Коронавирусы пандемийæ хи бахизыны амæлттæй, вирусологтæ куыд амонынц, афтæмæй иу у къухтæ арæхдæр æхсын æмæ дезинфекци кæнын.

Ныртæккæ антисептиктæ æмæ маскæтæ ссарæн та нæй аптекæты.

Нæ горæты фыццæгæм паддзахадон аптекæйы чи кусынц, уыцы формацевттæ сфæнд кодтой сæхæдæг сцæттæ кæнын дезинфекцигæнæн æрмæг. Уыдонæн лабораторион уавæрты бирæ хостæ сæ бон у саразын. Ныр дæр сфæнд кодтой дезинфекцигæнæн æрмæг саразын, цæмæй адæмы уавæр бæрæг фенцондæр кæной.

Къелиты Аллæ ацы аптекæйы кусы 20 азæй фылдæр.

«Мах алыхатт дæр цæттæ кодтам дезинфекцион фæрæзтæ, заказмæ гæсгæ. Хорз антисептикæн хъæуы æрмæстдæр æртæ компоненты: спирт, глицерин æмæ донгуыры перекись. Фондзлитруат мигæнæны ныккæнæм цыппар литры спирт, ууыл схæццæ кæнæм иу литр донгуыры перекись, ныккæнæм ма сыл æртæ флакон глицерин æмæ ма эфирон сойтæ дæр, уымæн æмæ спирт тынг хус кæны къухты царм.

Гаджеттæ, дуары хæцæнтæ æмæ æндæр ахæмтæн та арæзт цæуы æндæр хуыз дезинфекцигæнæн фæрæз. Уый дæр у афтæ аразгæ æрмæст æм глицерин æмæ эфирон сойтæ не ‘фтауæм. Ацы стандарттæ ног рымысгæ не сты, æрмæст ныр актуалондæр систы. Мах сæ рагæй арæзтам нæ республикæйы медицинон уагдæттæн», – зæгъы аптекæйы формацевт.

Уый ма куыд зæгъы, афтæмæй сын сæ дезинфекцигæнæн фæрæзтæ, сæйраджыдæр, æлхæнынц нæ республикæйы уагдæттæ. Зæгъынц, зæгъгæ, уыдонæй пайда кæнынц асинты æмæ дуæртты хæцæнтæ дезинфекци кæнынæн. Ныр та хъавынц иу литруат мигæнæнтæ фондзлитруат мигæнæнтæй баивын.  Къухтæ дезинфекци кæнынæн та уадздзысты раздæрау 100 мл. мигæнæны.

Мах цымыдис кодтам, аптекæйæн чи баххуыс кодта спиртæй, цæмæй ацы куыст срæвдз уыдаид. Уый фæдыл та Къелиты Аллæ загъта, зæгъгæ, мах стæм паддзахадон аптекæ, спиртæй æмæ ма æндæр медицинон æрмæджытæй дæр нын ис фæсауæрцтæ. «Уый размæ дæр цæттæ кодтам, ахæм дезинфекцигæнæн фæрæзтæ, кæцытæй пайда кодтой инфекцион, офтальмологион æмæ ЛОР-ы хайадты. Нæ лаборатори аразы алыгъуызон сæрдæн æрмæджы-тæ, мазьтæ дæр. Ныр дæр кæд райсæм ахæм заказ, уæд цæттæ стæм сæ аразынмæ. Фаг æрмæг нæм ис», – зæгъы Аллæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ йæ бон аптекæйы дезинфекцигæнæн æрмæг балхæнын кæмæн нæу, уый та бацархайæт хæдзарон уавæрты йæ æрцæттæ кæныныл. Дыууæуагъд хæдзарон арахъхъыл æркæнын хъæуы хурмæзиллæджы зети фыхæй, æмæ уый уыдзæн иууыл хуыздæр санитайзер.

Магазинты цы арахъхъ уæй кæнынц, уым спирт 40 процентæй фылдæр нæ вæййы, уымæ гæсгæ йæ антисептикон æууæлтæ эффективон не сты. Къухтæ дзы сæрфын зиан хæсдзæн цармæн.

Формацевт ма куыд амоны, афтæмæй æндæр хæцгæ низтæй хи бахизынæн эффективон амал у къухтæ  сапонæй 20 секунды бæрц æхсын æмæ бирæ адæм кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæттæй хи хизын. Æнæхсад къухтæй æвналын нæ хъæуы фындзмæ, дзыхмæ, цæстытæм. Афтæ амыдта медицинæ, цалынмæ COVID-19 нæ фæзынд, уæдмæ дæр. Фæрынчын дæ, уымæй дæхимæ дæ зæрдæ куы фехсайа, уæд нæ хъæуы æддæмæ хизын, цæмæй иннæты дæр ма фæрынчын кæнай. Хуыфын æмæ æхснырсыны  рæстæджы, дзых æмбæрзын хъæуы къухсæрфæнæй. Медицинон маскæтæ кæй нæй, уымæй ма аразут проблемæ. Алкæмæн дæр йæ бон у хæдзарон уавæрты бинтæй маскæ бахуыйын, кæцы арæх хъæуы æхсын æмæ йыл уый фæстæ тæвд иту ауадзын.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.