Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Сæргълæууæг Леонид Пасечник цытджын уавæры сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы ‘хсæн Хæлардзинад, æмгуыстад æмæ кæрæдзийæн æххуысы тыххæй Бадзырдыл.

Къухтæ æрфыссыны фæстæ Президент Бибылты Анатоли банысан кодта, зæгъгæ,  абон къухтæ цы Бадзырдыл фыст æрцыдысты, уый суыдзæн дыууæ республикæйы иумæйаг райрæзты райдиан: «Тынг бирæ арæзт æрцыдис дыууæ боны дæргъы, нæ разы цы плæнттæ æвæрд уыд, уыдоны фæдыл. Луганскы бæстæйы цы политикон процестæ цæуы,  куыд æддаг политикон архайды, афтæ æмткæй республикæйæн йæ райрæзты фæдыл, уыдон мах тынг хорз зонæм æмæ æмбарæм. Хуссар Ирыстон кæдфæндыдæр уыдзæн Луганскы Адæмон Республикæйы æмбæстæгты фарсмæ. Ацы Бадзырд у дыууæфарсон æмæ йæ фæлгæтты куыст цæудзæн алы фадыджы – экономикæ, культурæ, ахуырады райрæзты æмæ афтæ дарддæр. Иумиаг куыстуæттæ  æрцыд регистраци Хуссар Ирыстоны территорийыл. Ис нын бангон системæйы бастдзинæдтæ дæр. Стыр цымыдис нæм æвзæрын кæны, Луганскы цы Уæлдæр ахуыргæнæндæттæ ис, уыдоны ахуырады процесс, кæцытæ тынг æнæмæнгхъæуæг сты Хуссар Ирыстонæн. Бирæтæ тæрсынц сæ сывæллæтты Луганскмæ æрвитынæй, хæстон архайдтыты тыххæй, фæлæ уым тæссагæй ницы ис. Луганскы бæстæйы æддагон арæнтæ хъахъхъæнынц адæмон милици æмæ тæрсын нæ хъæуы. Горæтæн йæхи мидæг, кæй зæгъынæй хъæуы, ис сабыр цард.  Нæ республикæйы экономи-кæйы министрæн уыд фембæлд Луганскы Республикæйы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæгимæ. Уыдон æрдзырдтой экономикæйы фадыджы бирæ ахсджиаг фарстатыл, сомбон нæ уыдон дæр базонгæ кæндзысты экономикæйы райрæзты программæйы  æууæлтимæ», – загъта Бибылты Анатоли. Уый банысан кодта, зæгъгæ кæд бахъæуа æфсæддон фадыджы ‘ххуыс æфсымæрон республикæйæн уæдæй бакæндзыстæм.

Леонид Пасечник йæ рады банысан кодта, зæгъгæ, ныр фондз азы дæргъы мах æмгуыст кæнæм экономикæ, культурæ æмæ алыхуызон æхсæнадон организациты къабазты: «Махмæ æнхъæлмæ кæсы тынг бирæ куыст. Æппæт дæр хъуамæ саразæм, цæмæй дыууæ бæстæйы æмбæстæгтæн сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кæнæм. Афтæ ма нæм егъау куыст æнхъæлмæ кæсы нæ бæстæты хæдбардзинад банымайыны фæдыл. Уый тыххæй мах хъуамæ нæ тыхтæ баиу кæнæм æмæ æппæт зындзинæдтыл иумæ фæтых уæм», – банысан кодта Леонид Пасечник. Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг ма куыд загъта, афтæмæй тынг ныллæг æмвæзадыл ис сæ бæстæйы экономикæйы райрæзт. Фæлæ æппæт дæр араздзысты, цæмæй ацы къабазы дæр хъуыддаг размæ ацæуа. «Уæ республикæйы территорийыл нын цы иумиаг куыстуæттæ ис, уыдон сты дыууæ республикæйы æмахастыты райдиан. Не зноны фембæлды рæстæджы ма ныхас цыд хъалонтæ исыны фарстатыл, уымæн æмæ йæ уæлдæр куыд загътон, афтæмæй мах стæм æвзонг падзахад, æмæ нæм бирæ фарстатæ сæвзæрд алы фадыджы дæр. Уымæ гæсгæ нын тынг цымыдисон у, нæ хуссайраг коллегæтæ ацы фарстатæ куыд скъуыдзаг кæнынц, уый базонын», – банысан кодта Леонид Пасечник.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.