Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинад райсыны Акт йæ рæстæджы ссис хуссарирыстойнаг паддзахад аразыны сæйраг бындур. Уымæ гæсгæ 1992 азы 29 майы бон у нæ бæстæйы хæдбардзинады бон. Уымæн æмæ уыцы бонæй фæстæмæ райдыдта нæ хæдбар паддзахады истори. Хуссар Ирыстонæн уыцы нысаниуæгджын бонæй рацыд 30 азы. Уыцы азтæ семыдзаг сты ирд политикон цаутæй, бæстæйы хæрзæбонæн уæхскуæзæй куыст æмæ архайдæй æмæ ирон адæмы тохы фæндæгтæй сæрибардзинады сæрыл.

Ацы нысаниуæгджын боны цытæн нæ горæты медиа-центр «Ир»-ы уагъд æрцыд тымбыл фынг. Центры къухдариуæггæнæг Гаглойты Иринæйы ныхæстæм гæсгæ мах нæ зæрдыл хъуамæ дарæм нæ паддзахаддзинад цы историон цаутыл бындуриуæг кæны, уыдоныл æмæ сæ ма  хъуамæ рох кæнæм.

Тымбыл фынджы хайадисджытæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советы депутаттæ, кæцытæ хайад райстой бæстæйæн хъысмæтхæссæн документ райсыны хъуыддаджы, ныры Парламенты депутаттæ, æхсæнадон архайджытæ æмæ эксперттæ, ХИПУ-йы студенттæ.

Мадзал амонæг тымбыл фынджы хайадисджыты зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны паддзахаддзинад аразыныл йæ тыхтæ æмæ хъарутыл чи нæ ауæрста, уыдонæй бирæтæ, хъыгагæн, абон не ‘хсæн нал сты. Бахатыд æрæмбырдуæвджытæм, цæмæй ссарой уыдон рухс нæмттæ.

Парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеслав банысан кодта, 1992 азы 19 январы  цы референдум уагъд æрцыд, уый фæстиуджытæ юридикон æгъдауæй кæй бафидар кодта, уый фæстæ 29 майы цы Акт ист æрцыд, уый.

«1991 азы 21 декабры уагъд æрцыд РХИ-йы Уæлдæр Советы сесси, цыран ист æрцыд Хæдбардзинады тыххæй деклараци. Раст уæд ист æрцыд уынаффæ 19 январы референдум ауадзыны тыххæй. Референдуммæ хаст æрцыд дыууæ фарсты – хæдбардзинады æмæ Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыны тыххæй», – дзырдта партийы лидер.

Йæ ныхæстæм гæсгæ дзырд цыд ууыл, ома референдумы ‘руаджы Хуссар Ирыстоны адæмы раз æвæрд уыд республикæйы къухдариуæгады легитимон уæлдæр органы конкретон документ. Уæд хуссарирыстойнаг паддзахады бындуры политикон æмæ барадон тых уый мидæг уыд, æмæ фактон æгъдауæй æппæт æрцæуæг цаутæ æмæ процестæ легитимон æмæ легалон æгъдауæй уыдысты æмхуызон.

Партийы лидер ма æрдзырдта ацы аз 17 июлмæ снысангонд референдум ауадзыны тыххæй дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ахæм стыр æмæ ахсджиаг хъысмæтхæссæг нысаниуæг кæмæн ис, уыцы референдумæн хъуамæ уа бæрæг политикон æмæ барадон бындур æвæрд æмæ уа раст формæйыл конд.

«Референдумы цы фарст æвæрд ис, уый у: «Республикæ Хуссар Ирыстон Уæрæсейы Федерациимæ цæмæй баиу уа, уый фарс стут», – паддзахадты баиу у кæнæ ног паддзахады сырæзт кæнæ паддзахадты цæдисы сырæзт. Æмæ дзырд Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацæуыныл куынæ цæуа, уæд референдум ауадзынæн дæр мидис нæй», – банысан кодта ныхасгæнæг.

Зæрдыл æрлæууын кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны Конституцийы 10 статьяйы афтæ фыст ис: «Республикæ Хуссар Ирыстонæн бар ис æндæр бæстæты цæдисы скондмæ бацæуын æмæ йæ æххæстбарты хай æххæст кæнын цæдисон органтæн радтынæн».

Уымæ гæсгæ референдумы инициатортæ хъавыдысты кæнæ сæхи, кæнæ мах фæсайынмæ», – банысан кодта Гобозты Вячеслав.

Махæй сæрыстыр уыдзысты фидæны фæлтæртæ

Хуссар Ирыстоны Парламенты депутат Санахъоты Дауыт 1992 азы 29 майы бон банымадта ирон адæмы нырыккон историйы ахсджиагдæр бонтæй сæ иуыл. Мах, зæгъгæ, бæрзонд систам, кæддæр нын цы тырыса фæкъул, уый æмæ аразæм нæ паддзахад.

«Уыцы фæндагыл æмбæлæм бирæ проблемæтыл, фæлæ йæ зонæм, кæй сыл фæтых уыдзыстæм. Мах уырны, нæ адæммæ кæй разындзæн тыхтæ æмæ хъарутæ мобилизаци æмæ æндидзынадæн. 29 майы бон дæр у нæ адæмы фидардзинады бæлвырдгæнæн», – банысан кодта ныхасгæнæг.

30 азы фæстæ, зæгъгæ, мах сæ-рыстырæй мысæм бæстæйæн ацы хъысмæтскъуыддзаггæнæг къахдзæф чи сарæзта, уыдон. Йæ ныхæстæм гæсгæ уæды рæстæджы Республикæ чи расидт, уыдон сæхимæ цы бæрнон хæс райстой, уый æрæнцой кодта мах уæхсчытыл дæр. Æмæ къорд азты дæргъы, хæдбар паддзахадæй уæвыны бар хъахъхъæдтам хæцæнгарзимæ. Ныр та паддзахад уæвынæн нæ бартæ дарддæр æндæр методтæй хъуамæ бахъахъхъæнæм.

Ныфс бавæрдта, рагон проблемæтæ æрбæстон кæнынæн ног æууæлтæ кæй уыдзысты ахъазгæнæг.

«Республикæ Хуссар Ирыстон абоны онг у хæдбар суверенон паддзахад. Уæрæсейы Федераци æмæ ИНО-йы къорд бæстæтæ-хайадисджытæ банымадтой, дæргъвæтин рæстæджы цы хæдбардзинад хъахъхъæдтам, уый. Уый ныл æвæры ноджы стырдæр бæрндзинад. Нæ фидæны фæлтæрты, хæдбардзинады сæрыл йæхи нывондæн чи æрхаста, уыдон номыл мах хæсджын стæм нæ паддзахад фидар кæнын, кæцы тырны фидæнмæ, æмбæстæгты домындзинæдтæн эффективонæй дзуапп кæны, куыд мидæггаг политикон, афтæ æддагполитикон домæнтæн дæр», – банысан кодта депутат.

Зæрдыл æрлæууын кодта, 30 азы размæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады тыххæй Акт чи райста, уыдон кæй фенын кодтой сæ цард æмæ æдасдзинадæн тæссаг уавæрты фидæны тыххæй тохы иттæг хорз дæнцæг. Æмæ уыцы æвæджиаг хъуыддаг абон хъуамæ дарддæр кæнæм, уымæн æмæ у паддзахады ахсджиаг æмæ националон ирвæзынгæнæг хъуыддаг.

Истори, зæгъгæ, алыхатт ахæм фадæттæ нæ дæтты. Уыцы фадат ныртæккæ ис махæн, цæмæй сæндидзын кæнæм нæ паддзахад. Цыфæнды ва-зыгджын уавæрты дæр махæн бар нæй рæдийынæн æмæ къуыхцыдзинæдтæ æруадзынæн. Уый нын барст нæ уыдзæн фидæны фæлтæртæй дæр æмæ нæ историйæ дæр. Уымæ гæсгæ нæ паддзахаддзинад хъуамæ рæза æмæ фидардæр кæна.

«Паддзахад аразыны хъуыддаг дæргъвæтин æмæ æнæрлæугæ про-цесс у, уый никуы æрлæудзæн. Æмæ мæн ныфс ис, нæ фидæны фæлтæртæ махæй сæрыстыр кæй уыдзысты, абон мах 30 азы размæ Республикæ чи расидт, уыдонæй куыд сæрыстыр стæм, афтæ. Бонæй-бонмæ мах ноджы бæлвырддæрæй æмбарæм системæ ивыны ахсджиагдзинад. Уымæ гæсгæ махæй бирæ кæнгæ у, æнæрынцойæ нæ хъæуы кусын æмæ архайын бæстæйы хæрзæбонæн. Науæд тас у, нæ къухты егъау хъарутæй цы бафтыд, уыдон фесафынæн, нæ сæ-рибардзинады сæрыл йæхи нывондæн чи æрхаста, уыдон тох дзæлгъæды фæуынæй», – банысан кодта Санахъоты Дауыт.

Тымбыл фынджы рæстæджы ма докладтæ скодтой ХИПУ-йы студенттæ Коцты Аланæ æмæ Кокойты Каринæ – Хæдбардзинад Акт райсыны фæстæ Дагомысы уынаффæтæ æмæ Хуссар Ирыстоны ног историйы 1989 – 1990 азты цаутæ.

Мадзалы иннæ хайадисджытæ дæр рæгъмæ рахастой Хуссар Ирыстонæн ацы ахсджиаг документ райсыны егъау историон нысаниуæг æмæ дарддæры рæзты фæндиæгтæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ           

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.