26 июны уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны VII æрсидт Парламенты фыццаг сессийы дыккаг рабадт. Рабадт уагъта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан. Райдианы парламентаритæ æркастысты парламентон къамисты скондмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй фарстмæ. Сæрмагондæй, Хуссар Ирыстоны Парламенты Мандатон къамисы скондæй ракондæуыд Габатты Аланы æмæ йæ бынатмæ баконд æрцыд Кокойты Валери. Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Нымайæн къамисы скондæй ракондæуыд Диакъонты Амираны, йæ бынат ын бацахста Хъотайты Димитр.

Уымæй дарддæры æркастæуыд Хуссар Ирыстоны Парламенты Секретариаты скондæй Джиоты Еленæйы ракæнын æмæ йын йæ бынатмæ Хуыджеты Русланы бакæныны тыххæй фарстмæ.

Сессийы æвзæрст æрцыдысты парламентон камитетты ног къухдариуæггæнджытæ.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл комитеты сæрдарæй æвзæрст æр-цыд Джиоты Еленæ, кæцыйы кандидатурæйы тыххæй схъæлæс кодтой депутаттæ иууылдæр.

Æддагон политикæ  æмæ æх-сæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæргълæууæгæй æвзæрст æрцыд Дриаты Заза. Йæ кандидатурæйы тыххæй схъæлæс кодтой 26 депутаты, æхсæзæй та уыдысты йæ ныхмæ.

Фæсивæды хъуыддæгты, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар ссис Гæбæраты Инал. Йæ кандидатурæйы тыххæй хъæлæсæппæрсты иу депутат йæхиуыл фæхæцыд, иннæтæ хъæлæс радтой йæ равзарыны тыххæй.

Рабадты равзæрстой Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдуагæвæрды фæдыл комитеты сæрдары дæр. Ацы Бынатмæ раразмæгонд æрцыдысты æртæ кандидатурæйы: Габатты Аланы, Бесаты Зитæйы æмæ Гаглойты Аланы.

Ацы комитеты сæрдарæй æвзæрст æрцыд Габатты Алан. Йæ кандидатурæйы фарс рахæцыдысты  22 депутаты.

Национ  политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитет дихгонд æрцыд дыууæ комитетыл  Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитет æмæ Ахуырад æмæ культурæйы фæдыл комитет.

Национ политикæ, культурæ, дин æмæ дзыллон информацийы фæрæзты фæдыл комитеты сæргъ слæууыд Диакъонты Амиран, Ахуырад æмæ зонады фæдыл комитеты къухдариуæггæнæгæй та  æвзæрст æрцыд Уырыгаты Инал.

Дыууæ кандидатурæйы фарс дæр депутаттæ рахæцыдысты æмхъæлæсæй.

Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты бынатмæ æвзæрст æрцыд Бибылты Ацæмæз.

Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæргълæууæгæй æмхъæлæсæй æвзæрст æрцыд РХИ-йы Парламенты вице-спикер Плиты Александр.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл комитеты сæргълæууæгæй æвзæрст æрцыд Тъехты Алан. Уый тыххæй хъæлæс радтой 22 депутаты, æртæйæ схъæлæс кодтой йæ ныхмæ, иу та йæхиуыл фæхæцыд.

Сессийы æвзæрст æрцыдысты Парламенты регламентмæ хъусдарыны æмæ депутатон этикæйы фарстаты фæдыл къамисты сæрдæрттæ. Уыдон систы Мулдарты Гарри æмæ Тадтаты Анатоли.

Дарддæр депутаттæ сфидар кодтой РХИ-йы Парламенты структурæ.

Сессийы Бесаты Зитæ фæндон бахаста, цæмæй Сæудæджерад, арæзтад, транспорт, бастдзинад æмæ æрдзон фæсауæрцты фæдыл комитет дæр дих æрцæуа дыууæ комитетыл. Скъуыддзаг æрцыд, цæмæй ацы фарстмæ æркастæуа Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг сессийы æртыккаг рабадты. Уый фæстиуæгæн ацы комитеты сæрдар равзарыны фарст дæр рахаст æрцыд радон рабадтмæ.

Хуссар Ирыстоны Парламенты сессийы куысты хайад райста РХИ-йы Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.