Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент æвзæрст кæй æрцыд, уый  фæдыл амнисти расидыны тыххæй

Республикæ Хуссар Ирыстоны ног Президент æвзæрст кæй æрцыд, афтæ ма гуманизмы принциптæй разамынд кæнгæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Кокнституцийы (Бындурон Закъоны) 61-æм статьяйы 22-æм пунктмæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент уынаффæ кæны:

  1. Æфхæрдæй сæрибар æрцæуæд, сæ сæрибардзинад æртæ азмæ фыццаг хатт ист кæмæн æрцыд, уыдон.
  2. Æфхæрдæй сæрибар æрцæуæд, æмгъуыдмæ нæ кæсгæйæ, сæ сæрибардзинад ист кæмæн æрцыд:

а)  Фыдыбæстæ хъахъхъæныны фæдыл хæстон архайдтыты хайад чи истой, уыдон:

б) ССР Цæдисы, УФ-йы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ордентæ æмæ майдантæй хорзæхджын чи сты, уыдон;

в) æнæххæст кары сывæллæттæ кæмæн ис, ахæм сылгоймæгтæ, сывæлллæттæ-инвалидтæ, афтæ сывæрджын сыл-гоймæгтæ;

г) 55 азæй хистæр нæлгоймæгтæ æмæ 50 азæй хистæр сылгоймæгтæ;

д) I æмæ II къорды инвалидтæ, афтæ рæуджыты низæй рынчынтæ, кæцытæ диспансеры хыгъды хаст сты I  æмæ  II-аг къордмæ.

  1. Æфхæрдæй сæрибар æрцæуæт, сæ сæрибардзинад фондз азы æмгъуыдмæ ист кæмæн æрцыдысты æмæ раздæр ахæстоны чи нæ бадтысты, ахæм æнæххæст кары сывæллæттæ.
  2. Сæрибардзинад æрисыны хуызы æфхæрдæй сæрибар æрцæуæд зонгæ зонын фыдракæнд саразыны тыххæй:

а) фондз азы æмгъуыдмæ фыццаг хатт тæрхон кæуыл æрцыд, ахæм сылгоймæгтæ.

б) фондзы азы æмгъуыдмæ фыццаг хатт тæрхон кæуыл æрцыд æмæ æфхæрды снысангонд æмгъуыдæн æппынкъаддæр йæ дыууæ æртыккæгæм хай чи фæбадт, ахæм нæлгоймæгтæ;

в) дæс азы æмгъуыдмæ фыццаг хатт кæуыл стæрхон чындæуыд æмæ æфхæрды снысангонд æмгъуыдæн æппынкъаддæр йæ дыууæ æртыккаг хайы чи фæбадт, уыдон;

г) дæс азæй фылдæры æмгъуыдмæ фыццаг хатт кæуыл стæр-хон чындæуыд æмæ æфхæрды снысангонд æмгъуыдæн æппын-къаддæр йæ æртæ цыппæрæм хайы чи фæбадт, уыдон.

5) Æфхæрдæй сæрибар æрцæуæд ахæм фыдракæндты тыххæй, кæцытæ арæзт æрцыдысты æнарæхстдзинады аххосæй æмæ сын сæ сæрибардзинад æрисыны тæрхон рахастæуыд ахæм æмгъуыдмæ:

а) фондз азмæ;

б) дæс азмæ, æфхæрды снысангонд æмгъуыдæн æппынкъаддæр йе ‘мбис чи фæбадт.

  1. Æфхæрдæй сæрибар æрцæуæд, дзырдæй кæуыл стæрхон чындæуыд, сæрибардзинад æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, кæцытæн æфхæрд ахастæуыд фæстæдæрмæ, афтæ ма сæрибардзинад æрисынимæ баст чи нæу, ахæм æфхæрд кæмæн ис, уыдон.
  2. Сæрибардзинад æрисыны хуызы æфхæрдæй сæрибар æрцæуæд, сæ æфхæрды æмгъуыдæй ма ацы Уынаффæ æххæст кæныны фæуды бонмæ афæдзæй къаддæр кæмæн баззад, ацы Уынаффæйы 12 пункты цы нысангонд арæнтæ ис, уыдонмæ нæ кæсгæйæ.
  3. Урæд æрцæуæд, æвзарæг органты, развæлгъау слестгæнæг органты æмæ тæрхондæтты кондады чи сты, уыцы уголовон хъуыддæгтæ, ацы Уынаффæ цалынмæ йæ тыхы нæ бацыд, уæдмæ саразгæ фыдракæндты тыххæй уголовон хъуыддæгты ахæм адæймæгтæм ахасты:

а)  максималон æфхæрд æртæ азæй фылдæр нысан кæмæн нæу, ахæм фыдракæнд саразыны зæрдæ кæмæ æхсайы кæнæ зылынджын чи цæуынц, ахæм адæймæгтæ;

б) ацы Уынаффæйы 2-аг пункты «а», «б», «в», «г», «д» дæл-пунктты амынд адæймæгтæ;

в) максималон æфхæрд сæрибардзинад æрисын фондз азæй фылдæр кæй тыххæй нæу, ахæм фыдракæнд саразыны зæрдæ кæмæ æхсайы кæнæ зылынджын чи цæуынц æмæ раздæр æфхæрды тæрхон кæуыл нæ уыд, ахæм æнахъомтæ;

г) максималон æфхæрд сæрибардзинад æрисын фондз азæй фылдæр кæй тыххæй нæу ахæм фыдракæнд зонгæ зонын саразыны зæрдæ кæмæ æхсайы кæнæ зылынджын чи цæуынц æмæ раздæр зонгæ зонын фыдракæндтæ чи нæ сарæзтой, ахæм сылгоймæгтæ;

д) максималон æфхæрд сæрибардзинад æрисын фондз азæй фылдæр кæй тыххæй нæу, ахæм фыдракæндтæ сæ æнарæхстдзинадæй саразыны зæрдæ кæмæ æхсайы кæнæ зылынджын чи цæуынц, ахæм адæймæгтæ;

е) сæрибардзинад æрисынимæ баст чи не сты, ахæм фыдракæндтæ саразыны зæрдæ кæмæ æхсайы кæнæ зылынджын чи цæуынц, ахæм адæймæгтæ.

Сæрибардзинад æрисыны хуызы æфхæрд нысан кæй тыххæй ис, ахæм фыдракæндты тыххæй уголовон хъуыддæгты фæдыл, кæцытæ арæзт æрцыдысты ацы Уынаффæ цалынмæ йæ тыхы нæ бацыд, уæдмæ, кæд тæрхондон кæд хъæуæгыл банымайа, сæри-бардзинад æрисынмæ баст чи нæу, ахæм æфхæрд снысан кæнын, уæд ахæм аххосджынтæ сæрибар цæуынц æфхæрдæй.

Сæрибардзинад æртæ азæй фылдæры æмгъуыдмæ æрисыны æфхæрд кæй тыххæй нысан у, ахæм фыдракæндты тыххæй уголовон хъуыддæгты фæдыл, кæцытæ арæзт æрцыдысты ацы Уынаффæ цалынмæ йæ тыхы нæ бацыд, уæдмæ, тæрхондон кæд хъæуæгыл банымайа сæрибардзинад æртæ азы æмгъуыдмæ æрисыны æфхæрд снысан кæнын, уæд аххосджынтæ сæрибар цæуынц æфхæрдæй.

Сæрибардзинад фондз азæй фылдæры æмгъуыдмæ æрисыны æфхæрд кæй тыххæй нысан у, ахæм фыдракæндты тыххæй уголовон хъуыддæгты фæдыл, кæцытæ цалынмæ ацы Уынаффæ йæ тыхы нæ бацыд, уæдмæ сарæзтой, раздæр æфхæрд чи нæ баййæфтой, ахæм æнахъомтæ æмæ зонгæ-зонын фыццаг хатт фыдракæнд чи сарæзтой ахæм сылгоймæгтæ, тæрхондон хъæуæгыл куы банымайа сæрибардзинад фондз азы æмгъуыдмæ æрисыны æфхæрд снысан кæнын, уæд банымадгонд аххос-джынтæ сæрибар цæуынц æфхæрдæй.

Æнарæхстдзинады аххосæй сæрибардзинад фондз азæй фылдæр æмгъуыдмæ æрисыны æфхæрд кæй тыххæй нысан у, ахæм фыдракæнды тыххæй уголовон хъуыддæгты фæдыл, кæцытæ арæзт æрцыдысты, ацы Уынаффæ цалынмæ йæ тыхы цыдис, уæдмæ, тæрхондон, кæд хъæуæгыл банымайа сæрибардзинад фондз азы æмгъуыдмæ æрисыны æфхæрд снысан кæнын, уæд аххосджынтæ сæрибар цæуынц æфхæрдæй.

  1. Æфхæрды æмгъуыдæй ма чи баззад, уый фæкъаддæр кæнын.

а)  ацы Уынаффæйы 3-5 пунктты архайд кæмæ нæ хауы, ахæм тæрхонгонд æнахъомтæн; ацы Уынаффæйы 1 æмæ 2 пунктты, 4 пункты «а» æмæ «б» дæлпунктты архайд кæмæ нæ хауынц æмæ зонгæ-зонын фыдракæнд саразыны тыххæй сæри-бардзинад фондз азы æмгъуыдмæ æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, ахæмтæн, афтæ ма æнарæхстдзинады аххосæй фыдракæнд саразыны тыххæй сæрибардзинад дæс азы æмгъуыдмæ æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд æмæ ацы уынаффæйы 5 пункты «б» дæлпункты архайд кæмæ нæ хауы, уыдонæн къаддæр цæуы æрдæгыл;

б) зонгæ-зонын фыдракæнд саразыны тыххæй сæрибардзинад дæс азы æмгъуыдмæ æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд æмæ ацы Уынаффæйы 2 пункты æмæ 4 пункты «г» дæлпункты архайд кæмæ нæ хауы, уыдонæн  иу æртыккæгæм хай;

в) зонгæ-зонын фыдракæнд саразыны тыххæй сæрибардзинад дæс азæй фылдæры æмгъуыдмæ æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд æмæ ацы Уынаффæйы 2 пункты æмæ 4 пункты «г» дæлпункты архайд кæнæ нæ хауы, уыдонæн  иу цыппæрæм хай;

г) ацы Уынаффæйы 2 пункты «а» æмæ «д» дæлпунктты нысангонд адæймæгтæн, кæцытæн зонгæ зонын фыдракæнд саразыны тыххæй сæрибардзинад фондз азæй фылдæры æмгъуыдмæ æрисыны тæрхон рахастæуыд, иу æртыккæгæм хай, зонгæ зонын фыдракæнд саразыны тыххæй сæрибардзинад дæс азæй фылдæры æмгъуыдмæ æрисыны тæрхон кæмæн рахастæуыд, уыдонæн та  иу цыппæрæм хай.

  1. Ацы Уынаффæйы 1-7 пунктты 9 пунктты архайд нæ хауы:

а) æфхæрд æххæст кæныны сфидаргонд фæтк уæлдай тынгдæр чи халынц, уыцы ахæсттæм;

б) ныххатыр кæныны руаджы ахæстæттæй кæнæ та 2007 азы фæстæ амнистийы тыххæй актмæ гæсгæ сæрибар чи рцыдысты æмæ ногæй зонгæ зонын фыдракæндтæ чи сарæзтой, уыдонмæ;

в) Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг Уæрæсейы Федерацийы Уголовон кодексмæ гæсгæ уæлдай тæссагдæр рецидивисттыл кæнæ та уæлдай тæссагдæр рецедивы фыдра-кæнд саразыныл нымад чи сты, ахæм ахæсттæм;

г) ахæстоны уæвгæйæ зонгæ зонын ногæй фыдракæнд чи сарæзтой, ахæм ахæсттæм.

  1. Ацы Уыннаффæйы 2-6 пунктты, 8 пункты «б», «в», «г», «д» æмæ «е» дæлпунктты æмæ 9 пункты «а» æмæ «в» дæлпунктты архайд нæ хауы:

Республикæ Хуссар Ирыстоны архайæг Уæрæсейы Федерацийы Уголовон кодексы 105, 106 статьяты, 109 статьяйы æртыккаг хайы, 110, 111 статьяты, 112 статьяйы дыккаг хайы, 117 статьяйы дыккаг хайы, 120 статьяйы, 122 статьяйы дыккаг, æртыккаг æмæ цыппæрæм хайты, 126 статьяйы, 127, 127.1 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хайты 131, 132, 134, 135 статьяты, 150 статьяйы, 151 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 158 статьяйы æртыккаг æмæ цыппæрæм хæйтты, 159 статьяйы æртыккаг æмæ цыппæрæм хæйтты, 160 статьяйы æртаккаг æмæ цыппæрæм хæйтты, 161 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 162, 163, 164 статьяты, 165 статьяйы дыккаг хай, 166 статьяйы æртыккаг æмæ цыппæрæм хæйттæ, 174 статьяйы цыппæрæм хай, 174.1, 176, 186, 187 статьяты, 201 статьяйы дыккаг хай, 205, 205.1, 205.2, 206, 208, 209, 210, 212 статьяты, 213 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 218 статьяйы, 222 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 223 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйттæ, 226 статьяйы, 228 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 228.1, 232 статьяты, 234 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 240, 241 статьяйы, 264 статьяйы дыккаг-æхсæзæм хæйтты, 275, 276, 277, 278, 279, 281, 282 статьяты 285 статьяйы дыккаг æмæ тртыккаг хæйтты, 286 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 299, 300 статьяйы, 301 статьяйы æртыккаг хайы, 306 статьяйы æртыккаг хайы, 335 статьяйы дыккаг æмæ æртыккаг хæйтты, 360 статьяйы нысангонд фыдракæндты тыххæй тæрхон кæуыл æрцыд, уыдонмæ.

  1. Уынаффæйы архайд хауы, Республикæ Хуссар Ирыстоны тæрхондæттæ кæуыл стæрхон кодтой, уыцы адæймæгтæ.
  2. Ацы Уынаффæ йæ тыхы цæуы официалонæй йæ ныммыхуыр кæныны бонæй æмæ хъуамæ æххæст æрцæуа æртæ мæйы æмгъуыдмæ.

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр

г. Цхинвал, 2017 азы 7 июнь

 

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.