Республикæ Абхазы Президент Рауль Хаджимба раарфæ кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн Республикæйы боны цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Анатоли Ильяйы фырт!

Арфæ кæнын дæуæн æмæ æппæт æфсымæрон ирон адæмæн паддзахадон бæрæгбон – Республикæ Хуссар Ирыстоны боны цытæн!

1990 азы 20 сентябры Адæмон депутатты совет хæдбардзинад æмæ дунейы йæ банымайынмæ сарæзта фыццаг къахдзæфтæ.

2008 азы трагикон хабæртты фæстæ Уæрæсейы Федераци банымадта Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад. Уый ма ноджы иу хатт сбæлвырд кодта ирон адæмы тырнындзинад æмæ суверенон, демократон æмæ хæдбар паддзахад саразыны барыл бирæ азты дæргъы сæ тох рæстаг кæй уыд.

Нæ республикæты æхсæн цы хæлардзинад æмæ æмгуыстады ахастытæ ис, уыдон æнтыстджынæй рæзынц æмæ дзаг кæнынц ног мидисæй. Ныфс дын æвæрын, Абхазы къухдариуæгад дарддæр дæр æппæт хъарутæ кæй здахдзæн æппæт здæхтыты дæр æнтыстджын æмгуыстадмæ нæ адæмты хæрзиуæгæн.

Ацы нысаниуæгджын бон дын, цытджын Анатоли Ильяйы фырт, мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ уæлдæр паддзахадон бынаты, Хуссар Ирыстоны æфсымæрон адæмæн та – сабырад, хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд!»

 

***

РХИ-йы Президент Бибылты Анатолийæн ма раарфæ кодтой: Приднестроваг Молдаваг Республикæйы Президент Вадим Красносельский, Республикæ Арцахы Президент Бако Саакян, акционерон æхсæнад БТК-къорды Хъусдарæг Советы сæрдар Боллоты Владимир.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.