Цытджын æмбæстæгтæ!

Абон 20 май Республикæ Хуссар Ирыстоны алы æмбæстагæн дæр у уæззау бон, нæ ног историйы сау бон.

Зары трагеди æрымысгæйæ адæйаджы уæнгтæ баризынц, ныццагъдæуыд зæрæдтæ, сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты, кæцытæ Цхинвалæй цыдысты аирвæзыны охыл, бахаудысты знаджы къухты. Зары фæндаджы гуырдзиаг фашистты сырдон ракæнд æрвыл аз дæр арфдæр кæны алы адæйаджы зæрдæйы. Зын у 30 азы размæ адæймагады ныхмæ цы фыдракæнд арæзт æрцыд, уый ферох кæнын. Фæмардуæвджыты хæстæджыты æнæбайгасгæ зæрдæты хъæдгæмттæ, æфхæрд хъысмæттæ, рыст æмæ æнæбаххæстгæнгæ зиæнттæ – æппæт уыдæттæ сты Зары трагедийы фæстиуджытæ.

Ахсджиаг у зæрдыл дарын æмæ фидæны фæлтæрæн адæттын уыцы хъизæмæрттæ, кæцытæ бавзæрстой нæ адæм гуырдзиæгты ныхмæ тох кæны-ны бирæ азты рæстæджы, цæмæй ахæм цаутæ мауал уой.

Абон мах мысæм алкæйы ном дæр, Зары фæндаг – «царды фæндагæй» чи нал ‘рыздæхт, кæцы сæ царды уыд фæстаг. Русхаг ут!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Сæрдар

 ТАДТАТЫ Алан

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.