20-æм сентябры Хуссар Ирыстоны адæм сæ историйы банысан кæнынц иууыл нысаниуæгджындæр бонтæй иу  – Республикæйы бон. 1990 азы 20-æм сентябры Адæмон депутатты областон советы уынаффæйæ Хуссар Ирыстоны автономон область рацарæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны Советон Демократон Республикæмæ. Уый ссис ахæм цау, кæцыйæн саргъгæнæн дæр нæй. Растдæр 1990 азы 20-æм сентябры бындур æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадæн.

Фæлæ Хуссар Ирыстоны дыууæ бинонтæ –  Цхинвалы цæрджытæ Тъехты Инал, йæ цардæмбал Цхуырбаты Бэлæ æмæ Дзауы поселочы цæрджытæ Кæркуысты Павел (Сослан) æмæ йæ цардæмбал Мæргъиты Людæйæн ма 1990 азы 20-æм сентябрь у дывæр бæрæгбоны бон. Бинонтæн ацы бон ныса-ниуæгджын ссис уымæй дæр æмæ сын уыцы бон а-ду-немæ кæй фæзындысты сæ фырттæ Руслан æмæ Арсен. Куыд рауад сæ хъысмæт мæ уацы дыууæ хъайтарæн? Цыбыртæй уæ базонгæ кæндзынæн сæ цардвæндагимæ.

Тъехты Иналы бинонтæн Руслан уыд сæ фыццаг хъæбул. Уый фæстæ ма сын Хуыцауы цæст бауарзта ноджы дыууæ фырты балæвар кæнын. Фæстæдæр бинонтæ нырма цардысты Дзæуджыхъæуы æмæ абон та цæрынц Цæгат Ирыстоны Санибайы хъæуы. Руслан 2007 азы астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ ахуыр кæнынмæ бацыд Цæгат Ирыстоны паддзахадон медицинон академийы стоматологон факультетмæ. Академи æнтыстджынæй каст фæуыны фæстæ рацыд интернатурæ æмæ уый фæстæ та дыууæ азы ахуыр кодта ординатурæйы. 2012 азы уыцы иурæстæджы фæсаууонмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хæххон Металлургон институты юридикон факультетмæ æмæ йæ æнтыстджынæй каст фæцис 2015 азы. Ныртæккæ Тъехты Руслан кусы Дзæуджыхъæуы арæзтадон компанитæй сæ иуы. Æввахс рæстæджы фæнд кæны йæхицæн цардæмбал æркæнын. Уæдæ амондагур лæппу у æмæ хорз амонд йæ хай фæуæд. Мах цæст дæр ын бауарздзæн, царды æппæт хæрзиуджытæй хайджын цы уа, уый. Русланы мад Цхуырбаты Бэлæйы ныхæстæм гæсгæ йæ  хъæбул Руслан йæ фыццаг ныхас «мама»-йы фæстæ базыдта «гуыпп» дзурын. Бæрæг куыд у, уымæ гæсгæ 1990 азты Хуссар Ирыстонмæ  гуырдзиаг тыхæйисджытæ алырдыгæй  лæбурдтой. Ирон сагсур лæппутæ сын бæргæ лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд, сæ къухты хуымæтæджы хæцæнгарз дæр нæ уыд, афтæмæй. Уыцы уæззау дуджы иугай-дыгай мардысты Ирыстоны хъайтар лæппутæ. Гуырдзиаг лæгсырдтæ Згъудеры уæл-мæрдмæ фæндаг кæй æрæхгæдтой, уымæ гæсгæ фæмардуæвджыты ныгæнын райдыдтой нæ горæты 5-æм астæуккаг скъолайы кæрты æмæ дзы афтæмæй цалдæр азмæ фæзынд мемориалон уæлмæрд. Тъехты бинонтæ та цардысты ацы скъоламæ æввахс цæрæн корпусы. Сæ ныгæнæн боны-иу скъолайы кæртмæ æрбамбырд бирæ адæм хъайтарты сæ фæстаг фæндагыл  ахизыны тыххæй. Сæ кадæн-иу фæкодтой æмæхст æмæ ацы æхстыты хъæр хъуыста чысыл Руслан дæр. Афтæ ма хъуыста, гуырдзиаг лæгсырдтæ нын нæ чысыл, фæлæ хъайтар горæты цы алыгъуызон егъаукалиброн хæцæнгæрзтæй æхстой, уыдоны гуыппытæ дæр. Æмæ-иу æхстыты рæстæджы чысыл лæппу тыхстгъуызæй æрбалыгъд йæ мадмæ æмæ-иу ын загъта, зæгъгæ,  «мама, гуыпп», ома, гуыпп та кæнынц. «Мæнæн тынг æхсызгон у æмæ уыцы иурæс-тæджы мæхимидæг тыхсын æмæ бæрндзинад æн-къарын, республикæйы æмбай кæй дæн æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады тыххæй Деклараци райсыны  боны кæй райгуырдтæн, уый тыххæй. Мах республикæимæ иумæ нæ къæхтыл лæууыдыстæм æмæ размæ цыдыстæм æмæ æппынфæстагмæ абон Хуссар Ирыстон у хæдбар æмæ нымад паддзахад. Махмæ æрхаудта бирæ уæззау фыдæвзарæнтæ, фæлæ бафæрæзтам æмæ абон стæм рæзты фæндагыл лæуд. Хуссарирыстойнаг адæмы бирæазон тох фæцис уæлахизæй 2008 азы 26-æм августы. Уæд Уæрæсейы Президент Дмитри Медведев йæ къух æрфыста историон Барамындыл Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй. Фæнды мæ нæ бæстæйы адæмæн раарфæ кæнын  республикæйыл 31 азы сæххæсты цытæн. Ацы рæсугъд боны цытæн  хуссарирыстойнаг адæмæн мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ фæрныгад. Уадз, дидин æфтауæд æмæ уæлахиз уæд Республикæ Хуссар Ирыстон!», – загъта йæ фæндиæгтæ республикæйы æмбай Тъехты Руслан.

Кæркуысты Арсен та райгуырд Дзауы поселочы йæ ныййарджыты хæдзары, уымæн æмæ уыцы рæстæджы Дзауæй Цхинвалмæ фæндагыл цæуын æдас нæ уыд гуырдзиаг лæсырдты аххосæй. Йæ мад Людæйæ никуы ферох уыдзæн уыцы амондджын бон. Æгæрыстæмæй йæ нæ ферох, уыцы бон электрон рухс  кæй нæ уыд, уый дæр. Фæстæдæр ацы бинонтæ дæр цæрынмæ ацыдысты Цæгат Ирыстоны Октябры поселокмæ æмæ абон дæр цæрынц уым. Арсен астæуккаг ахуырад райста ацы поселочы астæуккаг скъолайы æмæ уый фæстæ та æнтыстджынæй каст фæцис Цæгат Ирыстоны Суворовы номыл ахуыргæнæндон. Æркодта бинонтæ дæр æмæ йæ цардæмбалимæ хъомыл кæнынц цыппар сывæллоны – æртæ чызджы æмæ иу лæппуйы.  Кæркуысты Арсен кусы йæ дæсныйадыл Октябры поселочы. Арсены зæрдæ дæр хуссарирыстойнаг цæрджытæн зæгъы царды æппæт хæрзиуджытæ. Уый æнахуыр уарзтæй уарзы йæ Фыдыбæстæ, абоны онг дæр сын Дзауы поселочы ис хæдзар.

Уæдæ куыд базыдтам, афтæмæй 1990 азы 20-æм сентябры Республикæ Хуссар Ирыстон расидыны боны цы дыууæ лæппуйы – Тъехты Руслан æмæ Кæркуысты Арсен райгуырдысты, уыдонæн сæ хъуыддæгтæ цæуынц сæхи фæндиаг æмæ сты амондджын.

20-æм сентябры мæ  уацы хъайтартæ – Руслан æмæ Арсеныл сæххæст уыдзæн 31 азы æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй сæ фæндагыл зындзинæдтыл макуы сæмбæлой æмæ сæ радтæг хæстæфхæрд Ирыстон та хæст макуы уал фенæт. Уадз, сæ  царды æнтыстджын уæд сæ алы хъуыддаджы дæр æмæ сæ фæндаг зæлдæгтыл уæд нырæй фæстæмæ дæр. Ноджы дæр уын арфæ кæнæм уæ гуырæн боны цытæн!

 

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.