21-æм ноябры Паддзахадон кино-концертон зал «Чермен»-ы ӕвдыст ӕрцыдис документалон киноныв «Не время для героизма», кӕцыйы ирдӕй зыны Уӕрӕсейы ӕнӕххӕст кары сывӕллӕтты хъайтардзинад ӕмӕ ныфсхастдзинад. Йӕ режиссер у «Молодая гвардия»-йы Централон штабы кусӕг Цхуырбаты Аланӕ. Аланӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ сын киноныв аразыны рӕстӕджы стыр ӕххуыс бакодта ӕмӕ активон хайад райста «Молодая гвардия Единой России»-йы Координацион  советы сӕрдар Денис Давыдов.

Ацы документалон киноныв ма майы мӕйы ӕвдыст ӕрцыд 71-ӕм ӕппӕтадӕмон кинофестивалы горæт Канныйы.

Киноныв конд у авд эпизодӕй, авд саразгӕ хъайтардзинады историйӕ. Йæ сӕйраг архайджытӕ сӕ хъӕбатырдзинад аразыны рӕстӕджы бынтондӕр ууыл нӕ хъуыды кодтой ӕмӕ сӕ стӕй хъайтартӕ хондзысты. Уыдон равдыстой сӕ ныфс-хастдзинад ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ куыд дзырдта, афтӕ архайдтой. Алкӕцы адӕй-магмӕ уыцы миниуӕг нӕй, алкӕмӕн йӕ бон нӕу æмæ тыхст рæстæджы, йӕхиуыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, баххуыс кӕна искӕмӕн, уӕлдайдӕр та йӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна. Ахӕм хъайтар сывӕллӕттӕ ӕрмӕст Уӕрӕсейы нӕй, фӕлӕ ам махмӕ дӕр, Хуссар Ирыстоны. Уӕлвӕткон уавӕрты министр Тадтаты Алан йӕ раныхасы куыд банысан кодта, афтӕмӕй махмӕ дӕр бирӕ сывӕллӕттӕ ис, хъайтардзинад чи равдыста ӕмӕ сӕ майдантӕй дӕр схорзӕхджын кодта.

Ацы диссаджы кинонывы тыххӕй ма стыр бузныджы ныхӕстӕ загътой йӕ саразджытӕн РХИ-йы Хицауады Сӕрдар Пухаты Эрик, Культурӕйы министр Зассеты Жаннӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ. Куыд банысан кодтой иууылдӕр, афтӕмӕй киноныв у тьнг зӕрдӕмӕхъаргӕ ӕмӕ иттӕгхорз ист. Адæймаджы æнæхъæнæй базмæлын кæны йæ сюжеттæй æмæ йæ хъуыдытыл бафтауы. Уый стыр ахъаз фæуыдзæн кæстæр фæлтæры хъомыладæн æмæ сæ сразæнгард кæндзæн царды раст къахдзæфтæ аразынмæ.

 

ДЖИОТЫ Александр

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.