15-æм декабры нæ республикæйы банысан кæнынц Энергетикы бон. Ацы къабазы кусджытæй бирæ кæнгæ у нæ экономикæйы рæзт, адæмы царды æмвæзад бæрзонддæр кæныны. Мах нæхиуыл бавзæрстам электроэнергийæ ифтонгады къуылымпытæ нын нæ царды цы зындзинæдтæ хастой, уыдон. Уыцы фыдрæстæджытæ фæстейæ баззадысты æмæ ныр æппæт дæр арæзт æрцыдис, цæмæй æрдзон карз уавæртæм нæ кæсгæйæ дæр электроэнергийæ æнæкъуылымпыйæ ифтонг цæуæм. «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон» уый фæдыл цы куыст кæны, цы проблемæтæ лæууы сæ разы, уыдоны фæдыл фарстытæн нын дзуапп радта йæ генералон директоры хæдивæг Гæбæраты Анатоли.

– Стыр цау уыдис Рукъы тъунелыл  резервон электрохахх саразын. Куыд бандавдзæн  уый уæ куыстыл?

– Зæгъын хъæуы уый æмæ ацы хъуыддаг стыр цау кæй уыдис нæ республикæйы царды. Йæ арæзтадæн фæрæзтæ рахицæн æрцыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Уый эксплуатацимæ радтын бирæ-бæрцæй бандавдзæн нæ экономикæйы æнæкъуылымпыйæ рæзтыл, нæ цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæныныл. Нæ организацийыл дзырд куы цæуа, уæд нæ куыст дæр бирæ фенцондæр уыдзæн. Сæйраджы сæйраг та нæ кусджыты нал хъæудзæн зымæгон карз уавæрты аваритæ иуварс кæныны сæр. Ахæм цаутæ-иу арæх кæй уыд, уый мæгуырауæрдæм æндæвта адæмы цардыл.

– Бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фиддонтæ куыд æмбырд цæуынц?

– Фаронимæ абаргæйæ чысыл фæкъаддæр сты. Уымæн та йæ аххоссаг у ацы æнæхайыры пандеми, уый тыххæй чысыл бакъуылыпы фиддонтæ æмбырд кæныны хъуыддаг. Æмæ уый æмбæрстгонд дæр у, нæ контролертæн дæр тæссаг уыд хæдзарæй хæдзармæ цæуын, стæй, цæрджытæ сæхæдæг дæр тыхст уыдысты. Афтæмæй зын уыд искæй хæдзары къæсæрыл балæууын. Фæлæ, уæддæр, мæн ныфс ис, уавæр кæй рараст уыдзæнис ацы мæйы кæронмæ. Уымæн æмæ цæрджытæ сæхæдæг фæтыхсынц  Ног азы размæ сæ фиддонтæ бафидыныл.

– Сусæггаг нæу, бирæтæ фыдаудæн кæй фæкæнынц, кæй давынц электроэнерги. Ахæмтæй кæй рабæрæг кæнут, уыдоны ныхмæ цахæм мадзæлттæ райсут?

– Ууыл архайæм æппæт амæлттæй дæр. Электронымайæнтæ хæссæм æддæмæ. Сæрмагонд хæдзæртты рахаст æрцыдысты, ныр архайæм бирæуæладзыгон хæдзæрттæй дæр сæ рахæссыныл. Фæлæ дзы уæддæр вæййы давыны цаутæ æмæ кæй рабæрæг кæнæм æмæ  сæ хæстæ 3-5 минæй уæлæмæ кæмæн схизынц, уы-доныл саразæм акттæ æмæ сын сæ хъуыддæгтæ равзарынмæ адæттæм тæрхондонмæ, проку-ратурæмæ. Махæн сæ æгæрыстæмæй фæивар кæнын дæр нæу нæ бон. Ивар сæ кæнынц мах цы акттæ саразæм, уыдонмæ гæсгæ. Раздæр та сæ нæхæдæг ивар кодтам.

– Æмæ электроэнергийæн чи нæ фиды, уыдонæн сæ рухс ахицæн кæныны бар дæр нæй?

– Ис нын уый бар, фæлæ уал сæ развæлгъау бафæдзæхсæм, цæмæй сæ рæстæгыл бафидой.

– Куыд фидынц сæ хæстæ организацитæ æмæ куыстуæттæ та?

– Хæдзарадон ахыгъдыл чи сты (ома хозрасчетон), ахæм организацитæн вæййы хæстæ, фæлæ уыдон дæр куынæ фæархайынц сæ бафидыныл, уæд сæ, кæй зæгъын æй хъæуы, ахицæн кæнæм. Бюджетон организацитæ фидынц, уыдонимæ нæй проблемæтæ.

– Районтæй бахардзгонд электроэнергийы тыххæй фиддонтæ фидыны уавæр хуыздæр кæм у?

– Ацы хъуыддаджы иууыл активондæр сты Ленингоры районы цæрджытæ. Цхинвалы район дæр архайы ацы хъуыддагыл, кæд дзы къуылымпытæ ис, уæддæр. Фæлæ Дзау æмæ Знауыры районы цæрджытæ цæмæдæр гæсгæ сæхи  нæ тыхсын кæнынц. Лæмæгъ у хъуыддаг ацы дыууæ районы. Адæм та хъуамæ æмбарой, элекроэнерги мах кæй исæм Уæрæсейæ, нæхи электроэнерги нын нæй, стæй нын куы уа, уæддæр цас бахардз кодтай, уый тыххæй фидын хъæуы фиддонтæ.

Нæ республикæйы ис ахæм адæймæгтæ, кæцытæ пайда кæнынц льготæтæй?

– Кæй зæгъын æй хъæуы, ис нæм ахæм адæймæгтæ дæр. Фæлæ уыдон мах нæ бæлвырд кæнæм, сæ номхыгъдтæ нæм радæттынц пенсион фондæй æмæ РХИ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрадæй. Ахæм категоритæм  хауынц, 80 азæй фылдæр кæуыл цæуы, стæй фыццаг къорды инвалидтæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæ.

– Нæ республикæйы ма разындзæнис ахæм хъæутæ, электрохæххытæ уагъд кæдæм не `рцыдис?

– Иунæг ахæм хъæу дæр нæм нæ баззадис. Фæлæ ис ахæм хъæутæ, кæцыты цæрæг нæй æмæ дзы чи фæлыгъдысты, уыдон кæддæр иухатт сæрдыгон рæстæджы куы баздæхынц, уæд нæм ахæм адæймæгтæ æрбацæуынц  æмæ фæдомынц, цæмæй сæм рухс бауадзæм. Фæлæ сын нырма сæ домæнтæ сæххæст кæнын нæ бон нæу – хъæуы бирæ фæрæзтæ æмæ кусæгдых.

– Куыд зонæм, афтæмæй Инвестпрограммæйы фæлгæт-ты нæ республикæйы ногæй ивд цыдысты районты бирæ хъæуты электроцæджындзтæ, æвæрд цыдысты трансформатортæ. Кæм уын фылдæр бантыстис уыдон баивын æмæ ма аразинæгтæ цас баззадис бакæнинаг?

– Бирæ нын бантыст, фæлæ нырма аразинæгтæ дæр бирæ ис. Бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы,чизоны та ахæм фадат фæзына. Фæлæ махæн нæхи фæрæзтæй ахæм стыр куыс-тытæ сæххæст кæнын нæ бон нæу. Ацы аз нын нæхи фæрæзтæй бантыст хосгæнæндон Нагутнимæ рухс бауадзын. Уырдæм рухс  бауадзыныл рагæй цыдис дзырд. Æмæ йæ бауадзын æнæмæнгхъæуæг уыдис. Уый мæнмæ гæсгæ стыр хъуыддаг уыд. Ныр нал тыхсдзысты улæфджытæ æмæ йæ сырæзт нæхицæн дæр æхсызгон уыд. Ацы электрохаххæн йæ дæрддзæг у 10 километры. Цæджындзтæ  та дзы  бахъуыд 240 бæрц.

– Горæты дæр куыст цæуы зæронд телцæджындзтæ ногтæй баивыныл…

– Горæты цы уынгтæ арæзт æрцæуынц, уымыты сæ баивынц алюмин цæджындзтæй. Раздæр уыцы куыстытæ мах кодтам, фæлæ сæ ныр аразджытæ сæхæдæг æххæст кæнынц.

– Цы хæстæ æрæмбырд вæййы Уæрæсейы раз, уыдон куыд бафидут?

– Æмбæхсинаг нæу хæстæ ныл кæй вæййы, уый. Уыдон, Хуыцау сын хорз ракæнæт, уæддæр бацæуынц нæ уавæры æмæ сæ цадæггай бафидæм. Фæлæ мæ фæнды, цæмæй алчидæр æмбара ацы хъуыддаг, фыдаудæн ма кæной æмæ сæ хæстæ рæстæгыл фидой.

– Уæ материалон-техникон базæ та цахæм уавæры ис?

– Раппæлинагæй нæм ницы ис. Æвзæр уавæры стæм. Нæй нæм телцæджындзтæ  æмæ сæ цæмæй балхæнæм, ахæм фæрæзтæ дæр нæм нæй. Мах, сæйраджыдæр, архайæм фиддонтæй цы фæрæзтæ райсæм, уыдонæй, йе ʻххуысы къух нæм фæдары нæ республикæйы разамынад дæр.

– Куыд ифтонг стут кадртæй та?

– Кадрты цухдзинад дæр æййафæм. Цалдæр æвзонг лæппуйы райстам, фæлæ сæм нæма ис фæлтæрддзинад, хъæуы сæ ахуыр кæнын. РХИ-йы Ахуырады министрады æххуысæй сæ арвитдзыстæм Ставраполмæ ахуыр кæнынмæ. Арвитæм дзы Дзæуджыхъæумæ дæр.

– 15-æм декабры нысан цæуы Энергетикы бон. Дæ зæрдæ цы зæгъы уæ куыстуаты кусджытæн?

– Фыццаджыдæр мæ уыдонæн бафæнддзæнис сæ бинонтимæ æнæниздзинад, æмæ уой амондджын. Райгонд уæд сæ цардæй æмæ сæ куыстæй. Адæмæн рухс кæнынц сæ цард æмæ рухс цард кæнæт сæхæдæг дæр.

            БЕСТАУТЫ  Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.