4-æм августы уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фæндзæм сессийы дæсæм рабадт, цыран æруынаффæ кодтой фараст фарстыл.

Фыццаджы уал депутаттæ сфидар кодтой Гæджиты Эмилияйы кандидатурæ республикæйы Централон æвзарæн къамисы сæргълæууæджы бынатмæ. Схъæлæс кодтой депутатты фылдæр хай.

Рабадты арæзт æрцыд Централон æвзарæн къамис æмæ фидар æрцыдысты закъондæттæн органæй Централон æвзарæн къамисы уæнгтæ. Централон æвзарæн къамисы кандидаттыл хъæлæс кæнын уагъд æрцыд «пакетон» хъæлæс кæнынæй.

Парламентæй Централон æвзарæн къамисы ног скондмæ бахызтысты авд адæймаджы: «Иугонд Ирыстон» – Годжыцаты Гултамзе Гурамы чызг æмæ Джиоты Фатимæ Славикы чызг, «Адæмы иудзинад» – Пæррæстаты Артур Ахмæты фырт, Коммунистон парти – Дудайты Альберт Адиозы фырт, Адæмон парти – Пухаты Алан Ароны фырт, парти «Ныхас» – Гаглойты Николай Валерийы фырт, депутатон иугонд «За справедливость» – Кокойты Тимур Æхсарбеджы фырт.

Дыууæ фарсты дæр уынаффæ кæнынмæ рахаста Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бы-нæттон хæдразамынады фæдыл комитеты сæргълæууæг Габатты Алан.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæргълæууæг Джиоты Еленæ уынаффæ кæнынмæ рахаста «2020 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет сæххæст кæныны фæдыл» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект, фæлæ закъоны проект депутатты уынаффæмæ гæсгæ хаст æрцыд иннæ сессимæ.

Уымæй уæлдай депутаттæ æмхъæлæсæй райстой «Вейп-продукци нæ республикæмæ ласын, аразын, парахат кæнын æмæ реализаци ма руадзыны тыххæй» закъоны проект, кæцы уынаффæ кæнынмæ рахаста Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæг Плиты Алыксандр.

«Иууылдæр хорз зонынц, вейп-продукцитæ цы зиан хæссынц, уæлдайдæр æвзонг организмæн. Хъыгагæн, чи сæ пайда кæны, уыдонæй арæх вæййынц сывæллæттæ, уымæ гæсгæ  хаст æрцыд  уынаффæ ацы закъоны проектыл бакусын», – банысан кодта Плийы фырт.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Къуезерты Арсен уынаффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны Таможнæйон кодексмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект.

Депутат Дьяконты Амиран куыд банысан кодта, афтæ-мæй райдианы æнæмæнг-хъæуæг у хъалонты системæйы фæтк æрæвæрын æмæ амалиуæггæнджыты ныхдур-тæй фервæзын кæнын

Парламенты спикер Тадтаты Алан ныфс бавæрдта, хатыртæ уыдзæн куыд бынæттон амалиуæггæнджытæн, афтæ инвестортæн дæр, кæцытæ ифтонг кæндзысты адæмы куысты бынæттæй.

Уымæй уæлдай ма, сессийы депутаттæ æмхъæлæсæй сразы сты Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Экономикон, базарадон æмæ финансон блокадæ бауромыны æнæмæнгхъæуындзинады тыххæй куырдиатыл.

Депутаттæ ма æмхъæлæсæй сразы сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон ресурсты фæдыл комитеты персоналон скондмæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Регламент æххæст кæнынын фæдыл Æдзухон къамисы персоналон скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарстыл.

Рабадты куысты хайад райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон таможнæйон комитеты сæргълæууæг Цхуырбаты Мурат, Республикæ Хусср Ирыстоны Парламенты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Æххæстбарджын минæвар Куымæридтаты Аннæ æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.