11-æм июлы уагъд æрцыд РХИ-йы Парламенты фыццаг сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан.

Боны фæткы фыццаг фарст уыд Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон фæрæзты фæдыл Парламенты комитеты сæрдар равзарын. Уыцы бынатмæ хаст æрцыд депутат Æлборты Аланы кандидатурæ æмæ йыл закъондæтджытæ æмхъæлæсæй сразы сты.

Дарддæр фидар æрцыдысты Парламенты комитетты æмæ къамисты сæрмагонд скондтæ:

Бюджеты æмæ хъалонты фæдыл комитет: Джиоты Еленæ Æхсары чызг – комитеты сæрдар, Икъоты Витали Зауыры фырт – сæрдары хæдивæг, Габатты Алан Хаджумары фырт.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитет: Дриаты Заза Нодары фырт – комитеты сæрдар, Гаглойты Малхаз Нодары фырт – сæрдары хæдивæг, Бибылты Ацæмæз Æхсары фырт, Гаглойты Алан Ирбеджы фырт.

Фæсивæды хъуыддæгтæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитет: Гæбæраты Инал Федыры фырт – комитеты сæрдар, Икъоты Сæрмæт Никъалайы фырт – сæрдары хæдивæг, Хъотайты Дмитри

Æхсарбеджы фырт, Уырыгаты Инал Димитры фырт, Бæззаты Вадим Гелайы фырт.

Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынады фæдыл комитет: Габатты Алан Хаджумары фырт – комитеты сæрдар, Гаглойты Алан Ирбеджы фырт – сæрдары хæдивæг, Диакъонты  Амиран  Евгены фырт, Икъоты Витали Зауыры фырт.

Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон-информацион фæрæзты фæдыл комитет: Диакъонты Амиран Евгены фырт – комитеты сæрдар, Медойты Дзамбулат Ростикы фырт – сæрдары хæдивæг, Хуыбылты Илья Франгелы фырт.

Ахуырад æмæ зонады фæдыл комитет: Уырыгаты Инал Димитры фырт – комитеты сæрдар, Уалыты Розæ Сергейы чызг – сæрдары хæдивæг, Гæбæраты Инал Федыры фырт.

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитет: Бибылты Ацæмæз Æхсары фырт – комитеты сæрдар, Остъаты Роберт Георгийы фырт – сæрдары хæдивæг, Мулдарты Гарри Виталийы фырт, Къуезерты Арсен Асланы фырт, Сланты Иван Хъазбеджы фырт.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитет: Плиты Александр Михаилы фырт – комитеты сæрдар, Чысиаты Константин Георгийы фырт – сæрдары хæдивæг, Медойты Дзамбулат Ростикы фырт, Хуыбылты Илья Франгелы фырт, Тадтаты Анатоли Григорийы фырт.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитет: Тъехты Алан Ароны фырт – комитеты сæрдар, Къуезерты Арсен Асланы фырт – сæрдары хæдивæг, Æлборты Алан Юрийы фырт, Джиоты Еленæ Æхсары чызг.

Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон фæрæзты фæдыл комитет: Æлборты Алан Юрийы фырт  – комитеты сæрдар, Сланты Иван Хъазбеджы фырт – сæрдары хæдивæг, Тъехты Алан Ароны фырт, Уалыты Ибрагим Хазбийы фырт, Тедеты Артур Акъакъийы фырт.

Депутатон этикæйы фæдыл къамис: Тадтаты Анатоли Григорийы фырт – къамисы сæрдар, Уалыты Розæ Сергейы чызг, Хуыджеты Руслан Павелы фырт.

Регламент æххæст кæныны фæдыл къамис: Мулдарты Гарри Виталийы фырт – къамисы сæрдар, Дриаты Заза Нодары фырт, Уалыты Ибрагим Хазбийы фырт.

Афтæ ма фидар æрцыд Парламенты Президиумы сконд: Тадтаты Алан Сергейы фырт, Гасситы Петр Леониды фырт, Чилæхсаты Владимир Степаны фырт, Плиты Александр Михаилы фырт, Джиоты Еленæ Æхсары чызг, Габатты Алан Хаджумары фырт, Æлборты Алан Юрийы фырт, Диакъонты Амиран Евгены фырт, Тъехты Алан Ароны фырт, Уырыгаты Инал Димитры фырт, Дриаты Заза Нодары фырт, Бибылты Ацæмæз Æхсары фырт, Гæбæраты Инал Федыры фырт, Мулдарты Гарри Виталийы фырт, Кокойты Валери Тегайы фырт, Хъотайты Димитр Æхсарбеджы фырт, Хуыджеты Руслан Павелы фырт, Тадтаты Анатоли Григорийы фырт.

Санахъоты Давид бахаста ахæм фæндон, цæмæй УФ-йы Паддзахадон Думæмæ арвыстæуа сидт 1920 азы ирон адæмы геноцид банымайыны тыххæй. Уый ма ахæм фæндон бахаста, цæмæй уырдæм хаст æрцæуа 1989-1992 азты ирон адæмы геноцид дæр, банысан кодта, зæгъгæ, раздæр депутаттæ ацы фарсты фæдыл бакодтой бæрæг куыст. Уымæй уæлдай ма  уый зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, фидæнмæ 1920 азы геноцидыл æххæст кæны сæдæ азы æмæ уагъд цæудзысты зæрдылдарæн мадзæлттæ.

Ацы фарсты фæдыл йæ хъуыдытæ загъта Диакъонты Амиран дæр. Уый бахаста ахæм фæндон, цæмæй бюджеты æмæ хъалонты фæдыл комитеты рабадтмæ хаст æрцæуа уыцы трагикон цаутæ сæнусон кæныны æнæмæнгхъæуындзинады фарст, уыцы нæмæцы ирон адæмы геноциды амæттæгтæн цыртдзæвæн саразын.

Рабадты кæрон Парламенты Cæрдары фыццаг хæдивæг Гасситы Петр бахаста ахæм фæн-дон, цæмæй УФ-йы Паддзахадон Думæ æмæ Федерацийы Советмæ бацæттæ кæной сидт УФ-йы территоримæ хуссарирыстойнаг номыртимæ транспортыл ласыны проблемæйы тыххæй. Уый зæрдыл æрлæууын кодта, ахæм сидт УФ-йы дыууæ палатæмæ дæр кæй арвыстой цæгатирыстойнаг парламентаритæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.