Цытджын æмбæстæгтæ! Стыр Фыдыбæстæйон хæсты зынаргъ ветерантæ!

Æмбæлттæ салдаттæ æмæ сержанттæ!

Æмбæлттæ афицертæ æмæ инæлартæ!

Арфæ уын кæнын æппæтадæмон бæрæгбон – Уæлахизы боны цытæн, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы фæуæлахизыл 74 азы сæххæсты  сæраппонд!

Арфæ уын кæнын, фæлтæрæй фæлтæрмæ лæвæрд чи цæуы, æмæ абон мах куыд кæнæм, растдæр афтæ нæ цот æмæ уыдоны цот кæмæн кад кæндзысты, уыцы стыр бæрæгбоны цытæн.

Уæлахизы бон у стыр уæлахиз æмæ цины мысынад, кæцы адæм бавзæрстой 1945 азы 9 майы  æмæ æлхæд æрцыд дæсгай милуан æмбæстæгты цардæй. Æнустæй æнустæм ацы уаз мысынад цæрдзæн, адæймагады историйы иууыл тугкалæндæр, иууыл тæссагдæр хæсты чи фæуæлахиз, уыцы адæмы фæстагæтты зæрдæты.

Уый у, знаджы æрдонгты чи ныддæрæн кодта æмæ Уæлахизы тырыса знаджы къулдуæртты, фашистон сырды лæгæты онг чи фæхаста, уыцы хæстонтæуæлахиздзауты тыххæй мысынад. Уый у, советон хæстоны хотыхы руаджы къухыбафтгæ сабырад куыд тынг зынаргъ у, ахæм мысынад.

Адæмы æмбарынады Фыдыбæстæйон хæст уаз у, уымæн æмæ уый уыд, æцæгæй-дæр, мæлæтхæссæг тох  знаджы ныхмæ, кæцы фæхъæстæ фашистон идеологийæ æмæ йæхи  банымадта, расон æгъдауæй иннæ нацитæй хуыздæрыл, иннæ нацитæн сæ бар-тæ æмæ сæрибардзинад, æгæрыстæмæй сæ  цард ницæуыл нымайгæйæ. Зын рахатæн у, знагæн йæ бон куы бауыдаид йæ нацистон идеятæ царды æрбиноныг кæнын, уæд дунеон историйы рæзт цахæм фæндагыл ацыдаид.

Райгуырæн бæстæйыл советон хæстонты иузæрдиондзинад, сæ фидар удыхъæд æмæ æхсар уæлахизхæссæг фæндаг айгæрстой Сталинградæй Берлины онг. Мах цыт кæнæм хæстонты удуæлдайдзинадæн, кæцытæ сæ цардыл нæ ауæрдгæйæ, цыдысты тохы цырынмæ. Мах цыт кæнæм фæсчъылдымы фæллойгæнджытæн, кæцытæ удуæлдай куысты руаджы æххуыс кодтой фронтæн.

Советон бæстæйы алы адæм дæр сæ хайбавæрд бахастой уæлахизмæ. Ацы Уæлахизæн нæй дихтæгæнæн, уый алкæмæн дæр иу у, æмæ алчи дæр уый тыххæй радта, йæ бон цы уыд, уый. Хуссар Ирыстоны адæмæн уый бар ис, цæмæй сæрыстыр уой, лæджыгъæд æмæ хъæбатырдзинад чи фенын кодтой, нæ Фыдыбæстæйы уыцы фырттæ æмæ чызджыты æхсардзинадæй.

Знагимæ мæлæтхæссæг тохы иумиаг уæлахизы цытæн Хуссар Ирыстоны фырттæ сæхиуыл нæ ауæрстой. Чысыл Хуссар Ирыстон бæстæйæн радта Советон Цæдисы аст хъайтары. Знагимæ хæсты, фæмард 18 мин адæймаджы бæрц, Стыр Фыдыбæстæйы фронтты чи тох кодта, Хуссар Ирыстоны уыцы хæстонты 80 проценты! Уый у, фашистон Германы æмæ йæ сателлитты ныхмæ тохгæнæг цалдæр европæйаг бæстæйы иумæ цас фесæфтой, уымæй фылдæр. Хæстон хорзæх-тæ æмæ уды зиæнтты статистикæ  цыфæнды  бæрзонддæр ныхæстæй дæр хуыздæр æв-дисæнтæ сты.

Абоны фæлтæры цард æмæ сæрибардзинад æлхæд сты Уæлахизы хæстонты хъæбатырдзинадæй. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты раз дæр æмæ йе ‘нусон бынатмæ чи аивгъуыдта, уыцы салдатты раз дæр мах стыр хæсджын стæм.

Иу минут æмырæй алæугæйæ ссарæм, йæ цард нæ иумиаг Райгуырæн бæстæйы, Стыр Уæлахизы  тыххæй чи радта, уыдоны рухс нæмтæ, сæ ном ссарæм, абоны онг чи нæ фæцард, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уыцы фронтовиктæ æмæ фæсчъылдымы фæл-лойгæнджытæн!

***

Зынаргъ хæлæрттæ!

Хуссар Ирыстоны ногдæр дуджы мах ба-хъуыд  ноджы иу хæсты фыдæвзарæнтыл ра-цæуыны сæр, кæцы нæ адæмæн ссис Фыды-бæстæйон.

Хуссар Ирыстоны хæстонтæ сбæлвырд кодтой, уыдон ирон хæстонты бирæ фæлтæр-ты аккаг фæдонтæ кæй сты, кæцыты нæмттæ  алы дуджы дæр уыдысты ныфсхастдзинады, æхсардзинады æмæ разылæууæг хæстыл иузæрдиондзинады синоним.

2008 азы Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады тыхтæм æххуысмæ æрцыд уæрæсейаг æфсад, кæцы радон хатт агрессорæн фенын кодта,  уæлахиз уæвын куыд хъæуы, уый.

Абон Цхинвалы централон фæзуыты иууон парадон рæнхъыты лæууынц Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы хæстонтæ, уæлахиздзауты аккаг фæдонтæ, æмæ мах уырны, цыфæнды агрессорæн дæр лæвæрд кæй æрцæудзæн æмбæлон ныхкъуырд, Уæрæсеимæ нæ иу-мæйаг фидæн та уыдзæн сабырадон æмæ амондджын!

Кад Стыр Фыдыбæстæйы салдаттæн!

Кад фæуæлахизуæвæг адæмæн!

Стыр Уæлахизы боны хорзæх нæ уæнт! Ура!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.