Æрæджы Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы уагъд æрцыд зынгæ ирон поэт, прозаик, драматург, публицист, тæлмацгæнæг æмæ йæ адæмыл æцæг патриот Джыккайты Шамилы мысæн изæр.  Хайад дзы райстой фысджытæ, ахуыргæндтæ, скъоладзаутæ, дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ.

Библиотекæйы чиныгкæсæн залы, æрæмбырдуæвджыты раз фыццаг раныхас кодта библиотекæйы директор Кокойты Валерия. Раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны кад æмæ ном æппынæдзух бæрзонд чи иста, æрвылбон дæр йæ адæмыл чи хъуыды кодта,  уыцы адæймæгтæй иу уыд Джыккайты Шамил. Шамил Ирыстон, ирон адæмы ‘хсæн стыр кад æмæ номмæ нæ тырныдта. Æрцыдысты йæм сæхæдæг, йæ куыст æмæ адæм-мæ йæ хорз ахасты фæрцы. Уыимæ ма раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъгæ, махæй алчи дæр Шамилы хуызæн хорз ахаст куы дарид нæ фыдæлтæй, йæ адæммæ,  уæд уый нæ адæмæн уаид  æгæрон стыр æнтыст.

Шамил, йæ бæстæ æмæ йæ адæмау бирæ уарзта йæ ирон æвзаг. Æппынæдзух тох кодта йæ рæзт, йæ сыгъдæг æмæ рæсугъддзинады сæрвæлтау. Абон æмæ нырæй фæстæмæ дæр нæ ирон адæм хæсджын сты, цæмæй Шамилау уарзæм не ‘взаг. 

Библиотекæйы кусæг Техты Ингæ нырма Шамилы фыст  æмдзæвгæ бакаст, уый фæстæ та лæмбынæг æрдзырдта Шамилы цард æмæ сфæлдыстадыл.

Изæры уыд æмæ дзы раныхас кодта газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юри. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Шамил нæ архайдта йæ адæмы раз рæсугъд æмæ уæздан дзырдтæй пайда кæныныл. Уыцы ныхæстæ æмæ хъуыдытæ сæхæдæг цыдысты йæ зæрдæйæ. Уымæн æмæ уарзта йæ фыдæлты бæстæ, йæ адæм æмæ йæ ирон æвзаг. Шамилы тыххæй зонадон конференцитæ, мысæн изæртæ æмæ æндæр ахæм мадзæлттæ кæй уадзæм, уый раппæлинаг хъуыддаг у, фæлæ йыл цы æрцыд æмæ цæмæн, цæмæннæ йæ бахъахъхъæдтам, уый тыххæй кæй нæ дзурæм, уый та у нæ адæмы цухдзинад. Дзурын та йыл хъæуы, уымæн æмæ Шамилыл ахæм æнамонд хабар æрцыд, æппынæдзух нæ бартыл тохгæнæг кæй уыдис, уый тыххæй. Знаджы та никуы фæфæнды æмæ йæ ныхмæлæууæгæн уа Шамилы хуызæн æнувыд, разæнгардгæнæг адæймæгтæ.

Шамилыл алы ирон лæджы зындзинад дæр æндæвта, алкæуыл дæр мæт кодта, аудыдта, фæлæ йыл тынгдæр бандæвта Беслæны æрцæугæ æнамонддзинад. Шамилы хъуызæн уарзæгой æмæ æнувыд адæймагыл ахæм æнамонддзинад куыднæ хъуамæ бандæвтаид, кæд æмæ цалдæр сахатмæ бабын ис  уал ирон кæстæры. Раныхасгæнæг банысан кодта, зæгъ-гæ, ахæм æнамонддзинад бирæнымæц адæмтæн дæр стыр трагеди у, мах та чысыл адæм стæм æмæ ахæм æнамонддзинад нæ адæмыл тынгдæр бандæвта.

– Мадзалы Ирыстоны кæстæртæ  активон хайад кæй исынц, уый тыххæй мæ зæрдæ барухс. Уымæн æмæ нын Къоста, Васо, Нафи, Шамил æмæ æндæртæм ахæм хорз ахаст куы уа, уæд нæ никуы ферох уыдзысты, – зæгъы университеты ирон литерату-рæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг  Плиты Серго.

Мадзалы ма раныхас кодтой 6-æм астæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Дыгъуызты Лианæ, Хуссар Ирыстоны культурæйы министрады библиотекæты куысты хайады сæйраг  специалист Дриаты Нателæ æмæ æндæртæ.

Ацы мадзалы хайад райстой нæ горæты цалдæр ахуырадон уагдоны ахуырдзаутæ. Уыдон кастысты куыд Шамилæн йæхи æмдзæвгæтæ, афтæ йæхиуыл фыст авторты æмдзæвгæтæ дæр. 

                                                                                        ГÆЗЗАТЫ Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.