Ирыстоны ногдæр истори йемыдзаг у трагикон цаутæй. Сæ иууыл æгъатырдæр æмæ трагикондæрты  ‘хсæн ис, 1991 азы 18 марты Ереды хъæуы гуырдзиаг фашисттæ цы сырдон ми сарæзтой, уый. Йæ сырдондзинадæй банкъуысын кодта бирæ адæмты зæрдæтæ. 

Уыцы бон Ереды хъæумæ æввахс гуырдзиаг фашисттæ баурæдтой ССР Цæдисы Мидхъуыддæгты министрады мидæггагон æфсæдды æфсæддон автомашинæ «Урал», 25 сабыр цæрæг ироны – сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, нæлгоймæгтæ йæ уæлæ, афтæмæй. Гуырдзиаг лæгмартæ машинæйы æмбæрзт (тент) систой æмæ, ирæтты æфсæйнаг лæдзгуы-тæй нæмгæйæ, машинæйæ раппæрстой зæхмæ. Зæххыл дæр сæ сырдон ми адарддæр кодтой, цавтой сæ, кæмæн йæ къухы цы уыд, уымæй. Бабастой сæ æмæ сын фыдмитæ кодтой. Уыдон не ‘взæрстой саби, сылгоймаг, нæлгоймаг. Надтой сæ æгъатырæй, тырныдтой, куыд фыддæр зиан сын ракæной, уымæ. Лæгхортæм нæ хъардта нæдæр сывæллæтты кæуын, нæдæр сылгоймæгты хъизæмайраджы марой. 

Уый фæстæ цыдæр диссагæн сылгоймæгты æмæ сабиты ауагътой, фæлæ семæ цы 12 нæлгоймаджы уыд, уыдон – Сатихъары хъæуккæгтæ Дыгъуызты Важа æмæ Дыгъуызты Иван, Гуры районы Кицънисы хъæуккаг Джиголаты Мурат, Дисеуы хъæуккаг  Тъехты Чермен, Къоркъулайы хъæуккæгтæ Джиголаты Альберт,  Джиголаты Ибрагим, Гобозты Омар, Дменисы хъæуккаг Дзанайты Ибрагим, Уæллаг Черейы хъæуккæгтæ Тъехты Адам, Тъехты Махарбег, Гæджиты Гиви æбæрæг сæфт фæкодтой. Дæргъвæтин рæстæджы сæ агуырдтой сæ бинонтæ, Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ, ССР Цæдисы прокуратурæйы фæдагурæн къорды минæвæрттæ, фæлæ – никуы æмæ ницы.  Фарстой ередаг гуырдзиæгты дæр, фæлæ-иу сын уыдон дзырдтой, зæгъгæ, «цыппар дзы уадидæгæн фæмард сты, иннæтæ та кусынц шахтæйы». Уый та нысан кодта, ома, удæгасæй ныгæд æрцыдысты. Æвæццæгæн, гуырдзиæгтæй дæр разынд ахæмтæ, кæцытæм раст нæ кастысты, се ‘мтуг фашисттæ ирæттæн цы фыдмитæ кодтой, уыдæттæ, кæнæ та сæ зæрдæтæ сæхиуыл æрхудтысты,  æмæ сæ чидæр сусæгæй бацамыдта, уыцы 12 ирон  лæппуйы ныгæд кæм сты, уыцы бынат. 1993 азы 25 æмæ 27 сентябры уыцы бынатмæ ацыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады, прокуратурæйы минæвæрттæ, хиуæттæ, хæстæджытæ æмæ Гуырдзыстоны барадхъахъхъæнæг органты минæвæртты цур уæвынадæй эксгумаци скодтой, гуырдзиаг адæймагхорты къухæй хъизæмарæй фæмардуæвджыты мард буæрттæ. Æрластой сæ горæты Театралон фæзуатмæ æмæ сæ фыдохы митинджы фæстæ бавæрдтой Згъудеры уæлмæрды.

Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй ацы 12  амынæтæн гуырдзиæгтæ фыдмитæ кодтой, ластой сæ гуырдзиаг бандитон къордты штабтæм, фæлæ сæ уыдон нæ райстой. Уæд сæ ралас-балас кодтой гуырдзиаг хъæутыл хъæргæнгæ: «Кæй фæнды ирон тугæй баназын, ирон лæджы амарын», фæлæ та сын ам дæр нæ разынд, сæ сырдон фæндон сын чи сæххæст кодтаид, ахæм адæймæгтæ. Уый фæстæ сын  сæ къæхтæ æмæ  сæ къухтæ  цъæлтæ кæнын райдыдтой, сæ къахкъухты ныхтæ сын раскъуыдтой, скъахтой сын сæ цæстытæ æмæ сæ Ереды хъæуы сæрмæ сластой, иу ададжы сæ уæрмы ныппæрстой, нырма удæгас уыдысты, афтæмæй сыл сыджыт ныккалдтой. Хъæуы цæрджытæ куыд радзырдтой, афтæмæй уыцы бынаты цалдæр сахат зæхх змæлыд, цалдæр боны та дзы хъæрзын хъуыст. Цæмæй сæ фыдракæнд бамбæхстаиккой, уый тыххæй гуырдзиаг фашисттæ уыцы бынат ныннадтой æмæ йыл фæндаг сарæзтой.

Хъыгагæн, гуырдзиæгтæ ахæм æнагъæддаджы митæ бирæ сарæзтой ирæтты ныхмæ куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Гуырдзыстоны мидæггаг районты дæр, фæлæ сæ фыдмиты тыххæй абоны онг дæр дзуапп ничи радта, ничи дæр хатыр ракуырдта ирон адæмæй, уыцы нымæцы Гуырдзыстоны официалон къухдариуæгад дæр.

Ирондзинад, ирон æвзаг, Ирыстоны зæхх бахъахъхъæныны тыххæй Хуссар Ирыстоны адæм бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, бирæтæ сæхи снывонд кодтой нæ паддзахады хæдбардзинадæн,  сæ барты сæрыл кæй  сдзырдтой, уый тыххæй бирæтæ хъизæмары мардæй фæмард сты  знаджы къухæй.

 Зæрдæйы хъæдгæмттæ гасгæнæн рæстæг фæхонынц, фæлæ кæд уыцы æбуалгъы трагедийæ 29 азы рацыд, уæддæр рæстæгæн йæ бон нæ бацис трагедийы амæттæгты ферох кæнын, нæ нымæг кæны, чи сæ зыдта æмæ уыцы æбуалгъы цау чи фехъуыста, уыдон зæрдæты рыст дæр. Уыдон æнустæм цæрдзысты ирон адæмы зæрдæты,  сæ нæмттæ та фыст æрцæудзысты  Ирыстоны  ногдæр  историйы.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.