«Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл амнисти расидыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Уынаффæйæ пайда кæныны фæткы тыххæй

 

  1. «Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл амнисти расидыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты уынаффæ (дарддæр – амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ) æххæст кæнын хæсгонд æрцæуæд:

а) сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд æмæ кæцыты хъуыддæгты фæдыл тæрхон закъонон тыхы бацыд, уыдонмæ ахасты рарастгæнæн уагдоныл.

«Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент æвзæрст кæй æрцыд, уый фæдыл амнисти расидыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Уынаффæ æххæст цæуы банысангонд ахæсттæм ахасты, рарастгæнæн уагдоны хистæры уынаффæмæ гæсгæ, кæцыйы фидар кæны прокурор. Тæрхон кæуыл счындæуыд, уымæ ахасты амнистийы тыххæй актæй спайда кæныны фæдыл Уынаффæмæ ма иу цæуынц ахæсты хисæрмагонд хъуыддаг, хорзæхты æмæ æфхæрдтыты тыххæй бæлвырдгæнæн, æндæр хъæуæг документтæ;

б) хъуыддагæвзарæн органтæ, развæлгъау слестгæнæн органтыл – зæрдæ кæмæ æхсайы æмæ зылынджын чи сты, уы-донмæ ахасты, кæцыты фыдракæндты тыххæй хъуыддæгтæ æмæ æрмæджытæ сты ацы  органты кондады;

в) тæрхондæттыл:

ахæм адæймæгтæм ахасты, кæцыты фыдракæндты тыххæй хъуыддæгтæ æмæ æрæмæджытæ сты уыцы тæрхондæтты æмæ сæм не ‘ркастæуыд амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ цалынмæ йæ тыхы бацыд, уæдмæ, афтæ ма уыцы адæймæгтæм ахасты, кæцыты фыдракæндты тыххæй хъуыддæгтæ æмæ æрмæджытæм ‘ркастæуыд, фæлæ тæрхондæтты скъуыддзагтæ сæ закъонон тыхы нæ бацыдысты;

Тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыдонмæ ахасты, кæцытæн сæ æфхæрд æххæст кæнын æргъæвд æрцыд закъоны нысангонд цаутæ æмæ фæткмæ гæсгæ, афтæ ма дзырдæй тæрхон кæуыл æрцыд, ахæм адæймæгтæ. Банысангонд ахæсттæм ахасты амнистийы тыххæй актæй спайда кæныны тыххæй фарст скъуыддзаг кæны тæрхондон, сæ уагахастыл сын контрол æххæстгæнæг мидхъуыддæгты органты бавдыстмæ гæсгæ, кæуыл стæрхончындæуыд ахæм æфсæддон службæгæнджытæм ахасты та – æфсæддон хайы командæкæнынады бавдыстмæ гæсгæ.

ивары хуызы æфхæрдцæуæг ахæсттæм ахасты, кæд æмæ ивары нæ бафидын кодтой амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны размæ. Банысангонд ахæсттæм ахасты амнистийы тыххæй актæй фарст скъуыддзаг кæны,  тæрхон чи рахаста, уыцы тæрхон;

уыцы ахæсттæм ахасты, кæцытæ, амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ цалынмæ йæ тыхы бацыд, уæдмæ сæрибар æрцыдысты дзырдæй, æмгъуыдæй раздæр, афтæ ма уыцы ахæсттæм ахасты, кæцытæн цалынмæ амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацыд, уæдмæ сæ æфхæрды рæстæгæй ма чи баззад, уый ивд æрцыд фæлмæндæр хуызы æфхæрдæй. Банысангонд ахæсттæм ахасты амнистийы тыххæй актæй спайда кæныны фарст скъуыддзаг кæны, дзырдæй, æмгъуыдæй раздæр ссæрибар кæныны тыххæй кæнæ æфхæрды æмгъуыдæй ма чи баззад, уый æфхæрды фæлмæндæр хуызæй баивыны тыххæй уынаффæ чи райста, уый.

2)  мидхъуыддæгты органтыл:

сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыдонмæ ахасты, кæцытæн сты сæрибар æмæ сæ хъуыддæгты фæдыл рахæсгæ тæрхон бацыд йæ закъонон тыхы;

рарастгæнæн куыстыты хуызы æфхæрд чи æххæст кæнынц æмæ бæрæг кусæн бынæттæ ахсыны кæнæ бæрæг архайд æххæст кæныны бар кæмæн нæй, уыцы адæймæгтæм ахасты;

д) дисциплинарон æфсæддон хæйтты командæкæнынадыл:

уыцы æфсæддон службæгæнджытæм ахасты, кæцытæн тæрхон рахастæуыд дисциплинарон æфсæддон хайы сæ дарын.

  1. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонмæ æххæст чи не ‘рцыдысты, æфхæрды ахæм уæлæмхас хуызтæй ахæстты ссæрибар кæнын æвæрд цæуы, æфхæрды сæйраг хуызæй ахæстты ссæрибар кæныны тыххæй фарст чи æвзары, уыцы уагдæттæ æмæ органтыл.
  2. Амнистийы тыххæй актæй спайда кæныны фæдыл уынаффæйæ пайда цæуы алы адæймагмæ ахасты дæр, индивидуалон æгъдауæй. Уыцы адæймаджы тыххæй хъæуæг зонæнтæ куынæ уа, уæд амнистийы тыххæй актæй спайда кæныны тыххæй фарст æргъæвд цæуы, цалынмæ уæлæмхас документтæ райстæуа, уæдмæ.

Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ æххæст кæнын цы уагдæттæ æмæ органтыл æвæрд цæуы, уыдонæн бар ис æмбæлон уагдæттæй æрдомой амнистийы актæй спайда кæныны тыххæй уынаффæ райсынæн æнæмæнгхъæуæг документтæ. Ахæм домæнтæ æххæст цæуынц æвæстиатæй.

  1. Амнистийы актæй спайда кæныны тыххæй хъуыддаг-æвзарæн органтæ, развæлгъау слестгæнæн органтæ, мидхъуыддæгты органтæ, æфсæддон хæйтты командæкæнынад цы уынаффæтæ райсынц, уыдоны фидар кæны прокурор.
  2. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы архайды бынмæ хауынц, йæ тыхы цалынмæ бацæуы, уæдмæ фыдракæндтæ цы адæймæгтæ сарæзтой, афтæ ма Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл се ‘фхæрд чи æххæст кæнынц, ахæм адæймæгтæ.
  3. Æмбарын кæнын хъæуы, амнистийы тыххæй актæй пайда кæнгæйæ:

а) амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 2 пункты «а» дæлпункты архайды бынмæ бахауынц:

1991 азæй 2008 азмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæныны фæдыл хæстон архайдтыты хайадисæг Республикæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджытæ æмæ барвæндæй æххуырст адæймæгтæ.

1989 азæй фæстæмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæныны хайадисæг адæймæгтæ, афтæ ма Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани æмæ Республикæ Абхазы хъахъхъæныны хайадисæг адæй-мæгтæ.

б) амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 2 пункты «б» дæлпункты архайды бынмæ хауынц ССР Цæдисы, УФ-йы ордентæй хорзæхджын адæймæгтæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны ордентæ æмæ майдантæй хорзæхджын адæймæгтæ.

Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 2 пункты «б» дæлпункты архайд нæ хауы, Республикæ Хуссар Ирыстоны ордентæ æмæ майдантæ сфидаргонд фæткмæ гæсгæ ист кæмæй æрцыдысты, уыцы адæймæгтæм

в) амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 2 пункты «в» дæлпункты архайды бынмæ хауынц, ныййарæджы бартæ ист кæмæй не ‘рцыдысты æмæ амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонмæ йæ сывæллæттыл 18 азы кæмæн нæ сæххæст, ахæм сылгоймæгтæ, афтæ ма ахæм сылгоймæгты, кæцытæн сывæллæттæ амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонмæ, сфидаргонд фæткмæ гæсгæ нымад æрцыдысты инвалидтыл, кæд æмæ инвалидтæ систы 18 азы сæххæсты агъоммæ;

амнистийы актæй спайда кæныны тыххæй Уынаффæ райсыны бонмæ сывæрджын сылгоймæгтæ;

г) амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 2 пункты «г» дæлпункты архайды бынмæ хауынц амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонмæ 55 азы кæуыл сæххæст, ахæм нæлгоймæгтæ æмæ амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонмæ 50 азы кæуыл сæххæст, ахæм сылгоймæгтæ;

д) амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 2 пункты «9» дæлпункты архайды бынмæ хауынц, сфидаргонд фæткмæ гæсгæ, амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ  йæ тыхы бацæуыны бонмæ I æмæ II къорды инвалидтыл нымад чи ‘рцыдысты, ахæм адæймæгтæ; амнистийы актæй спайда кæныны тыххæй уынаффæ райсыны бонмæ сфидаргонд фæткмæ гæсгæ рæуджыты низæй рынчынтæй диспансерон хыгъды I æмæ II къорды инвалидтæм хаст чи ‘рцыдысты, ахæм адæймæгтæ.

  1. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 4 пункты «б», «в» æмæ «г» дæлпунктты æмæ 5 пункты «б» дæлпункты нысангонд æфхæрды æмгъуыды хай нымад цæуы йæ тыхы бацæуыны бонмæ.
  2. Амнистийы тыххæй актæй пайда нæ цæуы, къорд фыдракæнды тыххæй тæрхон кæмæн рахастæуыд, ахæм адæймæгтæм ахасты, кæд æмæ уыцы фыдракæндтæй иу нысан ис амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 12 пункты.
  3. Къорд фыдракæнды саразыны тыххæй фыццаг хатт тæрхон кæуыл æрцыд, ахæм нæлгоймæгтæ, амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 4 пункты «б» дæлпункты æмæ 5 пункты «а» дæлпункты архайды бын бахаугæйæ, гæнæн ис сæрибар æрцæуой æфхæрд æххæст кæнынæй, кæд æмæ æфхæрды иумæйаг æмгъуыд сæрибардзинад æрисын фондз азæй фылдæр нæу.
  4. Къорд фыдракæнды саразыны тыххæй тæрхон кæуыл æрцыд æмæ амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 4 пункты «в» дæлпункты æмæ 5 пункты «а» дæлпункты архайды бын чи бахаудысты, æфхæрды снысангонд æмгъуыдæн æппынкъаддæр йе ‘мбис ахæстоны чи фæбадт, уыдон гæнæн ис, сæрибар æрцæуой æфхæрд æххæст кæнынæй, кæд æмæ æфхæрды иумæйаг æмгъуыд дæс азæй фылдæр нæу.
  5. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 8 пункты «в» дæлпункты архайды бынмæ хауынц, раздæр тæрхон кæуыл нæ цыд, ахæм æнахъомтæ.
  6. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 7 пункты амынд ахæстты æфхæрды æнæсæххæстгонд хай нымад цæуы, амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ æххæст кæныны фæуды бонмæ.
  7. Æфхæрд æххæст кæнын урæд цæуы, ацы Уынаффæйы I пункты «а» дæлпункты æмæ 4 пункты амынд уагдæттæ амнистийы актæй тыххæй спайда кæныны тыххæй Уынаффæйы прокурор цы бон сфидар кæна, уыцы бонæй фæстæмæ.
  8. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы архайды бынмæ бахауæг адæймæгтæ сæрибар нæ цæуынц административон æфхæрдæй æмæ антибарадон архайдтытæ саразыны фæстиуæгæн цы зиан ракодта, уый баххæст кæныны хæсæй.
  9. Ныххатыр кæныны фæткмæ æмæ амнистийы актмæ гæс-гæ æфхæрды æмгъуыд кæмæн фæкъаддæр, уыцы адæймæгтæм ахасты амнистийы актæй пайда кæнгæйæ, бындуриуæг хъæуы æмбæлон акттæй сфидаргонд æфхæрды æмгъуыдыл.
  10. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 9 пунктмæ гæсгæ, къаддæр цæуы æфхæрды æмгъуыды уыцы хай, кæцы æххæсткæнинагæй баззад амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонмæ. Ацы пункты архайды бынмæ хауынц, амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны агъоммæ тæрхон рахæссыны фæдыл сæ хъуыддæгтæ закъонон тых кæмæн райстой, ахæм ахæсттæ.
  11. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы 11 æмæ 12 пунктты ахæсттæн архайды сфидаргонд арæнтæ хауынц, зæрдæ кæмæ æхсайы æмæ зылынджын чи сты, уыдонмæ дæр, кæцытæн сæ хъуыддæгтæ æмæ æрмæджытæ сты фыдракæндтæ æвзарæг органты æмæ развæлгъау слестгæнæн органты кондады.
  12. Амнистийы тыххæй акттæй пайда кæнгæйæ, хынцын хъæуы:

а) сфидаргонд закъонон фæткмæ гæсгæ систæрцæуæг рахæсгæ тæрхæттæ;

б)  Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг Уæрæсейы Федерацийы Уголовон кодексы нысан чи не сты, Республикæ Хуссар Ирыстоны закъондæттынады нысангонд уголовон бæрндзинадæй дарддæр, уыцы фыдракæндты тыххæй рахæсгæ тæрхæттæ;

в) æфхæрды хуызмæ нæ кæсгæйæ æнарæхстдзинады аххосæй раздæр саразгæ фыдракæнды тыххæй рахæсгæ тæрхæттæ;

г) зонгæ зонын саразгæ фыдракæндты тыххæй рахæсгæ тæрхæттæ, кæцыты тыххæй нысан æрцыдысты, сæрибардзинад æрисынимæ баст чи не сты, ахæм æфхæрдтæ;

д) ахæм фыдракæндты фæдыл тæрхæттæ, кæцыты тыххæй æфхæрд райдыдта дзырдæй кæнæ та æфхæрд æххæст кæнын аргъæвæнæй. Кæд æмæ дарддæр, тæрхон кæуыл æрцыд, уый æрвыст не ‘рцыд ахæстонмæ снысангонд æфхæрд æххæст кæныны тыххæй;

е) Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийæн æдтейæ æфхæрд æххæстгæнæг адæймæгты тæрхæтты хъуыддæгтæ.

  1. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæйы II пункты «б» дæлпунктмæ гæсгæ амнистийы тыххæй актæй пайда нæ цæуы уыцы адæймæгтæм ахасты, кæцытыл тæрхон чындæуыд, кæнæ та сæ тæрхон ист æрцыд ныххатыр кæныны хуызы 2007 азы амнистийы тыххæй актмæ гæсгæ.
  2. Амнистийы тыххæй актæй пайда кæнгæйæ, æфхæрд æххæст кæныны сфидаргонд фæтк гуымир æгъдауæй халджытыл нымайын хъæуы;

а) рарастгæнæн уагдоны хистæр æмбæлон уынаффæ кæй тыххæй рахаста, уыцы ахæстты;

б) рарастгæнæн куыстыты тæрхон кæмæн рахастæуыд, ахæм ахæсттæ, кæцытæн рарастгæнæн куыстыты сæххæсткæ-нинаг æмгъуыды æфхæрдæй, гуымир æгъдауæй хи тылиф кæныны тыххæй тæрхондон баивта сæрибардзинад æрисыны хуызы æфхæрдæй, кæд æмæ амнистийы актæй спайда кæныны тыххæй уынаффæ расидыны бонмæ ахæстоны æхсæз мæйæ фылдæр нæ уыдысты;

в) рарастгæнæн куыстыты тæрхон кæмæн рахастæуыд æмæ уголовон-æххæстгæнæн инспекциты хыгъды слæууыны агъоммæ ног фыдракæнд чи сарæзтой, ахæм ахæсттæ.

г) тæрхон йæ тыхы бацæуыны агъоммæ зонгæ зонын фыдракæнд чи сарæзтой, афтæ ма тæрхондоны сбæлвырдгонд фæлварæн æмгъуыды кæнæ æфхæрд аргъæвыны рæстæджы фыдракæндтæ саразджытæ.

д) тæрхондон дзырдæй бафхæрд, дзырдæй æмгъуыдæй раздæр ссæрибар кæнын кæнæ æфхæрд æххæст кæнын аргъæвын кæмæн аивта, уыцы ахæсттæ, кæд æмæ банысангонд ахæстты рарастгæнæн уагдæттæм арвитыны тыххæй тæрхондоны уынаффæ рахæссыны фæстæ уыдон амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонмæ афæдзæй къаддæр уыдысты хъусдарды бын.

е) закъоны кæнæ тæрхондоны сфидаргонд æмгъуыдтæм æнæ аххосæй ивартæ чи нæ бафыстой, ахæм ахæсттæ.

  1. Æфхæрд чи æххæст кæны, кæцытæм ахасты сфидаргонд фæткмæ гæсгæ нысан æрцыдысты медицинон характеры тыхæй пайдагæнæн мадзæлттæ, куыд алкоголизм æмæ наркоманийæ кæнæ венерион низтæй æнæмæнг хос кæнын, уыдонмæ ахастыты амнистийы актæй пайда кæныны тыххæй æрмæджытæм æркастæуы, банысангонд ахæсттæ хос кæныны æххæст курс рацæуыны фæстæ.

Алкоголизм, наркомани, афтæ ма венерион низтæй хос кæныны курс фæудыл банымайынæн бындур у медицинон хатдзæг. Алкоголизм кæнæ наркоманийæ хос кæныны хуызы медицинон характеры ахæсттæм ахасты тыхæй кæнгæ мадзæлттæ нысан кæнынæн бындур у банысангонд мадзæлттæй пайда кæнын æруромыны тыххæй тæрхондоны бæлвырдгæнæн.

Алкоголизм кæнæ наркоманийæ хос кæныны хуызы медицинон характеры тыхæй кæнгæ мадзæлттæ ахæм адæймæгтæн снысан кæнын, кæцытæм ахасты амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ официалонæй ныммыхуыр кæныны бонмæ сæ закъонон тыхы нæ бацыдысты, нæу бындур амнистийы тыххæй актæй спайда кæныныл ма сразы уæвынæн.

Диспансерон хыгъды I къордмæ хаст рæуджыты низæй рынчын ахæсттæм ахасты амнистийы актæй спайда кæныны тыххæй æрмæджытæм æркастæуы, ахæм ахæсттæ хос кæныны интенсивон курс куы фæвæййынц æмæ бактеритæ куынæуал парахат кæнынц – уый та бафидар æрцæуы медицинон хатдзæгæй.

Ахæстонæй сæрибаргонд рæуджыты низæй рынчынтæн, кæцытæ хаст æрцыдысты диспансерон хыгъды I кæнæ II къордмæ, хъæуæг медицинон æххуыс организаци кæнынæн рарастгæнæн уагдæттæ хъуамæ æвæстиатæй фехъусын кæной паддзахадон хицауиуæгады æмбæлон бынæттон органтæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны органтæм ахæм адæймæгты ссæрибар кæныны тыххæй.

  1. Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауадмæ фæндон бахастæуæд, цæмæй сæххæст кæной ахæстонæй ссæрибаргонд адæймæгты фæллойадон æмæ цардуагон уавæртæ хуыздæр кæныны фæдыл мадзæлттæ, афтæ ма сын медицинон лæггæд-ты бакæной.
  2. Амнисти расидыны тыххæй Уынаффæ йæ тыхы бацæуыны бонæй æртæ мæйы æмгъуыдмæ амнистийы актæй пайда кæныны тыххæй фарст куы фæзына, уæд уый æххæст цæуы ацы Уынаффæйы I пункты нысангонд фæткмæ гæсгæ.
  3. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар ГАССИТЫ Петр

г. Цхинвал, 2017 азы 7 июнь

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.