Президент Бибылты Анатолийы сæрдариуæгадæй уыд Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусы инфекци ма апырхы ныхмæ архайды фæдыл оперативон штабы радон рабадт. Рабадт ауагъдæуыд, Уæрæсеимæ арæн 31 августы онг æхгæды тыххæй хицауады уынаффæйы æмгъуыд кæй фæцис, уый сæраппонд.

Бибылты Анатоли фехъусын кодта, зæгъгæ, превентивон мадзæлттæ райсыны руаджы иуварс куы æрцыд Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусы инфекцийы артдзæстыты фæзынд, уый фæстæ ногæй æркæсын хъæуы  фæкъуындæггонд мадзæлттæм.

Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, цæмæй инфекци ма апарахат уа, уый тыххæй республикæйы къухдариуæгады райсгæ къахдзæфтæ сты рæстæгыл æмæ раст.

«Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн арæны сæрты хизыны тыххæй фæкъуындæггонд мадзæлттæ ист куынæ æрцыдаиккой, карантины мадзæлттæ куынæ уыдаиккой, уæд махмæ дæр фæзындаид коронавирусы инфекци. Махæн нæ къухы бафтыд цæрджыты ‘хсæн бирæнымæц фыдбылызтæ аиуварс кæнын», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Уыимæ иумæ Бибылты Анатоли æмбарындзинад равдыста, зæгъгæ, фæкъуындæггонд мадзæлттæ сæвзæрын кодтой социалон характеры иуæй-иу проблемæтæ, сæрмагондæй та пенситæ, пособитæ райсынæн, фæзын сты кæрæдзийæн æхцайы хыгъдтæ радтын, афтæ ма иуæй-иу æмбæстæгты хъуыд республикæйы æддæмæ ацæуын се ‘нæниздзинады, медицинон басгæрсты тыххæй.

«Афтæ нымайын, æмæ гæнæн ис, æнæ фæкъуындæггонд мадзæлттæй фæндаг бакондæуа 15 сентябры. Уыцы рæстæгмæ нæ сывæллæттæ бацæудзысты скъолатæм, райдайдзæн ахуырадон процесс æххæст хъомысæй. Арæн бакæныны тыххæй гæнæнуæвæг тасдзинæдтæм хъус аздахгæйæ, Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министрады хæсджын кæнын, цæмæй сæм абон фæсауæрцы цы медицинон препараттæ æмæ хардзгæнæн æрмæджытæ ис, уыдон фæфылдæр кæна, афтæ ма цæмæй цæттæ уой рынчынтæ райсынмæ», – фехъусын кодта Президент.

Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæ банысан кодта, зæгъгæ, профилон медицинон уагдæттæ 6 мæйы размæ æрцæттæ кодтой æнæмæнгхъæуæг медикаменттæ æмæ хардзгæнæн æрмæджытæ.

Президент ма банысан кодта, зæгъгæ, 15 сентябры размæ уæрæсейаг фарсимæ ауагъдæуыдзæн бадзырдтæ æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгтæй алкæмæн дæр арæзт æрцæудзысты æмхуызон уавæртæ арæны сæрты ахизыны тыххæй, Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад сæм ис, æви нæ, уымæ нæ кæсгæйæ.

Бибылты Анатоли ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, кæд  арæны тыххæй Уæрæсеимæ æппæт фарстатæ дæр скъуыддзаг æрцæуой раздæр, уæд арæн бакондæуыдзæн 15 сентябрæй раздæр.

Уыимæ иумæ ма Президент бахахх кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл коронавирусы инфекци куы сцырын уа, уæд республикæйы къухдариуæгадæн йæ бон уыдзæн фæкъуындæггонд мадзæлттæ райсынмæ раздæхын.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта, сырх зонæйы цы медиктæ кусынц, уыдонæн: «Фæнды мæ ноджыдæр бузныджы ныхæстæ зæгъон, республикæйы коронавирусæй æдасдзинад чи ифтонг кæны карантины дæр æмæ лабораториты дæр, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.