Æхсæнадæмон форум «Хуссар Ирыстон. Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй республикæйы хæдбардзинады банымады 15 азы»-йы фæлгæтты цы тымбыл фынг ауагъдæуыд «Сабырдзинады 15 азы», зæгъгæ, уым хайад райстой РХИ-йы сгуыхт журналист, РХИ-йы Журналистты цæдисы сæрдар, РХИ-йы Парламенты Информацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг Харебаты Батрадз æфсæддон уацхæссæг, RTD-йы продюсер (Мæскуы) Гусаров Руслан, Хуссар Ирыстоны медиа-центры президент, æппæтиумæйаг историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Гаглойты Иринæ Юрийы чызг; политконсультант, психолог, PR æмæ GR-ы фæдыл эксперт, Æхсæнадимæ бастдзинæдты фæдыл уæрæсейаг ассоциацийы политтехнологиты фæдыл комитеты уæнг, культурæйы фадыджы креативон проектты автор Август Аленæ (Мæскуы); РХИ-йы Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг, ХИПУ-йы æмбæстагон барады кафедрæйы доцент, политикон парти «Фыдыбæстæ»-йы сæрдар Гобозты Вячеслав, Республикæ Хуссар Ирыстоны Компартийы сæрдар Коцты Станислав Яковы фырт, РХИ-йы Парламенты вице-спикер Гасситы Петр Леониды фырт, ХИПУ-йы лектортæ, студенттæ, Хицауады бæрнон адæймæгтæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

ДУНЕЙÆН ФЕХЪУСЫН КÆНЫН ХЪÆУЫ НÆ РЕСПУБЛИКÆЙЫ РАЗМÆЦЫД

Тымбыл фынджы райдайæны университеты ректор Тедеты Вадим арфæйы ныхæстæ загъта дзыллон информацийы фæрæзты кусджытæн.

«Уæ фæрцы дуне базыдта, Хуссар Ирыстон цы уавæры уыд, цы дзы цыд, æппæт уыдæттæ. Ныр та журналисттæ дунейы дзыллæйады размæ хъуамæ хæссой, нæ республикæ куыд рæзы, цы дзы цæуы, дунейæн хъуамæ фенын кæной абоны республикæйы. Хуссар Ирыстон у æвзонг демократон республикæ æмæ æппæт дуне хъуамæ зоной æмæ феной, нырма знон сæфты къахыл цы республикæ лæууыд, уый абон дидин кæй æфтауы Уæрæсейы Федерацийы æххуысæй, кæцы йæ ифтонг кæны æппæтæй, уыцы нымæцы сабырдзинадæй дæр, æмæ не ‘мбæстæгты руаджы дæр», – загъта Тедеты Вадим.

ГÆНÆН ИС, РЕСПУБЛИКÆ СУА РÆЗТЫ ЛОКОМОТИВ

Йæ рады философ, Евразиаг экономикон цæдисы институты директор Лепехин Владимир радзырдта конфликтты сæвзæрды аххосæгты тыххæй, банысан кодта нæ республикæйы экономикон рæзты перспективæтæ.

Загъта, зæгъгæ, Уæрæсе фæнд кæны Донбассы æмæ Хуссар Ирыстоны пилотон зонæтæ саразын. Постсоветон тыгъдады хицæн регионты пилотон проекттæ райдайынæн иууыл хуыздæр уавæры ис Хуссар Ирыстон. Ома, нæ республикæйы экономикон рæзты проекттæ реализацигонд куы æрцæуой, уæд, гæнæн ис, Хуссар Ирыстон суа рæзты локомотив æмæ цæвиттон уа æнæхъæн Уæрæсейæн. Уымæн æмæ Хуссар Ирыстоны ис хæдхуыз автономи æмæ рæстдзинадмæ тырнындзинад.

 «ПАДДЗАХАДЫ СЫРÆЗТЫ ХЪУЫДДАДЖЫ ДЗЫЛЛОН ИНФОРМАЦИЙЫ ФÆРÆЗТЫ РОЛЬ»

Хуссар Ирыстоны журналистты цæдисы сæрдар Харебаты Батрадз йæ доклады банысан кодта, зæгъгæ, Гамсахурдияйы раппæрстæй æмæ Гуырдзыстоны сæргъ Шеварднадзейы æрлæудæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ архайдæй ницы фæивта. Ахæм уавæрты скъуыддзаг æрцыд Информаци æмæ мыхуыры, рауагъдады æмæ чынгуытæй базар кæныны министрад саразын.

Хæст йæ тæккæ тæмæны куы уыд, уæд сырæзтысты Фæсарæйнаг хъуыддæгты æмæ Хъахъхъæнынады министрадтæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ Хуссар Ирыстоны адæм фидарæй зыдтой, кæдæм тырнынц, уый.

Уæд Информаци æмæ мыхуыры министрады къухдариуæггæнæг уыд Коцты Станислав. Уыцы рæстæджы мыхуырæй рацыд уырыссаг газет «Южная Осетия» дæр, кусын райдыдта национ телеуынынад, сырæзт информацион агентад.

Фыццаг хæсты рæстæджы куыст алы æгъдауæй дæр æндæргъуызон уыд. Нæ республикæмæ дыууæ азы дæргъы æрцыд 1500 журналисты 56 бæстæйæ. Журналисттæн сæ фылдæр уыдысты Уæрæсейæ. Республикæйы уавæртæ кæй нæ уыд, уый тыххæй-иу журналисттæ райсомæй æрцыдысты æмæ-иу изæры фæстæмæ аздæхтысты.

Ахæм уавæрты рæзтысты журналистикæйы ног кадртæ, æрцыдысты, журналисты дæсныйад кæмæ нæ уыд, ахæм ног адæймæгтæ дæр. Раздæр кæд Журналистты цæдисы уыд 46 адæймаджы, уæд ныр та сты 200-йы бæрц. Æниу, хъуыддаг нымæцы нæй, фæлæ – гъæды. Журналистикæмæ æрбацыдысты, сæрибарæй чи хъуыды кæны, ахæмтæ, оригиналон идеятимæ, ног техникæимæ архайын чи зыдта, ахæмтæ.

Журналисттæ активонæй кæй куыстой æмæ раст информаци кæй лæвæрдтой, уый  руаджы дуне базыдтой Хуссар Ирыстоны трагикон цауты. Уыдон ахæм информаци лæвæрдтой, æмæ уыцы цауты мацæмæ æрдарын зын уыд. Журналистты ахæм куысты руаджы Сочийы къухтæ æрфыстæуыд Дагомысы сразыдзинадыл æмæ нæ республикæмæ æрцыдысты фидауынгæнæг тыхтæ.

 «2008 АЗЫ  УРОКТÆ»

2002-2009 азты РХИ-йы Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты сæрдар, Хуссар Ирыстоны хæдбар телеуынынады фыццаг сæйраг редактор, ныр та Медиа-центр «Ир»-ы президент æмæ ХИПУ-йы Æппæтиумæйаг историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Гаглойты Иринæ.

«2008 азы 26 августы онг  дæргъвæтин у нæ националон сæрибаргæнæн тохы истори. Уый райдыдта ивгъуыд æнусы 80 – 90-æм азты. Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй  нæ паддзахадон хæдбардзинады банымады тыххæй хъæуы дзурын, æмæ йыл дзурæм æмæ дзурдзыстæм», – загъта уый æмæ банысан кодта, зæгъгæ, 80-æм азты кæрон националон-сæрибаргæнæн тохы райдайæны Хуссар Ирыстоны адæм равзæрстой Уæрæсейы æрдæм ориентацийы курс. Республикæйы алкæмæн дæр уыд иунæг – Уæрæсеи-мæ æмзонд позици.

26 август Хуссар Ирыстоны историмæ ба-цыд, куыд националон нысаниуæджы цау, афтæ. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ Уæрæсейы Федерацийæн дæр уыцы цау ахс-джиаг уыд, уымæн æмæ нæ республикæйы хæдбардзинады банымад фенын кодта, кæй ис æхсæнадæмон барад æмæ дзы хъæуы спайда кæнын.

«Хæсты рæстæджы информацион ресурсты мобилизаци уникалон уыд, уымæн æмæ нын кæд ницы уавæртæ уыд, уæддæр архайдтам, цæмæй дунейæн фехъусын кæнæм нæ рæстдзинад, нæ уавæр. Журналистон корпус куыста, куыд иу организм, афтæ. Уæрæсейы Федерацийы журналисттæ нын стыр æххуыс кодтой, мах цардыстæм иу бинонтау. Мах тыххæй чысыл дæр чи радзырдтаид, уыцы информацион фæрæзтæй алкæцыимæ дæр куыстам. Æз афтæ нымайын, æмæ уый раст уыд», – банысан кодта Гаглойты Иринæ.

«НОГ РЕСПУБЛИКÆТЫ ФЕНОМЕН ÆМÆ СÆ РÆЗТЫ ПЕРСПЕКТИВÆТÆ»

Йæ рады раныхас кодта зындгонд журналист æмæ æфсæддон уацхæссæг Руслан Гусаров

«Экстремалон журналистикæйы кæддæриддæр вæййы, цæуыл адзурай, цы равдисай, уыдæттæ. Бæлвырддæр зæгъгæйæ та дзы ис бирæ эмоцитæ. Фæлæ сабырады темæйыл уынаффæ кæныны хъуыддаджы æз фыццаг хатт исын хайад. «Сабырады 15 азы» – нæ йæ зонын ацы темæ чи æрымысыд, кæмæ сæвзæрд уыцы хъуыды, фæлæ уый тынг хорз хъуыды у, уымæн æмæ мах арæх дзурæм хæсты аххосæгтыл, цъус та дзурæм, сабыр цæрыны фадат нын цы дæтты, уыдæттыл. Æвæццæгæн, нæ стратегион рæдыд дæр уый мидæг ис. Уыцы æвæрццаг фæлтæрддзинадæй дæр спайда кæнын хъæуы. Уый дæр тынг ахсджиаг у.

Республикæ Хуссар Ирыстоны 15 азы сабыр цард кæй ис, уый æрмæст республикæйы æнтыст нæу, фæлæ иууыл къаддæр у регионалон масштабы æнтыст. Уыцы фæлтæрддзинадæн хъæуы анализ скæнын, рахатын æмæ йæ бамбарын.

Æфсæддон уацхæссæг бахахх кодта сабырадон процессы дзыллон информацийы фæрæзты бæрзонд æмæ ахсджиаг роль.

«Журналистæн иууыл æнцондæр у трагикон, криминалон, экстремалон цаутæ дунейы размæ хæссын, фæлæ æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ информацион боны фæтк хъуамæ арæзт цæуа, нæхæдæг цы цаутæ аразæм, уыдонæй. Дæхæдæг цауты хайадисæг куы суай, уæд дын æнцондæр уыдзæн уыцы цауыл фыссын æмæ йæ равдисын. Уый баст у экономикæимæ дæр. Саразын хъæуы экономикон проекттæ дæр, комментаритæ аразын хъæуы дунеон цаутæн, фæлæ фыццаджы-фыццаг та дзурын хъæуы бынæттон цаутыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, саразын хъæуы ахæм мадзал, кæцы цымыдисон уыдзæн бынæттон цæрджытæн дæр æмæ сыхæгтæн дæр. Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ нæ форум у уыцы мадзæлттæй сæ иу», – загъта журналист.

Уый хъусдард аздæхта, не ‘мбæстæгтæй уæрæсейаг журналисттимæ чи куыста, уыдонмæ.

«Журналисттæ-иу æрцыдысты Хуссар Ирыстонмæ, цыран нæ уыд ницыхуызон инфраструктурæ. Уыдон архайдтой, цæмæй цырд-цырд акусой æмæ Дзæуджыхъæумæ аздæхой. Фæлæ мах æрцыдыстæм æмæ ам баззадыстæм. Уымæй дæр НТВ-йы Цæгаткавказаг центры къухдариуæггæнæг уæвгæйæ, æз фыццаг хатт Хуссар Ирыстонмæ æрцыдтæн 2004 азы июны. Æз æй уæд бамбæрстон, ам дæр кæй кусдзынæн. Мах цалдæр боны æмгъуыдмæ æрцыдыстæм æмæ фыццаг бонæй баиу стæм бынæттон æхсæнадимæ, ныхас кодтам адæмимæ. Цардыстæм ам, нæ лæппутæй чидæртæ сæ улæфты рæстæджы дæр ам баззадысты. Мах райста Гаглойты Иринæ йæ командамæ. Куыстам «Рес»-ы чызджытимæ», – дзырдта Гусаров.

Хуссарирыстойнаг паддзахадон структурæтæй уыцы вазыгджын уавæрты  информацион политикæйыл чи куыста, уыдон  фæлтæрддзинад  у сахуыр кæныны аккаг, æгæрыстæмæй, ныртæккæйы информацион вакуумы æмæ проблемæты фæдыл практикон уынаффæтæ дæттыны аккаг.

«Мах уыцы хъуыддаг никуы ферох кæндзыстæм. Æмбæрстам куысты уæззаудзинад, фæлæ архайдтам, цæмæй журналисттимæ адæм фылдæр ныхас кодтаиккой. Мах дæр æнкъардтам уæлæмхас бæрндзинад æмæ æнкъардтам нæхимæ уæлдай хъусдард. Уыдтам, адæм кæй тыхстысты, æмбæлон æххуыс бакæнын нын сæ бон кæй нæ уыд цæрæнуаты, цардуагон уавæрты хъуыддаджы, уый тыххæй», – банысан кодта   Руслан Гусаров.

ЦХИНВАЙЛАГ ГЕОПОЛИТИКОН АРÆН 15 АЗЫ РАЗМÆ

Гобозты Вячеслав куыд радзырдта, афтæмæй 2008 азы августы Хуссар Ирыстоны ныхмæ агресси, уый фæстæ та Уæрæсейы Федерацийы æрдыгæй нæ республикæйы паддзахадон хæдбардзинады банымад уыдысты цæстуынгæ дæнцæг ног, масштабон геополитикон тенденцитæн, кæцытæ гъæдджынæй ивтой дунейы хуыз.

Сабырады 15 аз æрмæст регионалон масштабы стыр æнтыст нæу, фæлæ йыл бирæ цаутæ  æндавынц. Цæмæй сабырдзинад дæргъвæтин рæстæджы уа, уый тыххæй нæ хъæуы рох кæнын, 15 азы размæ цы цаутæ цыд, уыдон фæлтæрддзинад. Уыцы цаутæн анализ саразгæйæ, бамбарæн ис, абон дунейы цы цаутæ цæуы, уыдонæн, уыцы нымæцы Украинæйы трагикон цаутæн дæр.

Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ бæлвырд кæнын нæ хъæуы Хуссар Ирыстоны ныхмæ Гуырдзыстоны агресси локалон конфликт кæй нæ уыд. Æниу, Гуырдзыстоны адвокаттæ тынг архайдтой, цæмæй сбæлвырд кодтаиккой, уыцы цаутæ æнæ адекватон гуырдзиаг диктаторы æмæ гуырдзиаг адæмы национал-шовинистон идеологийы аххосæгтæ кæй уыдысты. Уыцы цауты æцæг сценари аразджытæ та уыдысты ноджы тыхджындæр тыхтæ, кæцытæн уыцы конфликт уыд сæ глобалон хъазты иу элемент. Уыцы хъазт дарддæр цæуы абон дæр.

2008 азы августы хæсты фæстиуджытæ рауадысты глобалон. Абон гуырдзиаг агресси, Гуырдзыстоны тыхæй сабырдзинадмæ æркæнын, æмæ Уæрæсейы æрдыгæй нæ республикæйы хæдбардзинады банымад – уыдонæн схонæн ис цхинвайлаг геополитикон арæн, кæцы банысан кодта геополитикон ивындзинæдты райдайæн æмæ æнæмæнгдзинад, дунеон фæткы лæмæгъ бынæттæ æмæ цухдзинæдтæ.

Уыцы аххосæгтæй сæ иу у, Мæскуы йæ националон интерестæ кæй хъахъхъæны, уый тыххæй  АИШ æмæ ныгуылæйнаг бæстæтæ кæй тыхсынц, уый.

15 азы размæ АИШ дæр æмæ Ныгуылæны бæстæты дæр ног геополитикон реалиты бамбарын кæй нæ бафæндыд, уый сæ æркодта ног, ноджы стырдæр рæдыдтытæм Украинæйы. Уыцы рæдыдтытæн та ис системон характер.

Мæн уырны уый, æмæ, Ныгуылæн Украинæйы дæр куы фембылды уа, уæддæр нæ ныууадздзæн уыцы политикæ.

Ирыстоны адæмæн историйы ацы геопо-литикон арæн у ахæм, кæцыйы фæстиуæгæн 700 азы фæстæ дунейы картæйыл фæзынд нымад ирон паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстон.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.