19-æм майы Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон Думæйы рабадты ратификаци æрцыд дывæр æмбæстагдзинады фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл  Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн сразыдзинад, кæцы раразмæ кодта Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин.

Сразыдзинады, кæцыйыл 2021 азы 20 сентябры горæт Цхинвалы сæ къухтæ æрфыстой Республикæ Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты ми-нистр Медойты Димитр æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федерацийы æххæстбарджын Минæвар Марат Кулахметов, нысан æрцыд, зæгъгæ, æмбæстæгтæн сæ бон у иннæ бæстæйы æмбæстагдзинад æнæкъуылымпыйæ райсын.

Документмæ гæсгæ, дывæр æмбæстагдзинад чи райста, уыцы адæймæгтæн уыдзæн социалон ифонгады, ахуырады, медицинон лæггæдтæй пайда кæ-ныны бар, æдзухæй кæй территорийыл цæрынц, уыцы бæстæйы закъондæттынадмæ гæсгæ. Уыцы нормæ парахат кæны æфсæддон службæйыл дæр.

Сразыдзинад йæ тыхы бацæудзæн ратификацион грамотатæ кæрæдзимæ радтыны бонæй. Уый архайдзæн фондз азы дæргъы æмæ автоматиконæй дарддæр кæндзæн алы фондз азы дæр, дыууæ фарсæй искæцы, радон фондз азы кæронмæ ма æхсæз мæй куыд хъæуа, афтæ фыстæй куынæ бавдиса йæ архайд æруромыны тыххæй йæ фæндон, уæд.

РХИ-йы Фæсарæйнаг

 хъуыддæгты министрад

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.