Цытджын æмбæстæгтæ!

Зæрдæбынæй уын арфæ кæнын Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады Акт райсыны боныл 30-азы сæххæсты  цытæн.

1992 азы 29-æм майы нæ бæстæйы Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутатты райсгæ историон документ ссис Хуссар Ирыстоны суверенон æмæ хæдбар паддзахаддзинад сфидар кæныны фæдыл скъуыддзаггæнæн барадон къахдзæф.

Адæмы сæрибар фæндондзинадыл бындуриуæггæнæг хæдбардзинад расидыны Акт, кæцыйы равдыстой 1992 азы æппæтадæмон референдумы фæстиуджытæ, сфидар кодта паддзахадон арæзты дарддæры бындур. Патриотизм, æхсардзинад æмæ политикон дардмæуынындзинад фадат радтой Уæлдæр Советы фыццаг æрсидты депутаттæн нæ адæмы хъысмæтæн уыцы историон равзæрст саразынæн, уыцы фæндаг сбæрæг кæнынæн, кæцыйыл ныр 30 азы дæргъы æнтыстджынæй цæуы нæ паддзахад.

Ацы хъысмæтскъуыддзаггæнæн равзæрстæй, кæцы сарæзтæуыд 1992 азы 29-æм майы бындур æвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад Уæрæсейы Федераци кæй банымадта, уымæн, кæцы байгом кодта ног эпохæ бæстæйы историйы, Уæрæсеимæ æххæстбарджын æмцæдисад æмæ интеграцийæн. 1992 азæй абоны онг æрцыд бирæнымæц ахсджиаг цаутæ, хæдбардзинад расидыны Акт ныр дæр у нæ абоны æнтыстыты нысан æмæ Хуссар Ирыстоны фидæн сбæрæг кæныны рæзты æмæ ориентиры бындур, кæцыйы мах уынæм æрмæстдæр Уæрæсеимæ æмцæдисады.

 

***

Юстицийы цытджын кусджытæ!

Арфæ уын кæнын уæ профессионалон бæрæгбон æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрады сырæзтыл 30-азы сæххæсты боны цытæн!

Юстицийы органтæн ахсджиаг нысаниуæг ис æмбæстæгты конституцион бартæ æмæ сæрибардзинæдтæ бахъахъхъæныны, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынад баххæст æмæ закъондзинад сфидар кæныны хъуыддаджы.

Абон нæ бæстæ райста фидар курс Закъоны уæлиондзинад сфидар кæныны  æмæ Закъоны раз æмбæстæгты иумиаг æмбарад сифтонг кæныны фæдыл. Уымæ гæсгæ, сымахыл, юридикон æмæхсæнады минæвæрттыл æвæрд ис уæлдай мисси царды ацы хæс ныбиноныг кæныны фæдыл, æхсæнады барадон æмбарынады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын æмæ барадон практикæ сифтонг кæныны тыххæй.

Уырны мæ, сымах дарддæр дæр цæсгомджынæй æмæ бæрзонд профессионалон æмвæзадыл кæй лæггад кæндзыстут нæ национ интерестæн, уый.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Ацы нысаниуæгджын боны уын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ дарддæры æнтыстытæ уæ бæрнон куысты!

Сабырдзинад æмæ хорздзинæдтæ сымахæн æмæ уæ хиуæттæн!

Республикæ Хуссар ИрыстоныПрезидент  ГАГЛОЙТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.