РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли фембæлд Республикæ Хуссар Ирыстоны Адæмон нывгæнæг, Колыты Аксойы номыл аивæдты лицейы бындурæвæрæг æмæ æнаивгæ къухдариуæггæнæг Кæсойты Лаврентимæ.

Паддзахады сæргълæууæг нывгæнæгæн раарфæ кодта йæ 70 азы юбилейы цытæн æмæ йын бузныг загъта бирæ азты йе ‘нтысджын куыст æмæ Ирыстоны культурæ æмæ ахуырады рæзтмæ йе стыр хайбавæрды тыххæй. «Цыты аккаг у бирæ азты дæргъы дæ архайд. Дæу уарзынц æмæ дын аргъ кæнынц гыццылæй стырæй, аивæдты Лицейы коллективæй райдайгæйæ æмæ бирæнымæц рауагъдонтæй фæугæйæ. Уыдоны æнтыстытæ мах уынæм æрвылбонон царды»,- загъта Президент.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, æрæджы Мæскуыйы Уырыссаг аивæдты музейы Кæсойты Лаврентæн цы равдыст уыд, уымæн уыдис стыр æнтыст. Афтæ ма банысан кодта фæсарæнты æвдыст чи ‘рцыдысты, уыцы куыстыты ахсджиаг нысаниуæг. «Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ фæсарæнты дæ куыстыты равдыстæн кæй ис стыр нысаниуæг Хуссар Ирыстоны адæмæн æрмæст культурон æгъдауæй нæ, фæлæ ма политикон планы дæр. Аивады фæрцы базонынц Ирыстоны рагондæр истори æмæ культурæйы тыххæй, базонынц мах тыххæй дæр»,- загъта Бибылты Анатоли æмæ йæ юбилярæн бафæндыд уæлтæмæнад аивады арфæйаг хъуыддаджы æмæ сфæлдыстадон æнтыстытæ.

Кæсоты Лаврент дæр раарфæ кодта Президентæн, афтæ рæдауæй йæ кæй райста, уый тыххæй æмæ йын радзырдта йæ дарддæры сфæлдыстадон плæнтты тыххæй. «Бузныг дын зæгъын Мæскуыйы мæ равдыст сорганизаци кæнынæн де ‘ххуысы тыххæй. Ам республикæйы дæр мæ зæрды ис экспозициты равдыст саразын. Ныридæгæн бадзырдтон ХИПУ-йы ректор Тедеты Вадимимæ уæлдæр ахуырадон уагдоны равдыст саразыны тыххæй»,- радзырдта нывгæнæг.

Нывкæнынады аивады рæзтмæ йе стыр хайбавæрд, республикæйы фæсивæды æхсæн национ культурæ æмæ традицитæ пропагандæ кæнын æмæ йæ райгуырды 70 азы цытæн паддзахады сæргълæууæг Кæсойты Лавренты схорзæхджын кодта Кады орденæй.

РХИ- йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.