ЦЕНТРАЛОН ÆВЗАРÆН КЪАМИС ÆХХÆСТÆЙ РАЙДЫДТА ЙÆ КУЫСТ

Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры йæ брифинджы рæстæджы РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ журналисттæн фехъусын кодта, Хуссар Ирыстоны Парламентмæ æвзæрстытæ уагъд кæй цæудзысты 2019 азы 9 июны, æмæ радзырдта, ЦÆК йæхи куыд цæттæ кæны æвзæрстытæ ауадзынмæ, уый тыххæй.

«Кæд ныры онг РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы æдзухæй куыстой æртæ адæймаджы –  сæрдар, йæ хæдивæг æмæ нымæрдар, уæд ныр та, Республикæ Хуссар Ирыстоны Праламентмæ æвзæрстыты боны тыххæй  Президенты барамынд мыхуыр куы æрцыд, уæдæй фæстæмæ Централон æвзарæн къамис кусын райдыдта æххæст хъомысæй», – банысан кодта Плиты Беллæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй фæстаг дæс азы дæргъы фыццаг хатт æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты мажоритарон-пропорционалон системæмæ гæсгæ. Бæлвырддæрæй та – депутаттæ Парламентмæ æвзæрст цæудзысты хæццæ системæмæ гæсгæ: сæхи сæхæдæг чи раразмæ кодта, уыдонимæ сæ кандидаттæ раразмæ кæндзысты политикон партитæ дæр, кæцытæ регистраци æрцыдысты иу афæдзы размæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы системæ адæмæй айрох, уымæн æмæ ахæм системæмæ гæсгæ фæстаг хатт æвзæрстытæ ацыдысты 2004 азы. Уый фæстиуæгæн Централон æвзарæн къамисы бирæ кусын бахъæудзæн æвзарджытимæ. Плиты Беллæйы ныхæстæм гæсгæ, ацы куыстмæ, ома, цæрджытимæ диалогмæ Централон æвзарæн къамис цæттæ у.

Плиты чызг журналисттæн радзырдта, æвзæрстыты тыххæй РХИ-йы закъонмæ барасткæнинаг хаст кæй æрцыд, уый тыххæй дæр, кæцыйы фæстиуæгæн депутаттæм кандидат хæсджын у, фыстæй бар радта, Уæрæсейы арæны сæрты кæй рахиз-бахиз кæны, уый тыххæй персоналон бæрæггæнæнтæ райсынæн.

«Махмæ нæй, уыцы хъуыддаг куыд ацæудзæн, уый нын чи бамбарын кæна, ахæм документ. Фæлæ нæ уыцы бæрæггæнæнтæ уый тыххæй хъæуынц, цæмæй сбæрæг кæнæм депутаттæм кандидат фæстаг фондз азы дæргъы Хуссар Ирыстоны территорийыл цард, æви нæ, уый. Мах бахатæм РХИ-йы Мидхъуыддæгты министрадмæ æмæ уый та æхсæнведомствойон бадзырдтæм гæсгæ бахаты уæрæсейаг органтæм. Афтæмæй райсæм бæрæг æмбæстаджы тыххæй бæлвырдгæнæнтæ», – бамбарын кодта ЦÆК-ы сæргълæууæг.

Дарддæр куыд радзырдта, афтæмæй ахæм механизммæ гæсгæ бæлвырд цæудзысты,  депутаттæм кандидат алкоголизм, наркомани кæнæ психикон изтæй рынчын у, æви нæ.

«Централон æвзарæн къамис бæлвырдгæнæнтæ райсдзæн, алкоголизм, наркомани, токсикоманийæ рынчынтæн цы уагдон хос кæны, уыдонæй. Фыццаг рады уал Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадмæ бадæтдзыстæм депутаттæм кандидатты номхыгъд. Уыцы кандидаттæй наркодиспансеры кæнæ æндæр æнгæс уагдоны хыгъды чи нæ лæууы, уыдоны тыххæй бæрæг гæххæтт дæр махæн документ у», – загъта ЦÆК-ы сæрдар.

Плиты Беллæйы ныхæстæм гæсгæ, Централон æвзарæн къамис сарæзта æмæ Парламентмæ бавдыста иумандатон æвзарæн округты схемæ.

«Газеты сабаты номыры мыхуыр уыдзæн иумандатон æвзарæн зылды схемæ, уый иумандатонтæн фадат ратдзæн сæ кандидатурæтæ раразмæ кæнынæн», – бамбарын кодта Плиты Беллæ.

«Бирæтæ зæгъынц, зæгъгæ, схемæйæн байрæджы, ома, уый раздæр саразын хъуыд. Фæлæ Централон æвзарæн къамис карзæй æххæст кæны закъоны домæнтæ æмæ уымæ гæсгæ кусы», – бахахх кодта ЦÆК-ы сæрдар.

Иумандатонтæ цы къухфыстытæ æрæмбырд кæной, уыдоны æцæгдзинад куыд бæлвырд цæудзæн, уый тыххæй Плион бамбарын кодта, зæгъгæ, къухфыстытæ æмбырд фæцæуынц алы æвзæрстыты рæстæджы дæр æмæ иннæ документтимæ иумæ лæвæрд æрцæуынц Централон æвзарæн къамисмæ.

«Мах сын сбæрæг кæнæм, æрмæст бæлвырд зонæнтæ нæ, фæлæ ма кæд æмбырд æрцыдысты æмæ бланктæ  раст арæзт æрцыдысты æви нæ, æппæт уыдæттæ. Уый фæстæ сæ бæрæг кæнынц Мидхъуыддæгты министрады, къухфыстыты чи бæрæг кæны, уыцы эксперттæ. Уыдон фыстæй цы гæххæттытæ æрбавдисынц, уымæ гæсгæ райсæм уынаффæтæ», – загъта Плиты Беллæ æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Централон æв-зарæн къамисы уæнгтæ уый бæрц кусынц, цæмæй депутаттæм кандидат хъæлæсдæттæн бонмæ ЦÆК-ы уæнгты аххосæй мацæмæй бакъуылымпы уа.

«Нæ куыстытыл куынæ феххæссæм, уæд нын закъон бар дæтты, цæмæй æрбахонæм фадыгон æмæ округон къамисты уæнгты, цæмæй нæм фæкæсой, уый тыххæй. Фæлæ нæ уыдон æххуысы сæр никуы бахъæуы, нæ куыстытыл нæхæдæг æххæссæм», – бамбарын кодта Плиты Беллæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй алы æвзарæн зылд дæр, æвзарджыты бæрцмæ гæсгæ  дихгонд уыдзæн дыууæ кæнæ æртæ æвзарæн фадыгыл, æвзарæн округтæ кæрæдзийæ тынг ма хъуамæ хицæн кæной, максимум – 10-20 проценты. Развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ, республикæ дихтæ уыдзæн 17 иумандатон зылдыл, уыдонæй 9 уыдзысты Цхинвалы, фæйнæ дыууæ та  – районты.

ЦÆК-ы сæргълæууæг куыд загъта, афтæмæй, æвæццæгæн, æвзарæн фадгуытæ бакондæуыдзæн республикæйæн æддейæ дæр – Хуссар Ирыстонæн минæварадтæ æмæ консуладтæ кæм ис, уым, ома, Дзæуджыхъæу, Мæскуы æмæ Сухумы.

«Хуссар Ирыстоны закъонмæ гæсгæ, махæн бар ис республикæйæн æддейæ æвзарæн фадгуытæ бакæнынæн – Хуссар Ирыстонæн официалон дипломатон минæварадтæ кæм ис,  уымыты. Мæнмæ гæсгæ, æвзарæн фадгуытæ уыдзæн Мæскуы æмæ Сухумы минæварадты, афтæ ма Дзæуджыхъæуы консулад дæр», – фехъусын кодта Плион.

Дарддæр куыд банысан кодта, афтæмæй республикæйæн æддейæ цы æвзарджытæ ис, уыдонæн иумандатонты тыххæй хъæлæс дæттыны бар нæй.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, нырма бæрæг нæу, цал бюллетены бахъæудзæн, уый дæр.  Бюллетенты уыдзæн «алкæйы ныхмæ»  графа дæр.

Централон æвзарæн къамисы сæрдар фехъусын кодта, зæгъгæ, къухфысттæ æрæмбырд кæныны æмгъуыд иумандатонтæн у 30 боны.

Цæмæй æвзарæг иу хатт йедтæмæ ма схъæлæс кæна, уый тыххæй, куыд раздæры æвзæрстыты рæстæджы, афтæ ацы æвзæрстыты дæр бюллетены чъылдымыл сæ къухфыст æвæрдзысты партитæ æмæ кандидаты æууæнчы адæймæгтæ, æвзарджыты паспортты та – ЦÆК-ы мыхуыр.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.