Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæ сæ къухтæ æрфысдзысты фæлгæтон æхсæн-хицауадон сразыдзинадыл, кæцы фадат ратдзæн дыууæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ ног æмвæзадмæ схизын кæнынæн, фехъусын кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли Луганскы сæргълæууæг Леонид Пасечникимæ фембæлды фæстиуджытыл дзургæйæ.

Хуссарирыстойнаг лидер ныфс бавæрдта, Хуссар Ирыстоны æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы ‘хсæн ахастытæ Леонид Пасечникы уæвынадæй кæй схиздзысты ног æмвæзадмæ.

«Æнæдызæрдыгæй, не ‘хcæн цы ахастытæ ис, уыдон дарддæр уæрæхдæр кæндзысты. Мах бадзырдтам Леонид Иваны фыртимæ нæ паддзахадты ‘хсæн фæлгæтон сразыдзинадыл къухтæ æрфыссыныл. Уый тыххæй æмбæлон хæстæ лæвæрд æрцыдысты», – загъта Бибылты Анатоли.

21 ноябры Хуссар Ирыстоны Президент хайад  райста Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæджы инаугурацийы.

Уый фæстæ брифингы  ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли раарфæ кодта Леонид Пасечникæн Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæджы бы-натмæ  бахызты тыххæй.

«Арфæ кæнын Луганскы адæмæн, республи-кæйы æвзæрст сæргълæууæг Леонид Пасечник  йæ бæрнон бынат-мæ кæй бахызт, уый тыххæй. Æз æй зонын куыд фæндвидар, патриот, йæ адæмы æмæ йæ республикæ чи уарзы, ахæм адæймаг. Мæ цæст уарзы Луганскы Адæмон Республикæйæн дидинæфтыд. Республикæйы адæмæн та, фыццаджыдæр, мæ цæст уарзы, цæмæй сæ сывæллæттæ уой ху-рæнгæс, цæмæй сæ фидæн уа фæрнджын, сабыр æмæ дидинæфтауа. Леонид Иваны фыртæн мæ цæст уарзы, цæмæй ацы нысанæн алцыппæтдæр сараза», – загъта Хуссар Ирыстоны Президент.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.