Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ацы аз æмбæстæгты райста фæстаг хатт. Уый байхъуыста 12 адæймаджы куырдиатмæ.

Фылдæр хатт, уæлдæр инстанцитæм бахатыны аххосæгтæ вæййынц цæрæнуатимæ, куыстæй ифтонг кæнынимæ æмæ æнæниздзинадимæ баст пробле-мæтæ, вæййы дзы коллективон куырдиæттæ дæр.

Шихантуры цæрджыты номæй Пухаты Эрикмæ бахатыд Цхуырбаты Николай. Уый радзырдта хъæуы доны цухдзинадимæ æмæ электроифтонгады хæххыты аваритимæ баст проблемæты тыххæй.

«Районты инфраструктурæ æндидзын кæнын у хицауады приоритетондæр хæстæй сæ иу. Фæн-дæгты, электроифтонгады, донифтонгады хæххыты арæзтад,  æппæт уыдæттæ, фæдфæдылонæй хаст цæуынц Инвестпрограммæмæ. Уым, кæй зæгъын æй хъæуы, ис Дзауы район дæр», – банысан кодта Пухаты Эрик.  Уый ма куыд загъта, афтæмæй районы Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады управленийы æппæт ацы проблемон фарстытæ нысан сты.

Республикæйы æххуысхъуаг æмбæстæгтæн дарддæр дæр æххуыс цæуы. Цхинвалы цæрæг Хъуылымбегты Еленæ бахатыд, цæмæй йын баххуыс кæной йæ хæдзары æмбæрзт сцалцæг кæнын æмæ йе ‘нæниздзинадимæ баст проблемæтæ аскъуыддзаг кæнынæн.

Хицауады Сæрдар банысан кодта, æнæмæнгхъæуæг кæй у профилон органтæм бахатын, сæйраджыдæр, социалон ифтонгады службæмæ.

«Æххуысхъуаг бинонтæн, кæнæ зын цардуагон уавæрты чи бахауд, уыдонæн æрвылмæй дæр Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрад рахицæн кæны æхцайы фæрæзтæ. Уыцы адресон æххуыс сын хатт свæййы иунæг фæрæз. Ныффыс куырдиат, æмæ йыл мах та конторль кæндзыстæм», – загъта уый.

Уыимæ Пухаты Эрик банысан кодта, æмбæстæгты куырдиæттимæ куыст кæй хъуамæ уа иууыл бæрзонд æмвæзадыл æппæт паддзахадон организациты.

«Афтæ вæййы, æмæ проблемæйæн  аскъуыддзаггæнæн вæййы йæ райдиан этапы, районы къухдариуæгад æмæ горæты хицауады æмвæзадыл, æмæ чиновникты равдисын фæхъæуы фердæхтдзинад, кæцытæ хъуамæ иу мæйы æмгъуыдмæ  сдзуапп кæной, уавæр бамбарын кæной. Кæд дзуапп нæ уа, кæнæ кæд æнæкомпетентон кусæг радта дзуапп, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, цæуын бахъæуы уæлдæр инстанцитæм фарст аскъуыдзаг кæныны тыххæй. Агурдзыстæм фарст скъуыддзаг кæныны варианттæ нæ хæсты фæлгæттты», – банысан кодта Хицауады Сæрдар.

Пухаты Эрик байхъуыста №29 æмæ №31-цæрæнуатон арæзтадон кооперативтæм æхцайы фæрæзтæ чи бахаста, уыцы æмбæстæгты хъастмæ, кæцытæн сæ хæдзæрттæ арæзт не ‘рцыдысты гуырдзыйы агрессийы аххосæй. Уынаффæ кæныны рæстæджы загъд æрцыд ахæм хъуыды, цæмæй уыдон цæрæнуат райсыны хицæн хыгъдмæ хаст æрцæуой.

Хицауады Сæрдар химæрайсты фæстиуджытæм гæсгæ бахæс кодта бæрнджын къухдариуæггæнгджытæн, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ баххуыс кæной æмбæстæгтæн сæ проблемæтæ аскъуыддзаг кæныны хъуыддаджы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.