Хӕрзарӕзт фӕндаг машинæ скъæрæг æмæ фистæгæй цæуæгæн дæр æхцондзинад хæссы. Афтӕ кӕй у, уый зӕрдыл даргӕйӕ, фæндагаразджытæ сӕ фадӕттӕ ӕмӕ уавӕртӕй пайда кӕнынц ӕмбӕлон ӕгъдауӕй ӕмӕ архайынц ӕмбӕстӕгты домӕнтӕ ӕххӕст кӕныныл. Фӕлӕ хатт сӕ куыст кæронмæ нæ бабæстон кæнынц ӕмӕ уый аххосӕй зындзинӕдтӕ февзарынц цæрджытæ.

Афтӕ рауад Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы Аланты уынг дӕр. Уый уыд мӕгуырау уавӕры ӕмӕ дзы хъуыд арӕзтадон-цалцӕггӕнӕн куыстытӕ бакӕнын. Цӕрджыты рӕстагон домӕн аскъуыддзаг кӕнынмӕ амӕйразмӕ бавнӕлдта районы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарад. Уӕд ам ӕмӕзмӕлд кодта алыгъуызон техникӕ ӕмӕ дзы ӕххӕст кодтой ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр куыстытӕ. Иугӕр фӕндаг куы сраст кодтой, уӕд та йыл хъуамӕ ӕркалдтаиккой цалдӕр хуызы хуыр. Фӕлӕ, хъыгагӕн, арӕзтадон куыстыты уыцы нормӕтӕ ӕххӕст не ‘рцыдысты, акастысты йӕм уӕлӕнгай цӕстӕй. Ӕркалдтой йыл бынтон ставд хуырдуртӕ, иуӕй- иутӕ дзы армы зынтӕй бацӕудзысты, стӕй сӕ кӕрӕттӕ та ӕнахуыр цыргъ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕрнадтой йӕ уӕззау техникӕйы фӕрцы, фӕлӕ иууыл не ‘рфидар сты. Уый аххосӕй хъентӕй баззадысты ӕмӕ афтӕмӕй афтæмæй лæууынц .Афтæмæй машинæты хицӕуттӕ тыхсынц, сӕ цӕлхытӕн сын тынг кӕй знаггад кӕны, уый тыххӕй, иннӕ ахӕм йӕ хъӕлӕба, машинæ йыл куы рацæйцæуы, уæд ницыуал фӕхъусы адӕймаг. Къаддӕр тасдзинад не взарынц, сæ хæдзæртты раз чи фӕбады, уыцы цӕрджытӕ, уымӕн ӕмӕ хатт цӕлхыты бынӕй расхъиуынц уыцы цыргъ дуртӕ.

Ӕфхӕрыны хуызы йӕ нӕ зӕгъӕм, ацы хӕдзарад йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕныныл хорз архайы, бирӕ цыдӕртӕ йын бантыст саразын хъӕууон  цӕр-джыты  хӕрзиуӕгӕн. Йӕ  дарддӕры куыстытӕ ноджы фылдӕр сты ӕмӕ та сыл бакусдзӕн зӕрдиагӕй. Ӕрмӕст ацы уынджы цӕрджытӕ домынц, цӕмӕй ма уыцы ставд хуырдурыл ӕркалой лыстӕгдӕр хуыр, цӕмӕй йыл ӕдӕрсгӕ цӕуой куыд хӕд-тулгӕтӕ, афтӕ фистӕгӕй цӕуджытӕ дӕр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.