17-æм майы УФ-йы Паддзахадон Думæ план кæны Хуссар Ирыстоны цæрджытæ æмæ уæрæсейæгтæн æмбæстагдзинады фарстытæ æрбæстон кæныны тыххæй Сразыдзинады президентон проекты фарс рахæцын. Уый тыххæй «Известия»-йæн радзырдта ХПÆ-йы хъуыддæгты, Евразийаг интеграци æмæ æмфыдыбæстæйонтимæ бастдзинæдты фæдыл Паддзахадон Думæйы комитеты сæрдар Леонид Калашников.

«О, дывæр æмбæстагдзинады тыххæй ахæм проект ис Паддзахадон Думæйы боны фæткы. Ныфс мæ ис, уый хорзыл кæй банымайдзысты æппæт фракцитæ дæр. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, ахъаз кæндзæн нæ бæстæты дарддæры æрбаввахсдæр кæнынæн», – загъта уый.

Дзырд цæуы дывæр æмбæстагдзинады фæдыл сразыдзинады тыххæй, кæцыйыл къухтæ æрфыстой Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстон 2021 азы. Документы хынцыд цæуы, зæгъгæ, æмбæстæгтæн сæ бон уыдзæн æндæр бæстæйы æмбæстагдзинад райсын, цы æмбæстагдзинад сын ис, уый дæр сын баззайдзæн, афтæмæй.

 

Фæхуымæтæгдæр фæткы УФ-йы æмбæстагдзинад райсыны тыххæй куырдиат бадæттын йæ бон у, 18 азæй уæлæмæ кæуыл цæуы, республикæйы  ахæм адæймагæн. 14 азы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллæттæ дæр райсдзысты сæ ныййарджытæ цахæм æмбæстагдзинад райсой, ахæм. Сывæллоныл цалынмæ 18 азы сæххæст уа, уæдмæ сæ ныййарджытæн сæ бон у куырдиаты бындурыл ын æмбæстагдзинад равзарын.

Документмæ гæсгæ, дывæр æмбæстагдзинад чи райса, уыцы адæймæгтæн уыдзæн социалон ифтонгад, ахуырад, медицинон лæггæдтæ райсыны бар  æдзух кæцы территорийыл цæрынц, уыцы фарсы закъондæттынадмæ гæсгæ. Ацы нормæ парахат цæуы æфсæддон службæ рацæуыныл дæр.

Сразыдзинад йæ тыхы бацæудзæн кæрæдзимæ ратификацийы грамотæтæ радтыны фæстæ. Уый архайдзæн фондз азы дæргъы æмæ автоматон æгъдауæй дарддæр цæудзæн ахæм æмгъуыдмæ, кæд æмæ фæрстæй сæ иу фыстæй нæ фехъусын кæна иннæ  фарсæн радон фондзазон рæстæг цалынмæ нæ фæуа, уæдмæ æхсæз мæйы размæ йæ архайд æруромыны фæндоны тыххæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.