Хъодалаты Герсаны райгуырдыл сæххæст 85 азы

Адæймаджы царды куырыхон фæндагыл кæд исчи сыгъдæгзæрдæ æмæ раст зондахастимæ фæцыдис, уæд уыдонæй иу уыдис Хъодалаты Герсан. Райгуырд Ленингоры районы Захъхъоры хъæуы йæ радтæг адæмы фарнæн. Ææццæгæн, 15-æм октябры кæй райгуырд, стыр Къостайы фарнæй хайджын дæр уымæн фæцис. «Уымæн йæ бон уыд æппæт жанрты дæр: поэзи, прозæ, публицистикæ, этнографийы сæрибарæй фæлдисын. Хъодалаты Герсаны æмæ йе сфæлдыстады тыххæй гæнæн ис дзурын æмæ фыссын æгæронæй», – зæгъы фыссæг Цхуырбаты Мери.

Ацы аз 15-æм октябры РХИ-йы Культурæйы сгуыхт кусæг, Советон Цæдисы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты уæнг, фæллойы ветеран, æхсæз хатты литературон премиты хицау, Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми æмæ националон преми «Нарты фæткъуы»-йы лауреат, фыссæг, публицист, прозаик, литератор, бирæ паддзахадон хорзæхты, уыцы нымæцы Кады æмæ Хæлардзинады орденты хицау, журнал «Фидиуæг»-ы  редактор Хъодалаты Герсаны райгуырдыл сæххæст 85 азы.

Курдиатджын поэты æмдзæвгæтæй чи бакæсы, уый сæ цæрæнбонтæм бахъуыды кæны сæ хуымæтæг æмæ уыцы иурæстæджы зæрдæмæхъаргæ æмæ рæсугъд æвзаджы фæрцы. Йе ‘мдугонтæ-поэттимæ абаргæйæ, Герсан ирон литературæмæ æрбацыд ныфсджын æмæ фидар къахдзæфтæй. Уыдис ын йæхи æрмдзæф. Æмæ уайтагъд йе сфæлдыстад бахъардта адæмы  зæрдæтæм. 1964 азы рухс федта йе ‘мдзæвгæты фыццаг æмбырдгонд «Бæлццон», зæгъгæ. Фæлæ йæ фыццаг æмдзæвгæтæ гæххæттыл фæзындысты, райдиан кълæсты ма куы ахуыр кодта, уæд. «Кæй зæгъын æй хъæуы, уæд хъуыды дæр нæ кодтон поэт суæвыныл. Кæцæйдæр мæм фæзынд æмдзæвгæтæ фыссыны фæндон, сæ фæстæ мæ афтæ асайдтой æмæ абоны онг дæр дæн поэзийы «уацары». Уымæ гæсгæ фидарæй мæ бон зæгъын у, фыссæджы курдиат у ныхыфыст æмæ, æрмæстдæр, ныхыфыст», – дзырдта Герсан йæ интервьютæй иуы.

Зынгæ ирон фыссæг Бестауты Гиуæрги фыста: «Арæх мæ зæрдыл æрлæууы редакцийы æвзонг поэты фæзынд. Дуар æрбахоста æмæ, æфсæрмгæнгæ мидæмæ æрбахызт къæсхуыртæ, бæрзонд лæппу. Йæ къухы уыдысты чи сбур, ахæм гæххæттытæ. «Æмдзæвгæтæ æрбахастон», – загъта лæппу. Уый уыдис Хъодалаты Герсан…

Æмæ уæдæй фæстæмæ цал æмдзæвгæйы ныффыста, уыдон чи фæнымайдзæнис. Журнал «Фидиуæг»-ы бакуыста 52 азы дæргъы. Райдыдта литературон кусæгæй, 26 азы та уыдис журналы сæйраг редактор. Йе ‘мдзæвгæтæ æмæ прозæйы æвдыста бинонты монон-хæрзæгъдаудзинад, дзырдта Райгуырæн бæстæйыл, ныййарæг мадмæ уарзондзинадыл. Бирæ ныффыста хъæууон цардыл. Ацы темæтæ аккаг бынат ссардтой йе сфæлдыстады.

«Стыр фыссæджы а-дунейæ ацыды тыххæй базыдтон телевизорæй. Хорзау нал фæдæн. Нæ мæ фæндыд æнамонд цауыл баууæндын. Ахауд, ныццавта йæ сæр æмæ амард рынчындоны, – загътой мын уый фæстæ. Æвæццæгæн, æй Стыр Хуыцау йæ амæлæты размæ бахызта бирæ хъизæмæрттæй æмæ Герсанæн схай кодта рог, æвиппайды мæлæт. Уымæн æмæ йæ царды рацыд бирæ фæлварæнтыл…», – дзуры Цхуырбаты Мери.

Уыдис ын йæхи оригиналон поэтикон стиль

Журналы фæрстыл, поэт мысыд фысджыты, публицистты, поэтты, сфæлдыстадон адæймæгтæй ирон литературæйы рæзтмæ йæ бавæрд чи бахаста, уыдоны. Алкæуыл дæр сæ фыста æмдзæвгæтæ. «Герсан йæхæдæг ирон культурæйы, ирон аивадон ныхасы рæзтмæ, ирон поэзийы хæзнадонмæ бахаста саргъгæ-нæн кæмæн нæй, ахæм стыр хайбавæрд», – загъта Цхуырбиан.

Иры кады лæг Джусойты Нафи стыр аргъ кодта поэтæн. Герсаны юбилейы цытæн йæ уац «Дзаг хорæй йæ хордон»-ы цæстуарзонæй равдыста поэт стыр курдиаты хицау кæй у, уый. «Къостайы ацы ныфсджын ныхас йæ бон у æмæ зæгъа йæ миднымæр йæ бирæ фыдæбонæй разыйы охыл Хъодалаты Герсан. Уый 55 азы нæ цæсты раз кусы, зиууон лæгау, зæрдиагæй, æвæллайгæйæ нæ дзырдаивады. Нæ фысджытæ йын иууылдæр стыр аргъ кодтой. Къостайы номыл паддзахадон преми дæр ын уымæн саккаг кодтой фысджытæ, æхсæнад æмæ нæ хицауад. Æмæ мæнæ йæ поэты удуæлдай куысты фæстиуæг – æртæтомон рауагъд».

Хъодалайы фырт йæ хордоны ныууагъта бирæ бæркадджын сфæлдыстадон бынтæ. Æрмæст Абайты Васойы хъуыды кæуылты дзурæг у: «Хъодалаты Герсан?! Хъодалаты Герсаны чиныг райсын, бакæсын æмæ йæ фæстæмæ сæвæрын! Райсын, бакæсын æмæ та йæ фæстæмæ сæвæрын!».

Фыссæг Александр Богучаров поэты тыххæй загъта: «Уæлдай тынгдæр банысан кæнын хъæуы Хъодалаты Герсаны метафорæйы тыххæй. Йæ фыссæн сисы раз электрон цæджындз фесты æвзонг бæлас, кæцыйыл æрзайы æвзист дыргътæ. Хæсты йæ фырты чи фесæфта, уыцы мад «йæ дзыхмæ дзулы къæбæр не схæсдзæн, цалынмæ йæ цæссыгтæй не сцæхджын уа, уæдмæ».

Газет «Рæстдзинад»-ы сæйраг редактор Хозиты Барис йæ уац «Леуахийы фæйлауæнтæ æмæ дзырдаивады уылæнтæ»-йы афтæ фыссы: «Кæддæр Николай Лесковæй сирвæзт ахæм вазыгджын хъуыды: «Курдиатджын фыссæг кæмæн кусы, уый куы нæ зона, уæд æм никуы сæвзæрдзæнис æхсæнады рис æмæ адæмы тыхсты æнкъарынад». Хъодалайы фырт йæхи æмбарынхъом куы фæцис, уæдæй фæстæмæ туг æмæ стæгæй баст у йæ фыдызæххы хуыздæр æууæлтимæ. Фыссæджы мид æмæ æддаг дунейæн Ирыстоны раз ис иу сыгъдæг цæсгом. Чи зоны, уымæн у йе сфæлдыстад сыгъдæг суадоны æнгæс. Уый уымæн афтæ рауад, æмæ уыцы дыууæ дунейы æрдзон хуызы баиу сты æмархайд æмæ æмиуады арæныл».

1986 азы Булкъаты Михал фыста: «…Игорæн ма æппæлгæ дæр кодтон Хъодалаты Герсанæй, цы æнхъæл уыдтæн, уымæй бирæ арфдæр поэт разындис, зæгъын. Мæ зæрдæ мын тынг барухс кодтой, аив дзырдимæ йын цы æмахастытæ ис, уыдон».

Æвæццæгæн, нæ царды иунæг ахæм фæзынд, иунæг ахæм къабаз нæй, æмдзæвгæтæ дзы кæуыл нæ ныффыста. Фыссы хуымæтæг æнцон æмбарæн æвзагæй. Æмæ уыцы иурæстæджы аив амæлттæй, зæрдæйыл чи æмбæлы, ахæм афыстытæй. Фыссы йæ уарзон Райгуырæн Ирыстоныл, йе ‘взонджы бонтыл, йæ ныййарджытыл, рæсугъд æрдзыл. Æмæ канд уыдоныл нæ, фæсарæнтæм дæр авнæлдта….

1965 азы Хостыхъоты Зинæ загъта: «Бафæлдæхтон чиныджы фæстаг сыф, æмæ æхсызгондзинад, сæууон уæлдæфау, баулæфыд зæрдæмæ. Цыма мæ къухы чысыл чиныг нæ, фæлæ малусæг ис, уалдзæджы фæдисон!

…Æрдз балæвар кодта Герсанæн рæсугъд курдиат. Йе ‘мдзæвгæты æвзаг у хуымæтæг, фæлæ поэтикон, нывджын. Æнæнхъæлæджы барæнтæ, эпитеттæ, метафорæтæ зæрдæйы ссудзын кæнынц цины арт».

Нæ «хорзмæбæллæг» сыхæгтæ ирон адæмы ныхмæ æгъатыр хæст кæй расидтысты, уый тыххæй тынг рыст Герсаны зæрдæ. «Гуырдзиаг абырджытæ нæм фыццаг хатт куы æрбафсæрстой, уæд уыцы райсом мæн мæ фынæйæ райхъал кодта сыхаг корпусы цæрæг Гæбæраты Валодя. Уый корпусты ‘хсæнты рацу-бацу кодта хъæргæнгæ: «Ирон адæм сыстут, гуырдзы нæм æрбабырстой!». Уыцы æвирхъау райсомæй фæстæмæ Чъребайы адæм цы хъизæмæрттæ æрвыстой, æз дæр – уыдон.  Чысыл рæстæгмæ мæ хæдзар фестад хæстон æрмæджыты къæбиц. Цæвиттон, мæ лæппу дæр хъуыддаджы лæуд уыдис æмæ… Суанг ма хъæбатыр Джиоты Басмач дæр мæнæй ахаста гранатæхсæн, нæмгуытæ. Хъыгагæн, æртыккаг бон  знаджы нæмыгæй фæмард. Æз ыл зæрдæриссæн балладæ  фысгæ дæр ныккодтон. Æмæ канд ууыл нæ. Цæссыгкалгæ, бирæ зынгхуыст лæппуты рухс нæмттæ ссардтон, уæлдайдæр та 5-æм скъолайы кæрты ныгæд чи æрцыд, уыцы фæдисонтыл. Цыбыр дзырдæй, æхсæнгарзæй нæ хæцыдтæн, фæлæ урс гæххæттыл мæ фыссæн сис йæ ахорæн-цæссыг æнæвгъау калдта, вердикт хаста знаджы æрдон-гæн, æгæрыстæмæй, ахæм кульминацион хатдзæгмæ дæр æрцыдтæн:

 

«Гуырдзыйы милици куы бацахста Чъреба,

Куы ‘мбу кодтой уынгты сæ баст куыйтæ – се ‘мгад,

Уæды хуызæн рифмæ мын рифмæйыл не ‘рбадт:

Гуырдзыстон-куыдзыстон?».

Поэзийы сæйрагдæр миниуджыты тыххæй Сергей Есенин иу ран тынг аив æмæ раст ранымадта: «Буйство глаз и половодье чувств». Уый нысан кæны: поэты цæст хъуамæ уына дун-дунейы æппæт дæр сабийы цæссыгæй тугуарæн къæвдамæ, фæззыгон халасыл тæрхъусы фæдæй уæлæрвты Æрфæны фæдмæ. Поэтæн йе ‘нкъарæнты змæлд та хъуамæ уа куы быдираг стыр доны сабыр, фæлæ æвирхъау тыхджын цыдау, куы та хохаг донау сыгъдæг æмæ æвидигæ цыхцырау. Герсаны хуыздæр æмдзæвгæты ацы дыууæ аивы æнцон фенæн сты алы чиныгкæсæгæн дæр, кæд йæ цæсты гагуытыл мигъвæлм нæ бада, уæд», – дзырдта Джусойты Нафи.

Сæрмагонд æмдзæвгæ ныффыста В.Путин æмæ Д.Медведевыл, цыран сæ хоны «дыууæ Уастырджийы». Бузныджы æмдзæвгæ ныффыста, уыцы уæззау рæстæджыты нын чи æххуыс кодта æмæ нæ сæрыл политикон тох чи кодта, уыдоныл дæр. Арæх-иу дзырдта, зæгъгæ, йæ уырны нæ абонæй нæ фидæн хуыздæр кæй уыдзæн, уымæн æмæ нын «Уастырджи» гутондар у. Стыр Уырысы кой кодта. «Гъе, фæлæ мæ бафæндид, Ирыстоны дыууæ хайы тагъддæр куы баиу уаиккой Уы-рысимæ æмдзæринæй. Уый у ирон адæмы æнусон бæллиц!». Герсан зæрдæдзургæйæ бацыд йе ‘нусон бæстæм дыууæ Ирыстоны баиу кæй нæ федта, уый тыххæй. Фæлæ цы нæ вæййы, чизоны искуы ирон адæмы бæллиц сæххæст уа. Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы. Æмæ йын уæд йæ уæлмæрдмæ ссæудзыстæм æмæ йæм ныхъæр кæндзыстæм, сæххæст нæ бæллиц, зæгъгæ.

Нæй æнусон цард, фæлæ ис æнусон кад. Йæ ном кадимæ цæрдзæн Хъодалаты Герсанæн дæр. Рухсаг у!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.