Адæймаг цы дæсныйад райса, уый хъуамæ уарза, тырна, цæмæй цы æмбæстæгтæн лæггад кæны, уыдон ын кæддæриддæр разыйæ баззайой йæ куыстæй. Ахæм адæймаг алкæй цæсты дæр вæййы кадджын æмæ дзы æдзухдæр вæййынц райгонд, йæ хорзы кой фæкæнынц æндæртæн дæр.

Афтæ зæгъæн ис, нæ горæты Цардуагон лæггæдты хæдзары цы дыууæ нæлгоймаджы фæллой кæнынц, уыдонæй дæр. Тедеты Алан æмæ Хуыджеты Вова рагон хæлæрттæ æмæ æмкусджытæ сты. Иу рæстæджы Хуыджейы фырт Аланæн афтæ зæгъы, нæ горæты нæй, цыргъæгтæ чи цыргъ кæны, ахæм специалист æмæ хорз уаид, нæ иу уал куы сахуыр кæнид ацы дæсныйад, зæгъгæ. Йæ фæнд фæцыд Тедейы фырты зæрдæмæ æмæ йæхи срæвдз кодта, фæцыд Уæрæсейы горæт Брянскмæ. Уым ис, йæ хъуыддаг хорз чи зоны æмæ йæ æндæртæн дæр цæстуарзонæй чи фæамоны, ахæм специалисттæ.

Тедейы фырт зæрдиагæй хъуыста йæ ахуыргæнæджы амындтытæм æмæ 3 къуыримæ фæцалх йæ дæсныйадыл. Фæстæмæ æрыздæхт йæ уарзон горæтмæ æмæ ныр 6 мæйы дæргъы йæ лæггады хай кæны, æндæр æмæ йæм æндæр цыргъæгтæ цыргъ кæнынмæ чи æрбахæссы, уыдонæн. Ахæмтæм та хауынц маникюр æмæ педикюры кусæнгæрзтæ, хæдзарон æмæ æндæр кæрдтæ, хæсгæрдтæ æмæ æндæр ахæмтæ, сæ хицæуттæ та дзы кæддæриддæр баззайынц разыйæ. Тедейы фырт йæхимæ æрбахуыдта йе ‘мбал Вовайы дæр æмæ ныр сæ дыууæ дæр цæстуарзонæй сæ лæггады хай кæнынц æмбæстæгтæн.

    ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.