Ахæм темæйыл: Медиа-центр «Ир»-ы ауагъдæуыд тымбыл фынг. Хайад дзы райстой республикæйы хицауиуæгады минæвæрттæ, депутаттæ, политологтæ, экономисттæ æмæ эксперттæ.

ГЕОПОЛИТИКОН УАВÆР

Мадзаламонæг, парти «Фыдыбæстæ»-йы лидер Гобозты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, 2022 аз уыд нысаниуæгджын æрмæст Хуссар Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт дунейы дæр.

Украинæйы цы цаутæ цæуы, уыдон, Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ рагæй ахызтысты хæстон операцийы фæлгæттæй. Цæвиттонæн æрхаста Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Сергей Лавровы ны-хæстæ: «Ацы хæст гибридон нал у, фæлæ у æцæг хæст, кæцыйы Уæрæсейы ныхмæ рагæй цæттæ кодта Ныгуылæн».

Гобозы фырты ныхæстæм гæсгæ, хæсты æрлæуд бирæбæрцæй баст у идеологион фактортимæ, эксперттæ цахæм политикон позицийыл лæуд уой, уыимæ. «Хæст æрлæудзæн æмæ дунейы картæйы æрцæудзæн стыр геополитикон ивындзинæдтæ». Уыцы ивындзинæдтæ æндавдзысты æрмæст æддагполитикон процесстыл нæ, фæлæ  ма бирæ бæстæты мидполитикон уавæры рæзтыл дæр.

Сæрмагонд хæстон операци бандæвта æмæ дарддæр дæр æндавы Хуссар Ирыстоны мидполитикон уавæрыл дæр. Сæрмагондæй та бандæвта 2022 азы РХИ-йы президентон æвзæрстытыл. Хуссар Ирыстоны алы хатт дæр президентон æвзæрстыты рæстæджы вæййы политикон кризис. Уый аххосæй æхсæнадæн фидæны лидермæ сæвзæры стыр домындзинад. Уымæй дæр кризис цас карздæр вæййы, уыйбæрц домæнтæ фылдæр вæййынц.

Абон ахсджиаг у, республикæйы къухдариуæгад раздæры цаутæй цавæр хатдзæгтæ  сараздзæн, уый. Фæлæ Президенты бахъæуы оперативон фарстатæ скъуыддзæг кæныны тых-хæй бирæ рæстæг хардз кæнын. Абон ахæм рæстæг æрлæууыд, æмæ хицауиуæгад хъуамæ сараза стратегион къахдзæфтæ æмæ æнæ къуылымпыйæ архайа бæрæг уавæртæм гæсгæ. Уымæн æмæ дунейы  уавæр кардиналонæй фæивта, æмæ уый тыххæй хъус лæмбынæг дарын хъæуы, цы цаутæ цæуы, уыдонмæ æмæ аразын хъæуы æмбæлон къахдзæфтæ.

Абоны боны уавæрты  Хуссар Ирыстоны адæмæн  ахсджиаг у æнгомдзинад, кæцыйы бындур у мидпартион диалог.

«Хорз уаид практикæйы биноныг куы æрцæуид национ иудзинады хицауады тыххæй Гаглойты Аланы фæндон», – банысан кодта Гобозты Вячеслав.

НАЦИОН КОНСЕНСУС

«Фæсхæсты рæстæгимæ  абаргæйæ, абоны боны Хуссар Ирыстоны уавæр вазыгджын у. 2008 азы фæстæ æртхъирæнтæ æмæ æвзидæнтæ фæкарздæр сты. Уый баст у, фарон цы геополитикон процесстæ райдыдтой, уыимæ. Уымæй дæр уыдонæн Хуссар Кавказы сæ тых фылдæрæй-фылдæр кæны. Æппæт процесстимæ иумæ Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы тыххæй ныхæстæ арæхæй-арæхдæр хъуысынц», – йæ рады банысан кодта  Президенты Аппараты Информацион-аналитикон управленийы сæргълæууæг, эксперт Уазæгты Юри.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, «ацы бæрнон дуджы республикæ фесæфта, 30 азы хæдбардзинады  рæстæджы цы фæлтæрддзинад æмбырд кодта, уый. Уæд-иу кризисон рæстæджыты политиктæ сæ амбицитæ ныууагътой æмæ-иу кæрæдзийы фарсмæ æрбалæууыдысты, æрбангом-иу сæ кодта сæйраг нысан. Абон мах хъæуы национ консенсус паддзахадон æдасдзинадмæ хауæг фарстаты фæдыл».

Фæстаг рæстæджы ныгуылæйнаг политикты сидтытæ æмæ комментаритæй бæрæг у, кæй фæнд кæнынц Фæскавказы, уыцы нымæцы Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы сæ политикæ фæактивондæр кæнын, уыцы регионтæй Уæрæсейы рассоныны тыххæй, цæмæй Хуссар Ирыстон æмæ Абхазыл контроль кæной, уый нысанæн. Гуырдзыстон æнæхъæн афæдз максималонæй  пайда кæны геополитикон уавæрæй, кæд дзы Ныгуылæн домы Уæрæсейы ныхмæ дыккаг фронт бакæнын, уæддæр кусы йæ экономикæйы рæзтыл. Фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны, æмæ Гуырдзыстон Уæрæсейы фарс хæцы. Нæ хуссайраг сыхаг йæ хъус лæмбынæг дары хæсты уавæрмæ æмæ йын исты фадат куы фæзына, уæд дзы спайда кæндзæн Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы фарст йæхи пайдайæн аскъуыддзаг кæнынæн. Уыимæ иумæ ма дызæрдыггаг у, йæ медицинон уагдæттæ кæй фылдæр æмæ уæрæх кæны, уый дæр.

Ивгъуыд азæн хатдзæгтæ аразгæйæ, Уазæгты Юри нысаниуæгджыныл банымадта Уæрæсеимæ æхсæнпарламентон æмгуысткæнынад.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы формат хъæуы рауæрæх æмæ фæарфдæр кæнын, уымæн æмæ истори куыд фенын кодта, афтæмæй æхсæнпарламентон ахастытæ республикæйæн алы хатт дæр пайда уыдысты.

Эксперт банысан кодта, Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадæн Уæрæсейы æмæ Абхазы  Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадтимæ цы контакттæ уыд, уыдон дæр.

«Уæрæсе, Абхаз æмæ Сирийы консультациты æртæфарсон механизмимæ Хуссар Ирыстон кæй баиу, уымæй йын хорз фадæттæ уыдзæн æд-дагполитикон контакттæ рауæрæх кæнынæн», – загъта Уазæгты Юри.

Экономикæйы фадыджы та рахицæн кодта 2025 азы онг Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзты программæ.

ХЪУСДАРД АЗДАХЫН ХЪÆУЫ АДÆМЫ ЦАРДЫ УАВÆРТÆМ

Депутат Санахъоты Давиды хъуыдымæ гæсгæ, 2022 аз хуымæтæджы аз нæ уыд æмæ иуæй-иу фарстаты тыххæй адæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыдон нæма  аскъуыддзаг сты. Уымæн та ис объективон æмæ субъективон аххосæгтæ. «Адæм хицауиуæгадмæ æнхъæлмæ кæсынц æдасдзинады æмвæзад фæхуыздæр кæнынмæ æмæ уымæ хъæуы хъусдард аздахын».

Депутат Бесаты Зитæйы ныхæстæм гæсгæ та бамбарын хъæуы раздæры хицауиуæгады халæн архайды гуырахст, кæцы ног къухдариуæгадæн фезмæлыны фадат нæ дæтты.

«Абон ног хицауиуæгады раз стыр хæстæ æвæрд ис. Уыдон хъæуы æвæстиатæй аскъуыддзаг кæнын. Уырны мæ, цадæггай скъуыддзаг цæудзысты. Фæлæ хъуамæ бамбарæм, нæ хъæуы æнхъæлмæ кæсын æрмæстдæр иу адæймаджы архайдмæ. Алчи дæр йæ бынаты хъуамæ куса, куыд æмбæлы, афтæ.  Куысты фæстиуæг дæр æрмæстдæр уæд разындзæн. Ивгъуыд аз Парламентæн фадат фæцис уæрæсейаг коллегæтимæ ахастытæ æрбæстон кæнынæн. Уый руаджы ныридæгæн нæ куысты пълан дæр бирæбæрцæй бæрæг у. Алы орган дæр йæ уæрæсейаг коллегæтимæ ахæм ахастытæ куы сфидар кæна, уæд нæ республикæйы  мидæггагон политикæ дæр размæ цæудзæн», – банысан кодта Бесаты Зитæ.

Абон геополитикон ивындзинæдтæ масштабонæй æндавынц нæ мидæггагон политикæйыл дæр æмæ æддагон политикæйыл дæр. Уый тыххæй иуæй-иу къахдзæфтæ  арæхстгай аразын хъæуы. Уымæн æмæ уыдон, гæнæн ис, сæ фæстæ расайой æнæмбæлон фактортæ.

Депутат куыд загъта, афтæмæй Президент цæттæ у алкæимæ кусынмæ дæр, адæймаг йæ командæйы уыд æви  нæ, уымæ нæ кæсгæйæ.

ХÆСТОН ДОКТРИНÆ

Республикæйы хъахъхъæнынады министры хæдивæг Сиукъаты Вадим радзырдта æфсæддон фадыджы  хъуыддæгты тыххæй.

Куыд банысан кодта, афтæмæй министрад сæ уæрæсейаг коллегæтимæ фембæлд аст хатты: Цхинвалы, Мæскуыйы, Воронежы, Краснодары, Петербурджы, Армавир æмæ Читайы.

«Ведомствойы архайды спектр уæрæх у, кусы дыууæварсон æмгуысткæнынады фæлгæтты. Уæрæсейаг коллегæтимæ фембæлдтытæн хорз фæстиуæг ис. Нæ ведомство нын ифтонг кæнынц хæстон техникæйæ, хæрзгъæд хæцæнгæрзты хуызтæй, нæмгуытæй. Цы техникæ нæм ис, уый дæр цалцæг кæнынц. Æдасдзинады æмæ паддзахадон суверенитеты тыххæй Хуссар Ирыстоны ис национ æдасдзинады концепци, уыцы нымæцы æддагон æдасдзинады дæр. Уыцы документы фæстæ хъуамæ арæзт уаид Хæстон доктринæ, фæлæ, хъыгагæн, уый нæй республикæйæн.

Сиукъаты Вадим ныфс бавæрдта, цыбыр рæстæджы, Президент Гаглойты Аланы  бахæсмæ  гæсгæ,  Хæстон доктринæ кæй бавдисдзысты Æдасдзинады советмæ æмæ  Президентмæ æмæ йæ Президент сфидар кæндзæн.

Йæ  ныхæстæм  гæсгæ,  Хæстон доктринæ сбæрæг кæндзæн Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты рæзты перспективæтæ, Кавказы регионы тенденци бахынцгæйæ. Ацы доктринæ бирæбæрцæй суыдзæн размæцыды ориентир.

Сæ хъуыдытæ мА загътой мадзалы  хайадисджытæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.