Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Хетæджы бон нысан кæныны мадзæлтты. Цытджын мадзæлттæ уагъд æрцыдысты Цæгат Ирыстоны Алагиры районы Хетæджы къохы.

РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеславимæ иумæ уый раарфæ кодта Ирыстоны адæмæн бæрæгбоны цытæн æмæ йæ фæрныгадæн акуывта.

«Мах ацы æвæджиаг къохы æрымбырд стæм, цæмæй Ирыстонæн ракурæм хорздзинад, нæ бинонтæн æмæ не ‘ввахс хиуæттæн æнæниздзинад æмæ фæр-ныгад. Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хай абон кувынц Уастырджимæ. Уадз æмæ куывдтытæ иууылдæр сæххæст уæт, уадз æмæ нæ уарзон Ирыстон фидар кæнæт æмæ дидин æфтауæт», – загъта Бибылты Анатоли.

Хуссар Ирыстоны Президент бузныджы ныхæстæ загъта Битарты Вячеславæн кæрæдзиæмбарынады тыххæй.

«Ныфс мæ ис, нæ иумæйаг тыхтæй Ирыстон бонæй бонмæ фидардæр кæй кæндзæн йæ адæмы хæрзиуæгæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Йæ рады Битарты Вячеслав, Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хайы цæрджытæн раарфæ кодта æмæ сын йæ цæст бауарзта æнæниздзинад, сабырад æмæ дидинæфтыд.

«Уадз æмæ ацы ирд бæрæгбон Ирыстоны алкæцы бинонтæн дæр æрхæссæт циндзинад æмæ фæрныгад, суæт уыцы иугæнæн тых, кæцы ахъаз уыдзæн æхсæн-национ иудзинад сфидар кæнынæн, сабырад бахъахъхъæнынæн нæ рагон Иры зæххыл. Уадз, æмæ Уастырджийы фидар армдардæй дидин æфтауæт нæ Ирыстон», – загъта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг.

Хетæджы бон у ирæттæн уæлдай кадджындæр бæрæгбон. Нысан æй кæнынц июлы мæйы дыккаг хуыцаубоны. Бæрæгбон нысан кæныны сæйраг бынат у Хетæджы къох.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.