Хуссар Ирыстоны Тыбылты Алыксандры номыл паддзахадон университеты фыццæгæм июлæй райдайдзысты абитуриентты документтæ исын. Æдæппæт республикæйы æмæ районты астæуккаг ахуырадон уагдæтты 2019 азы рауагъдонты нымæц у 519  адæймаджы.

Рауагъдонтæн ис фадат боны æмæ фæсаууонмæ хайадтæм равзарын 20 дæсныйадæй фылдæр. Иннæ азтæй уæлдай ма ацы аз баконд æрцыд ног факультет – дунеон журналистикæ.

Нæ абитуриенттæн ныллæууыдис сæ царды сæйраг фæндаг равзарыны афон. Уый афтæ æнцон дæр нæу. Бирæ цыдæртæ хъæуы арабар-бабар кæнын. Æмæ уый та канд нæ ацы азы рауагъдонтæм нæ хауы, фæлæ раздæры азты цыдæр аххосæгтæм гæсгæ дарддæры ахуыры фæндагыл чи нæ ныллæууыд, уыдонмæ дæр. Фадæттæ æмæ сын фæндæгтæ та – уæрæх. Уыдон фылдӕрбӕрцӕй æвзарынц математикæ æмæ информатикæйы факультеттæ. Популярон ма сты ахæм факультеттæ, куыд психологи, сæудæджерадон æмæ æмбæстагон арæзтад, юриспруденци, экономикæ æмæ физикон хъомылад. Æндæр факультеттæй хъауджыдæр историон-юридикон факультетмæ балæвæрдæуыд фылдæр куырдиæттæ.

Хъыгагæн, бирæ абитуриенттæ ахуыр кæнынмæ ацæуынц Уæрæсейы Федерацийы алы горæттæм, фæлæ фæстæмæ иууыл нал æрыздæхынц, уымæн æмæ сæ дæсныйæдтæ Хуссар Ирыстоны хъæуæг нæ вæййынц кæнæ та сын кусæн бынат нæ разыны.

Нæ университеты ректор Тедеты Вадимы архайды руаджы ХИПУ лæууы Уæрæсейы Федерацийы университетты æмвæзадыл, йæ дипломæн ис уыдоны æмбæрц тых. Баконд дзы æрцыдысты, нæ фæсивæд раздæр Республикæйæн æдтæмæ ахуыр кæнынмæ цы факультеттæм цыдысты, ахæмтæ. Фæуæрæхдæр сты ХИПУ-йы авналæнтæ, бирæ уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ ныридæгæн æмгуыст кæны студентты хæрзиуæгæн.

Нæ студентты ‘хсæн ис цæгатирыстойнаг, абхазаг æмæ ма Сирийы скъолаты рауагъдонтæ дæр.

Дзыллон информацийы фæрæзты кусджыты рæнхъытæ фидæны баххæст кæндзысты, журналистикæйы факультетмæ чи цæуынц, уыцы абитуриенттæй чи бахауа, уыдон, кæцытæн сæ фыццаг фæлварæн уыдзæн 14 июлы сæрибар темæйыл сочинени.

Паддзахад æмæ университеты къухдариуæгад дæтты хорз фадæттæ, цæмæй абитуриенттæ райсой куыд теоретикон, афтæ практикон зонындзинæдтæ дæр æмæ сæ рауайа дæсны специалисттæ.

Университеты æппæт кусджытæ дæр сæ зонындзинæдтæ рæдауæй амонынц студенттæн.

Уæдæ, табуафси, зынаргъ абитуриенттæ, æрбацæут æмæ радтут фæлварæнтæ нæ уарзон университетмæ, равзарут уæхицæн аккаг дæсныйад.

ДРИАТЫ Лейла, ХИПУ-йы ацы азы рауагъдон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.