Ирыстоны алæмæттаг æрдзыл мах сахуыр стæм æмæ нæ цæсты уадиссаг нал ахады, фæлæ нæм уазæгуаты чи æрцæуы, уыдон йæ рæсугъддзинады уацары бахауынц. Фæзæгъынц, зæгъгæ, нæ æрдзы хъæбысы уæвгæйæ, сæхи фæхатынц уæнгрогдæрæй.

Бæргæ нæм ис ахæм бынæттæ цыран саразæн ис санаторитæ, улæфæндæттæ, фæлæ нæм, хъыгагæн, абон ахæм фæрæзтæ нæма ис. Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй Дзауы районы Къодибыны, Хъемултайы, Цъоны  æмæ бирæ æндæр рæтты саразæн ис улæфæндæттæ.

Нæ республикæйы цæрджытæн нырма бирæ азты дæргъы чи лæггад кæны, уый у Знауыры районы Нагутнийы хосгæнæндон «Ныфс».  Йæ хосгæнæн миниуджытæ  Стыр Фыдыбæстæйон хæсты азты фæстæ рабæрæг сты. Куыд зæгъынц, афтæмæй йæ ссардта Нагутнийы цæрæг. Уый зымæджы карзы æрбафтыд ардæм æмæ йæ дисы бафтыдта, ахæм уазал бон дон кæй нæ ныссалд, уый. Хъæумæ æрбахизгæйæ радзырдта хабар, йæ ныхас дзыхæй-дзыхмæ ацыдис. Ацы бынатмæ æрцыдысты специалисттæ, сбæрæг кодтой доны æууæлтæ æмæ дзы арæзт æрцыд хосгæнæн. Цыдысты йæм алы рæттæй. Цард  куы сызмæст, нæ сыхаг гуырдзиæгтæ немæ хæст куы самадтой, уæд хосгæнæн никæй уал æндæвта æмæ ныппырх, æдзæллаг уавæрмæ æрцыд. Æрмæст ма баззад йæ дон.

Хосгæнæны æдзæллаг уавæр йæ зæрдæмæ ‘ввахс чи айста, уый уыдис не ‘мбæстаг, Знауыры районы цæрæг Чилæхсаты Владимир. Йæ саразыны фæнд та йæм æрцыд 90-æм азты. Уый дæр йæ хъæуы лæппутимæ хъахъхъæдта райгуырæн зæхх, æхсæвæй-бонæй постыты лæугæйæ, уазæлтты се ‘нæниздзинад фæцудыдта æмæ сфæнд кодтой сæхицæн Нагутнийы иу чысыл ахос кæнын. Хосгæнæн дон æдзæллаг уавæры куы федта, уæд йæ зæрдæ фæрыст, фидарæй аскъуыддзаг кодта йæ саразын, цæмæй канд йæхицæн нæ, фæлæ пайда хæсса æндæртæн дæр.

Ныр уырдæм къорд азты дæргъы чи цæуынц, уыдонæй иу дæр нæй, райгондæй дзы чи нæ баззад. Чилæхсаты Владимирæн,  йæ кусджытæн стыр арфæтæ фæкæнынц. Нагутнийы хосгæнæны æвæрд æрцыд коттеджтæ. Уыдонæй дарддæр дзы ис хæрæндон, ваннæтæисæн хатæнтæ, сæрдыгон мæнгагъуыстытæ, медпункт, хиирхæфсæн хатæнтæ алыгъуызон музыкалон инструменттимæ. Иу цыбыр дзырдæй, ам чи улæфы, уыдон сæ медицинон процедурæты фæстæ æнæмæнг ссардзысты, сæхи цæмæй аирхæфсой, уый. Хосгæнæнæн цалынмæ йæ къæсæрмæ нæ бахæццæ уай, уæдмæ йæ никæцæй суындзынæ. Ис тар хъæды астæу комы. Цалдæр километры бæрц æм æввахс цæрæг нæй. Улæфæндонмæ æввахс згъоры цæугæдон, уырдæм улæфджытæ фæцæуынц сæхи найынмæ. Остеохондроз кæмæн ис, нуæрттæ æмæ зæрдæйы низтæй чи тыхсы, уыдонæн тынг хорз у ам. Зæгъынц, зæгъгæ, ардæм лæдзгуыты æнцой чи æрцæуы, уыдонæн сæ фылдæр аздæхынц æнæ лæдзгуытæй.

Чилæхсаты Владимир  зæгъы : «Аразын æй куы райдыдтон, уæд хъуыды кодтон, цæмæй канд мæхицæн нæ, фæлæ ма пайда уа се ‘нæниздзинад нывыл кæмæн нæу, уыдонæн дæр».

Йæ фæлмæн дзырд, йæ аудгæ ахаст æмбисондæн баззад. Раст цыма йæм йæ хæдзармæ æрбацæуы уазджытæ, уыйау сæ сбуц кæны, суанг ма сын æгæр хъулон митæ дæр фæкæны. Йæхи амондджынæй æнкъары, райгондæй кæй аздæхынц улæфджытæ, уымæй. Адæм йæ удыхъæды кой куы фæкæнынц, парахт зæрдæйы хицау, рухс бонау – райдзаст, сабийау – сыгъдæг æмæ фæлмæнзæрдæ  йæ куы фæхонынц, уæд, ма уымæй æхсызгондæр цы хъуамæ уа, уымæн æмæ. Адæмы хорзæхæй стырдæр нæй а-зæххыл æмæ уыдонæй хайджын.

Владимирæн райдианы баххуыс кодта уæды Президент Кокойты Эдуард. «Рахицæн мын кодтой 300 мин сомы æмæ уыцы æхцайæ бындур æрæвæрдтон арæзтадæн. Финаг хæдзæрттæн дæр проект махæдæг сарæзтон. Хосгæнæндон абоны уавæрмæ æркæныны хъуыддаг домдта стыр кусæгдых, финансон фæрæзтæ. Арæзтадыл уыцыиу рæстæджы куыстой 160 адæймаджы бæрц. Хъыгагæн, абон дæр дзы нырма бирæ аразинаг ис, нæй йæм электроны рухс уагъд, нæ дзы кусы мобилон бастдзинад. Æцæг, ацы аз Знауыры районы администрацийы хъæппæрисæй Нагутнимæ фæндаг лæгъзгонд æрцыд. Районы электрохызæджы хистæрæн Хицауад бахæс кодта, цæмæй ацы аз электроны рухсæй ифтонг æрцæуа хосгæнæндон. Уыдон ныфс бавæрдтой æппæт куыстытæм дæр ноябры мæйы кæй æрывналдзысты æмæ фидæнмæ ам чи улæфа, уыдонæн æнæмæнг кæй уыдзæнис электроны рухс.

Чилæхсаты Владимир ма нын куыд загъта, афтæмæй ацы аз хосгæнæндонмæ райстой фондз фæлтæр рынчынты. Уыдонæн сæ зынгæ хай уыдысты льготæтæм гæсгæ чи хос кодтой, ахæмтæ. «Уый тыххæй тынг райгонд дæн нæ хицауадæй. Æз афтæ хъуыды кæнын æмæ махæй хъастгæнгæ ничи ацæуы. Цы 10 кусæджы нæм кусы, уыдонæй зæрдæ никæуыл худы», – зæгъы Чилæхсайы фырт.

Владимиры архайдимæ базонгæ уæвгæйæ,  алчидæр ахъуыды кæндзæн: уарзы адæмы æмæ йæ уыдон дæр уарзынц. Уый хорз æмбары алы паддзахадæн дæр йæ хъæздыгад йæ адæм кæй сты, ома, æнæниз адæм кæм уа, цард дæр размæ уым цæуы.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.