Документалон киноныв «Сила»-йæ фæцис Цхинвалы фыццаг Дунеон гуманитарон форум. Кинонывы премьерæ 16-æм августы изæрæй æрбамбырд кодта тынг бирæ адæмы паддзахадон драмон театрмæ. Ардæм сæрмагондæй æрбацыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Гаглойты Аланы сæргълæудæй, Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, форумы хайадисджытæ æмæ 4-æм æфсæддон базæйы службæгæнджытæ.

Цытджын мадзал байгом кодта кинонывы автор Руслан Гусаров. Уый йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, йын тынг æхсызгон у, радон хатт Хуссар Ирыстоны зæххыл кæй ис æмæ йæ кæй нæ дих кæны Хуссар æмæ Цæгатыл, уый. Бирæ хъарм ныхæстæ загъта Ирыстон æмæ ирон адæмы тыххæй, æрымысыд 15 азы размæ хæсты йæ куысты рæстæг дæр. «Мæ зынаргъ хотæ æмæ æфсымæртæ, абон æз дунеон форумы фæлгæты дæн Хуссар Ирыстоны. Уый уагъд цæуы, Уæрæсейы Федераци Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад кæй банымадта, уыцы ахсджиаг бæрæгбоны сæраппонд. Журналисттæ æмæ эксперттæ тымбыл фынджы уæлхъус куыд загътой, афтæмæй Уæрæсе 2008-æм азы дунейæн йæ нысанмæздæхт архайдæй равдыста, политикон царды аккаг бынат кæй æрцахста æмæ фидарæй йæ ныхас кæй загъта, уый. Уæрæсейæн уый æцæгæйдæр уыд хъомысджын æмæ логикон къахдзæф, æмæ уымæй бамбарын кодта, ацы зæххæн хицау чи у, æмæ Уæрæсе хуссарирыстойнаг адæмы фарсмæ кæй ис, уый.

Абон æз уæ размæ хæссын, мæ коллегæтимæ кæй бацæттæ кодтам, уыцы документалон киноныв «Сила». Мæ хъуыдымæ гæсгæ, сымахæн дæр уыдзæнис цымыдисон, уымæн æмæ сымах дæр 15 азы размæ уæхиуыл бавзæрстат знаджы фыдракæндтæ, тугкалд æмæ стыр рис. Куыд сымах, афтæ мах дæр федтам хæст. Хуссар Ирыстоны сæрыл гуырдзиаг агрессорты ныхмæ чи хæцыд, уыдонæй та бирæтæ абон нацизмы ныхмæ тох кæнынц хæсты раззагон позициты Донбассы зæххыл. Уыдон абон Уæрæсейы æндæр бирæ нациты хæстонтимæ уæхски-уæхск æххæст кæнынц сæ æфсæддон хæс рæстдзинады сæраппонд. Нæ иудзинады не стыр тых кæй ис, уый рабæрæг ацы хъуыддаджы. Махæн нæ кинолентæ хæсты тыххæй нæу. Уым тугкалд не ‘вдисæм, нæй дзы æхстытæ, кæд дзы райхъуыса, уæддæр сты хæрз цъус. Киноныв у иу ахæм рæстдзинадыл, кæцы ныртæккæйы дуджы ис æмæ йæ адæм, æнæмæнгæй, хъуамæ зоной. Уымæн æмæ рæстдзинады ис стыр тых», – банысан кодта Руслан Гусаров. Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй йæ киноныв тæлмац æрцыд англисаг æвзагмæ æмæ йæ апарахат кодтой æндæр æмæ æндæр информацион каналты руаджы.

Кинонывы автор æвдисы Уæрæсейы бирæ регионты, куыд зæгъæм, Цæгат Ирыстон-Алани, Кузбасс, Дагъыстан, Белгороды область, Кемерово æмæ æндæр рæттæй бархионты къордтæ гуманитарон æххуыстæ куыд æрцæттæ кæнынц æмæ сæ хæстонтæм цы амæлттæй фæхæццæ кæнынц, уый. Кинойы хъайтартæ сты хуымæтæг адæм, фæлæ удæй рæсугъд æмæ хъæздыг. Сæ царды фыццаг рады сæвæрдтой хуымæтæг, фæлæ хъæбатыр хæстонты фарсмæ зæрдæйæ балæууын æмæ сын истæмæй баххуыс кæныны хæс, цæмæй хæстонтæ сæхи иппæрд ма ‘нхъæлой, æмæ куыд федтам, афтæмæй нæ фæрæдыдысты. Хæстонтæ ацы æххуыстæ райсгæйæ, раст, цыма, сæ бинонты фарсмæ сæхи хæдзæртты фестынц, уыйау бацин кæнынц сæ «хъарм лæвæрттыл» æмæ сæ арфæйы ныхæстæ æфсæддон уацхæсджыты руаджы сæмбæлын кæнынц сæ лæггадгæнджытыл.

Кино райдайы патриотикон зарæгмæ сылгоймаг къæбæлтæй цъында куыд бийы, уыцы кадртæй. Бархионтæй æндæртæ та хуыйынц хъарм спецдарæс, чидæртæ та бацархайдтой æмæ сарæзтой хæсты уавæртæн дзуапп чи дæтта, ахæм къаннæг пецтæ, маскировкæйæн æфсæддон хызтæ, цæттæ хæринæгтæ æмæ хæлц. Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны уæливыхтæфыцæн цехы нæ ирон хæстонтæн арæх æрцæттæ кæнынц алыгъуызон ссывдтытæ æмæ сæ фæхæццæ кæнынц рæстæгыл хæсты быдырмæ. Ирон æгъдауыл хæст лæппутæ æртæ уæливых æмæ дзаггарзæй, кæддæриддæр, сæхи бафæдзæхсынц Стыр Хуыцауыл æмæ раарфæ кæнынц лæггадгæнæг ирон сылгоймæгтæн. Уыдон æнæрахатгæ не сты, се ‘мтуг адæм сыл зæрдиагæй кæй тыхсынц æмæ сæ фарсмæ кæй сты æппынæдзух, уый. Кинонывы ирон тырысатæ æфсæддон машинæтыл сагъдæй куы федтам, уæд нын нæ зæрдæтæ тынгдæр бацагайдта. Знагæй нæ чи хъахъхъæны, уыцы хæстонтæ автортæн радзырдтой адæмы æххуыс, сывæллæтты арфæтæ æмæ иконæтæ куы райсынц, уæд сын уый цавæр тых дæтты æмæ сын ахæм æххуыстæ цас ахсджиаг сты, уыдæттæ. Уыдон дзырд дæттынц, дарддæр сæ мисси кæй æххæст кæндзысты райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, афтæ ма æгæрон кæй у сæ уарзондзинад Уæрæсемæ.

Форумы организатортæ æмæ хайадисджытæн арфæ ракодта нæ бæстæйы сæргълæууæг Гаглойты Алан. Уый стыр аргъ скодта кинонывæн æмæ банысан кодта, зæгъгæ, кæй дзы зыны Уæрæсейы Федерацийы бирæнационалон æмæ æфсымæрон республикæты иудзинад ныртæккæйы сæрбахъуыды рæстæджы. «Нæ паддзахадты ‘хсæн рагæй фæстæмæ ис сæрмагонд æфсымæрон ахастытæ. Ахсджиаг у, цæмæй мах политикæ æмæ экономикæйæ уæл-дай, æмгуыстад кæнæм гуманитарон фадыджы дæр. Хуымæтæг адæймагон ахастытæй ноджы тынгдæр æрбангом вæййынц нæ адæмтæ. Абон хуссарирыстойнаг адæмы зæрдыл лæууы 2008-æм азы хæст, ныр та ахæм хæстон цаутæ цæуынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы æмæ уым нæ хæстонтæ уæрæсейаг хæстонтимæ иумæ тох кæнынц знаджы ныхмæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг.

Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта Руслан Гусаров æмæ Вадим Гончаровы. Киноныв «Сила»-йы автор Руслан Гусаровæн радта Республикæ Хуссар Ирыстоны Сгуыхт журналисты кадджын ном. Вадим Гончаров та хорзæхджын æрцыд Хæлардзинады орденæй. Ацы дыууæ журналисты 2008 азы августы хæсты цауты тыххæй дунейыл парахат кодтой рæстдзинад. Гончаров сæрмагонд æфсæддон операцийы уæззау цæфтæ кæй фæцис, уымæ гæсгæ ныртæккæ цæуы реабилитаци æмæ йæ бон нæ бацис Цхинвалмæ æрцæуын. Фæлæ видеойы руаджы хуссарирыстойнаг адæмæн арфæ ракодта, рæхджы кæй нысан кæндзыстæм, уыцы стыр бæрæгбоны сæраппонд.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.