Информацион фæрæзтæ куыд хъусын  кæнынц, афтæмæй Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин йæ къух æрфыста ратификацийы суагъæйы тыххæй закъоныл, цыран дзырд цæуы Хуссар Ирыстонимæ товартæй базар кæныны режимы тыххæй æхсæнхицауадон сразыдзинадмæ ивындзинæдтæ бахæссыныл.  Æнæ хъалонтæ фидгæйæ кæрæдзиимæ товартæй базар кæныны фарстатæ бæстон кæныны тыххæй сразыдзинадыл къухтæ фыст æрцыд Цхинвалы 2012 азы 2 марты, уымæ хауæг суагъæйыл та  2019 азы 6 майы Уæрæсейы Федерацийы Хицауады уынаффæмæ гæсгæ.

      Документы фæрцы фидар цæуы уый, æмæ Уæрæсейы территорийæ Хуссар Ирыстонмæ цы дизелон æртаг, бензин, афтæ ма нефтæй битум ласт цæуынц, уыдон æххæст цæуынц æнæ таможнæйон декларацийæ, кæцы арæзт цыд Уæрæсейы Федерацийы закъондæттынадмæ гæсгæ.

 Афтæмæй банысангонд товарты бадæттын нæ хъæуы рæстæгмæ таможнæйон декларацимæ, товарты нымæц æмæ сæ таможнæйон аргъ банысан кæнгæйæ. Закъонимæ цы документтæ æрвыст цæуы, уыдоны куыд дзырдæуы, афтæмæй ацы уынаффæ нæ хауы æрдзон газмæ. Уыимæ иумæ, суагъæмæ гæсгæ, æмбæлон товарты тыххæй раздæр балæвæрдгонд рæстæгмæ таможнæйон декларацитæ, кæцытæм гæсгæ товартæ ласт не ‘рцыдысты, сæ тыхы не сты.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.