Мæ зынаргъ æмфыдыбæстæйонтæ!

Ивгъуыдмæ цæуы 2023 аз.

Уый хъæздыг уыд алыгъуызон цаутæй. Мах иумæ банысан кодтам нæ иумæйаг уæлахиз – Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады банымадыл 15 азы сæххæсты бæрæгбон.

Уыцы рæстæджы Уæрæсейы æххуысы руаджы нæ Республикæ фæивта: сæндидзыдтой цæрæн фонд, фæндæгтæ, скъолатæ æмæ рынчындæттæ. Бæстæ рæзы, размæ цæуы.

Азы дæргъы мах куыстам ног проектыл, бындур æвæрдтам нæ Райгуырæн бæстæйы фидæнæн. О, алцы æнцон нæ уыд, фæлæ нæ къухты бафтыдысты зынгæ æнтыстытæ.

Бакæнгæ куысты фæстиуæгæн 2024 азы байгом уыдзысты ног куыстуæттæ, фæзындзысты сæдæгай куысты бынæттæ. Мах ныфсимæ кæсæн ног, 2024 азмæ.

Абон нæ разы лæууынц ног хæстæ. Мах хизæм ахсджиаг этапмæ – экономикæйы рæзт æмæ царды гъæд бæрзонддæр кæнынмæ.

Нæ плæнтты ис нырыккон экономикæ саразын: туризмы, хъæууон хæдзарады рæзт æмæ, куыд фæстиуæг, афтæ цæрджыты æфтиæгты рæзт. Уый вазыгджын фæндаг у, фæлæ мæ ныфс ис, иумæ йыл æнтысгæйæ кæй цæудзыстæм.

Стыр бузныг зæгъын нæ æмбæстæгтæн – ахуыргæнджытæ æмæ медиктæн, æфсæддонтæ æмæ ирвæзынгæнджытæн, барадхъахъхъæнæг органты  кусджытæ æмæ аразджытæн, спортсментæ æмæ тренертæн, культурæйы кусджытæн – чидæриддæр Хуссар Ирыстоны хæрзиуæгæн æрвылбон дæр фæллой кæны. сымах стут нæ æхсæнады бындур.

Сæрыстырдзинады æнкъарæнтимæ бузныг зæгъын нæ хæстонтæн – Сæрмагонд æфсæддон операцийы хайадисджытæн. Уæрæсейаг æфсымæртимæ уæхски-уæхск сымах хъахъхъæнут нæ иумæйаг фидæн.

Нæ иумæйаг историйы, куыд æппæт зын рæстæджыты, афтæ ныр дæр Ирыстоны адæм сты Уæрæсеимæ иумæ. Æппæт Ирыстон ныхасæй æмæ хъуыддагæй дæр сты нæ хъæбатыр хæстонты фарсмæ. Сæрыстыр стæм уæ æхсардзинад æмæ хъæбатырдзинадæй. Алы ирон бинонтæ дæр тыхсынц сымахыл. Ныфс мæ ис, уæлахиз нæ къухты кæй бафтдзæн.

Зынаргъ æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй уæ алкæмæн дæр арфæ кæнын ног, 2024 азы сæраппонд!

Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, хъарм æмæ циндзинад уæхицæн дæр æмæ уæ бинонтæн дæр. Уадз, æппæт уæ ныфсытæ æмæ бæллицтæ сæххæст уæт уæ царды. Ут амондджын!

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.