сюрприз: сценæйыл йæ арæхстдзинад равдыста уæрæсейаг популярон зарæг-гæнæг Доминик Джокер. Уый йæ репертуарæй цалдæр зарæджы сæххæст кодта бæрæгбонон концерты æмæ уымæй бахъæлдзæг кодта, æнæнхъæлæджы кæмæ фæуазæг, уыдоны зæрдæтæ.

Цхуырбаты Ларисӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.