30-æм декабры уыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фæндзæм сессийы æртыккаг рабадт. Уагъта йæ Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли.

Фыццаг хатт РХИ-йы Парламенты сессийы куысты хайад райста Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Кокойты Зураб.

Парламенты РХИ-йы Президенты минæвар Козаты Мадинæ фехъусын кодта Президенты фæндон РХИ-йы Конституцимæ ивындзинæдтæ баххæссыны тыххæй æмæ бамбарын кодта бахæссинаг ивындзинæдты мидис. Закъондæттынад, закъондзинад æмæ бынæттон хæдразамынды фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Олеся бамбарын кодта РХИ-йы Парламентмæ æвзæрстыты пропорционалонæй мажоритарон-пропорционалон системæмæ рахизыны аххосæгты тыххæй æмæ йын радта характеристикæ. РХИ-йы Конституцийы 57-æм статьяйы фыццаг хай равæрд у ахæм хуызы: «Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент æвзæрст цæуы фондз азы æмгъуыдмæ 34 депутаты скондæй, уы-донæй 17 депутаты æвзæрст цæуынц иумондатон æвзарæн зылдтытæм гæсгæ, 17 депутаты та – иугонд республикон æвзарæн зылды пропорционалон системæмæ гæсгæ».

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой Парламенты депутаттæ Тасойты Димитр, Диакъонты Амиран, Мамиты Инал, Чилæхсаты Владимир, Плиты Александр, Бибылты Анатоли.

Фылдæр хъæлæстæй бахаст ивындзинæдтæ ист æрцыдысты æмхъæлæсæй.

«РХИ-йы архайды хицæн хуызты лицензи кæныны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» РХИ-йы Закъоны проект уынаффæмæ рахаста Сæудæджерад, бастдзинад, транспорт æмæ æрдзон ресурсты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Тедеты Руслан. Ацы закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад сæвзæрд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламент «Республикæ Хуссар Ирыстоны бастдзинады тыххæй» цы Закъон райста, уый йæ тыхы кæй бацыд, уымæ гæсгæ. Закъоны проект бакуыста Республикæ Хуссар Ирыстоны бастдзинад æмæ дзыллон коммуникациты комитет. Закъонæн ис æппæт æнæмæнгхъæуæг документтæ æркæсыны тыххæй, уыцы нымæцы финансон-экономикон бындурæвæрд, РХИ-йы Юстицийы министрады барадон æмæ коррупцийы ныхмæ экспертизæ, РХИ-йы Президенты Администрацийы Паддзахадон-барадон управленийы хатдзæг, РХИ-йы Парламенты Контролон-барадон  управленийы хат-дзæг. Закъоны проекты фæндæттæ цы ивындзинæдты тыххæй бахастой, уыдоныл иумæ æруынаффæ кæндзысты «РХИ-йы бастдзинады тыххæй» æмæ «РХИ-йы архайды хицæн хуызты лицензи кæныны тыххæй» РХИ-йы архайæг дыууæ Закъоны.

Уæлдай фылдæр дискусситæ расайдта «Ахуырады тыххæй» РХИ-йы Закъон, кæцыйы уынаф-фæмæ рахаста Национ политикæ, культурæ, ахуырад, зонад, дин, æмæ дзыллон информацион фæ-рæзты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Закъоныл иу æмæ дыууæ хатты нæ уынаффæ кодтой профилон комитеты рабадтыты, РХИ-йы Парламенты Президиумы закъоны фæдыл уагъд цыд бирæнымæц консультацитæ РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрадимæ, æндæр ведомствотимæ. РХИ-йы Парламенты Президиумы фæстаг рабадты проекты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой йæ уæнгтæ иууылдæр, афтæ ма министртæ Гасситы Натали æмæ Хæбæлаты Азæ. Гæбæраты Юри йæ раныхасы рахицæн кодта Закъоны проекты цалдæр сæйраг пункты, кæцытæ расайдтой быцæутæ: Бынæттон ахуырадон структурæтимæ, рæвдауæндоны (ясельный) кары тыххæй, бакалавриат æмæ магистратурæйы тыххæй, æнæпаддзахадон ахуырадон уагдæтты финанс кæныны тыххæй Ахуырад æмæ зонады министрады  ахастыты тыххæй. Уæд ист æрцыд уынаффæ барасткæнинæгтимæ йыл Парламенты сессийы рабадты уынаффæ адарддæр кæнын, кæ-цытæ хауынц рæвдауæндоны (ясельный) кар æмæ æнæпаддзахадон скъолатæм.

РХИ-й Парламенты сессийы рабадты ацы фарсты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой Парламенты  РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады æххæстбарджын минæвæрттæ Козаты Мадинæ æмæ Кокойты Зураб, РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали, Парламенты депутаттæ Коцты Жаннæ, Бибылты Анатоли, Мамиты Инал, Бесаты Зитæ, Коцты Игорь, Тасойты Димитр, Коцты Олеся, Джиоты Аллæ, Плиты Александр. Дискусситы кæрон ныхасы бар лæвæрд æр-цыд профилон комитеты сæрдар Гæбæраты Юрийæн.

Закъоны проект ист æрцыд фыццаг бакасты.

Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ æркæсынмæ рахаста «Бюджетон арæзт æмæ бюджетон процессы бындурты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъоны проект. Ацы Закъоны проект бакуыст æрцыд «Уæрæсейы Федерацийы Нымайæн палатæйы сбæрæггонд барадхæлдтытæ аиуварс кæныны мадзæлтты план»-ы 2-аг пункт сæххæст кæныны тыххæй, кæцы фидар æрцыд 2016 азы 8-æм апрелы РХИ-йы Хицауады №28-Р Уынаффæмæ гæсгæ.

Ацы фарсты фæдыл раныхас кодтой депутаттæ Бибылты Анато-ли, Диакъонты Амиран, Плиты Александр, Мамиты Инал.

Закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Ацы комитет ма уынаффæмæ рахаста «2016 азмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджеты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны Закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны За-къоны проект. Республикæ Хуссар Ирыстоны Пенсион фонды бюджет-мæ ивындзинæдтæ бахæссыны æнæмæнгхъæуындзинад расайдта программон системæйы бакуыст æмæ йæ æнæмæнгхъæуæг пенсион фæдзæхсты системæйы персонифициркацион хыгъды фæдыл ныббиноныг кæнын, афтæ ма РХИ-йы Пенсион фонды горæтон хайады кабинеттæ цалцæджы æнæ-мæнгхъæуындзинадмæ гæсгæ.

Закъоны проект ист æрцыд æмхъæлæсæй.

Афтæ ма æркастæуыд Национ бангы Директорты советы ног сконд саразынмæ хауæг фарст-мæ. «РХИ-йы Национ бангы тыххæй» РХИ-йы Закъоны 18-æм статьяйыл бындуриуæг кæнгæйæ, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы Директорты советы уæнгтæ снысан кæныны тыххæй» РХИ-йы Парламенты Уынаффæйы хынцыд æххæстбарты æмгъуыд кæй фæцис, уымæ гæсгæ фæндæт-тæ бахастæуыд Директорты ног сконд саразыны тыххæй бангы ахæм кусджыты кандидатурæты тыххæй:

Санахъоты Лана Мураты чызг – Сæрдары хæдивæг, Джиоты Инал Степаны фырт – Сæрдары уынаффæгæнæг, Тедеты Фатимæ Дзамбулаты чызг – сæйраг бухгалтер, Джиоты Жаннæ Никъалайы чызг – сæйраг аудитор.

Парламентаритæ æмхъæлæсæй хорзыл банымадтой РХИ-йы Национ бангы Директорты советы ног сконд.

«Уæрæсейы Федерацийы территорийæн æддейæ Уæрæсейы Федерацийы Гарзджын тыхтæй спайда кæныны тыххæй» Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы Куырдиат закъондæттынадон корпусы раз бакаст Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь. Уынæффты хатдзæгтæм гæсгæ депутатон корпус æмхъæлæсæй райста æм-бæлон Уынаффæ, цыран банысан кодта йæ фарсхæцынад Федерацийы Советы куырдиаты фæдыл, афтæ ма рахæцыд мидсирийаг диалог æрнывыл кæныны æмæ Сири æмæ Æввахс Хурскæсæны æндæр бæстæты террористон къордты ныхмæ хæстон архайдтыты координацийы фæдыл Уæрæсейы Федерацийы архайдтыты æвварс.

Парламентаритæ банысан кодтой, зæгъгæ, УФ-йы Гарзджын тыхтæй спайда кæныны тыххæй УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийæн разыйы дзуапп радтыны тыххæй иу азы размæ райсгæ уынаффæйæн ис ахсджиаг нысаниуæг Уæрæсейы национ æдасдзинад бахъахъхъæныны æмæ террористон тæссагдзинады ныхмæ архайдтыты фæдыл, сæйраг террористон къордты фæлæмæгъдæр кæнынæн фадат радтгæйæ æмæ уымæй Сирийы Арабаг Республикæйы ситуаци хуыздæрæрдæм фæивгæйæ. Дунеон барады æмæ уæрæсейаг закъондæттынады цæстæнгасмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федерацийы афойнадыл æмæ æххæстæй легитимон архайдтытæ фенын кодтой терроризмы ныхмæ тохы УФ-йы принципиалон позици, дунеон æдасдзинады сæйраг-дæр фарстытæ скъуыддзаг кæныны рæстæджы, ноджы иу хатт Уæрæсейы роль сбæлвырд кæнгæйæ, куыд сабырдзинад æмæ стабилондзинады гарант, афтæ.

Уый æддейæ ма, РХИ-йы депутаттæ профилон комитеты æрбавдыстмæ гæсгæ æркастысты æмæ æмхъæлæсæй райстой Уынаффæ «Спорты политизаци ма бауадзыны тыххæй» УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы иннæ Куырдиаты фарсхæцынады тыххæй.

Парламентаритæ куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ Дунеон Паралимпиаг комитеты Уæрæ-сейы Паралимпиаг комитеты уæнгад æруромыны тыххæй, кæцыйы фæстиуæгæн Уæрæсейы Паралимпиаг командæ иуварсгонд æрцыд 2016 азы 15-æм Паралимпиаг хъæзтыты хайад райсынæй, у спорты политизацийы æнæрайсинаг фæстиуæг. Уый у дискриминацион уынаффæ, уæрæсейаг спортсменты бартæ гуымирæй халгæйæ, стыр зиан æрхаста æппæт Паралимпиаг змæлдæн. Хуссарирыстойнаг парламентаритæ ма фехъусын кодтой сæ уæрæсейаг коллегæты архайдтыты фарсхæцынады æмæ уæрæсейаг спортсменты бартæ сæндидзын кæныны тыххæй.

(РХИ-йы Парламенты Уынаффæмæ гæсгæ УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы куырдиæттæ мыхуыр æрцæудзысты РХИ-йы дзыллон информацийы фæрæзты).

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.