Цхинвалы район кæддæриддæр хæрзвадат уыд дыргъгуыст рыйтынг кæнынæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ 2014 азы Хъæууон-хæдзарады министрад аскъуыддзаг кодта  Дменисы хъæуы  дыргъдон саразын.

Зæххы 4 гектар фæзуатыл  сагъд æрцыд 4 300 фæткъуыйы талатæ – «Голден», «Айдаред» æмæ «Семеренка».

Дыргъдон тыллæг дæттын куы райдыдтаит уæд республикæйы экономикон рæзтыл хорзæрдæм, бандæвтаид, стæй ма дзы бынæттон цæрджытæн дæр фæзындаид кусæгон бынæттæ.

Дыргъдон арендæйы райстой цалдæр бынæттон лæппуйы. Фæлæ иумиаг æвзаг не ссардтой, кæрæдзимæ фæбыцæу сты æмæ бынтондæр дыргъдон ныхъуыдты кодтой. Талатæ кæрдæджы бын фесты, донхæр сæ кæй нæ кодтой, уымæ гæсгæ сæ фылдæр бахус. Уыйадыл Хъæууон хæдзарады министрад арендаторимæ цы бадзырд сарæзта, уый фехæлдта.

Разынд та ногæй арендатортæ æмæ сæмбонд кодтой дыргъдоны территори, цæмæй  йæм фос ма цæуа æмæ талатæн ма зиан кæной. Фæлæ та уыдон дæр цасдæр рæстæджы фæстæ дыргъдонмæ нал зылдысты æмæ рау-уатмæ æрцыд.

Иу ахæмы министрадмæ бахатыд бынæттон æвзонг лæппу Икъаты Ибрагим, цæмæй  дыргъдоны райса арендæйы. 

Икъаты Ибрагим ныр дыккаг аз зилы дыргъдонмæ æмæ ныридæгæн йæ хуыз скалдта.

«Ацы дыргъдон арендæйы куы райстон, уæд талатæн сæ фылдæр уыд хус. Мæ размæ цы арендатортæ уыд дыргъдонæн, уыдон сæ афоныл нæ пырх кодтой æмæ нæ рæзтысты, куыд æмбæлы, афтæ. Æз бацархайдтон æмæ чи кæцытæ бахус сты, уыдоны бынæтты ногтæ ныссагътон. Æрластон сæ Цæгат Ирыстонæй фæззæджы. Ныртæккæ интернеты тыгъдады бирæ информаци ис фæткъуыбæлæстæм куыд зилын хъæуы, кæд сæм цахæм хъацæнтæ бахæссын хъæуы æмæ мæр донхæр кæд хъæуы, уыдæтты тыххæй. Уыцы амындтытæ дæттынц специалисттæ. Стæй æз мæхæдæг хъæуты схъомыл дæн. Уыдтон, хистæртæ куыд куыстой, æмбисонд Дменисы хъæуы дыргъдæттæ уыдысты. Æппæт уыцы фæлтæрддзинад мын  бабæззыд. Цы нæ зонын уымæй та хъæуы хистæрты афæрсын. Мæ талатæ сæхиуыл схæцыдысты, зæрдæ сæ рухс кæны. Бирæ фыдæбон дзы ис, нырма мын кусджытæ нæй, уымæн æмæ нырма æххæссын мæхæдæг куыстытыл. Фæстæдæр, дыргъдон тыллæг дæттын куы райдайа, уæд мæм фæзындзæн кусæн бынæттæ дæр», – зæгъы Икъаты Ибрагим.

Арендатор куыд зæгъы, афтæмæй, уый арендæйы райста, дыргъдоны фарсмæ цы æнæкуыст зæхх уыд, уый дæр. Уым та ныссадздзæн 20 мины бæрц памидор æмæ капускæйы садзæнтæ. Сæрды уыдон ратдзысты цалдæр тоннæйы тыллæг. Уымæй уæлдай ма Ибрагим фæткъуыбæлæсты ‘хсæн байтауы алыгъуызон халсæрттæ – петрушкæ, чиндзи, булкъ, цæхæра æмæ а.д., кæцыты уый фæстæ ауæй кæны горæты базары.

Бæлæсты рæгъты ‘хсæн ныссагъта сæнæфсиры талатæ дæр. Уый аргъ кæнын зоны зæххы алы гæппæлæн дæр. Æрæджы балхæдта мини-трактор, кæцы йын бирæбæр-цæй аразы йæ къух. Балхæдта йæ дыууæ азы размæ, кредиты хуызы цы æхцайы фæрæзтæ райста, уыдонæй. Уыцы æхцайæ  балхæдта родтæ. Базылдис сæм æмæ сæ ауæй кодта. Ныридæгæн цы æфтиаг райста, уый руаджы бафыста йæ кредит.

Икъаты Ибрагимæн, йæ зæрды ис  чысыл æмæ астæуккаг бизнесы тыххæй паддзахад цы хатырон кредиттæ дæтты, уыдонæй райсын дæр. «Марты кæрон хъуамæ уæрст æрцыдаиккой уыцы кредиттæ.  Фæлæ, ныртæккæ дунейыл цы коронавирусы пандеми ахæлиу, уый аххосæй хъуыддаг фæкъуылымпы ис. Мæ бизнес-проект арæзт у ставдкъах фосы тыххæй. Стæй ма быдыры фарсмæ мæ зæрды ис хъæрмуат саразын дæр, цæмæй зымæджы дæр зайын  кæнон  цъæхыгтæ.

Бæстæйы экономикæйыл æнæбандавгæ нæ фæуыдзæн ацы коронавирус. Нæ зонæм, кæд æрсабыр уыдзысты адæм. Нæхимæ æркæнгæ продукттæ нæм куы уа, уæд уый бирæбæрцæй фæрогдæр кæндзæнис фæлхасгæнæджы хъуыддаг. Кусын хъæуы канд арендаторты æмæ фермерты нæ, фæлæ алы хъæууон лæджы дæр. Иу зæххы гæппæл дæр ныууадзын нæ хъæуы æнæ куыстæй», – зæгъы æрыгон амалиуæггæнæг.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.