Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты студентон клуб «Аполлон» байгом кодта йæ балцыты сезон рагондæр хъæутæй сæ иу Эграйæ, кæцы ис Знауыры æмæ Цхинвалы районты арæнгæрон.  Клубы къухдариуæггæнæг Къацты Олеся куыд радзырдта, афтæмæй балцы хайад райстой 35 студентæй фылдæр.

«Мах уыдыстæм рагондæр хъæу Эграйы алфæмблай, кæцы абоны онг нал уæвынад кæны. Баззад ма дзы æрмæстдæр кувæндоны пырхæнтæ. Мах уым ссардтам зæппадз, кæцы бахъахъхъæд æрцыд. Дæргъвæтин  рæстæджы дæргъы «Аполлон» фыццаг хатт ацыд Эграйы ‘рдæм, уым ис тынг рæсугъд хъæд, æнахуыр рæсугъд æрдз»,- загъта Къацты Олеся.

Олеся ма куыд банысан кодта, афтæмæй балц организацигонд æрцыд уый тыххæй дæр, цæмæй сбæрæг уыдаит студентты фæразондзинад.

«Ацы балцы студентты акодтам уый тыххæй, цæмæй сбæрæг кодтаиккам, сæ бон суыдзæн даргъ фæндагыл ацæуын, æви нæ. Уыдон сæхи равдыстой хорз, уыдысты тынг коммæгæс. План ма кæнæм иу боны æмгъуыдмæ ахæм балцыты ацæуын. Æмæ куы фæхъармдæр уа, уæд гæнæн уыдзæн палаткæтæ æвæрынæн, æмæ организаци райдайдзыстæм æххæст балцытæ»,- загъта Къацты Олеся.

Клуб «Аполлон»-ы уæнг, РХИ-йы Культурæйы министрады культурон бынтæ  хъахъхъæныны хайады сæйраг специалист Гобозты Давид куыд радзырдта, афтæмæй Эграйы хъæуы цардысты Цхуырбаты, Гæззаты æмæ Тыджыты мыггæгтæ.

«Эграйы кувæндоны тыххæй информаци ис тынг цъус æмæ сæ æмбырд кæнæм, куыд нæ бон у, афтæ. Нæ хайады хæс у, цæмæй  дзы фылдæр зонæнтæ нæ къухы бафта. Раздæр, советон рæстæджы, экспедициты куы цыдысты, уæд семæ акодтой нывгæнджыты, кæцытæ-иу сныв кодтой цыртыты, æмæ уый уыд егъау информаци цыртдзæвæны тыххæй. Ныр та мах нывисæнтæй фæисæм цыртдзæвæнты нывтæ. Уый фæахъаз уыдзæн фидæны фæлтæртæн егъау информаци радтынæн.

Гобозты Давид ма банысан кодта, зæгъгæ, клуб «Аполлон»-ы уæнгтæ балцыты ацæуын куы сплан кæнынц, уæд сын уый, куыд Культурæйы министрады цыртдзæвæнтæ хъахъхъæныны хайады кусæг,  афтæ   равзары маршруттæ. Уырдæм ацæугæйæ, уыдон сæхи цæстæй фенынц культурон бынты объектты æмæ банкъарынц нæ фыдæлты æгъдæуттæ æмæ традициты.

ХИПУ-йы историон факультеты 5-æм курсы студенткæ Дриаты Аннæ клуб «Аполлон»-имæ балцы ацыд фыццаг хатт. Уый нын радзырдта йæ тæлмæнтæ.

«Тынг фæцыд мæ зæрдæмæ ацы балц. Нæ фæндаг уыд Зар-Эгра-Чъешиат-Хъорнис-Бехъмары хъæутыл. Кæд нæ фæндаг дард уыд, уæддæр клубы уæнгтæ уыдысты хъæлдзæг, нæ командæ кæрæдзи æмбæрста, кæрæдзийæн зын уавæрты æххуыс кодтам. Эграйы хъæуы мах ссардтам рагон егъау кувæндон. Цымыдисон уый уыд, æмæ кæд кувæндонæй абоны онг йæ бындуры йеддæмæ ницыуал ис, уæддæр тынг хорз бахъахъхъæд æрцыдысты йæ дуртыл цы ирон орнаментты нывтæ уыдис, уыдон.

Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ мах балцы цæугæйæ немæ кæй ахастам брон æмбырдгæнæн голджытæ æмæ фæндагыл цы брæттæ уыд, уыдон æрæмбырд кодтам æмæ сæ æмбæлон бынатмæ фæхæццæ кодтам.

Стыр  бузныг зæгъын клуб «Аполлон»-ы уæнгтæн, ацы цымыдисон балцытæ чи организаци кæны, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр», – радзырдта нын Дриаты Аннæ.

Кокайты З.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.