Ивгъуыд мæйы кæройнаг бонты  «Южный сад» бавнæлдта йæ  фæткъуыйы тыллæг æфснайынмæ. Зындгонд куыд у, афтæмæй ацы дыргъдоны фæзуаты сагъд æрцыд «Голден», «Метар» æмæ «Гала» фæткъуыбæласы талатæ, райдианæй фæстæмæ сæм дыргъкуыстгæнджытæ зилынц агротехникæйы æппæт домæнтæм гæсгæ æмæ уый фæстиуæгæн тыллæгæрзадæй рухс кæны сæ зæрдæ. «Гала» фæткъуыйы сорт ахсы 15 гектары, фыццаг уый сбæззы æмæ кусджытæ уымæ бавнæлдтой æфснайынмæ. Филиал «Южный сад»-ы директор Бекъойты Леуан развæлгъау бацархайдта, куыстæн сæ цы хъуыд, уыдон бынатмæ æрцæттæ кæныныл æмæ уый фæстиуæгæн тыллæг æфснайыны кампани ацыд æнæкъуылымпыйæ.

Фæткъуы тонынмæ рацыдысты канд Къостайыхъæуы цæрджытæ нæ, фæлæ ма горæтæй дæр дзæвгар кусджытæ, алы бон дæр дзы хайад иста 120 адæймаджы. Куыстмæ уæлдай разæнгардæй цыдысты, уымæн æмæ сæ куыстмызд истой уыцы бон, астæуккаг нымадæй та сæ мызд хæццæ кодта 1500 – 1900 соммæ. Бекъойты Леуан куыд загъта, уымæ гæсгæ уал сæ æркæнгæ тыллæгæй Уæрæсемæ арвыстой 380 тоннæйы, филиалы инвесторы фæндонмæ гæсгæ та 50 тоннæйы лæвары хуызы байуæрстой нæ горæты сывæллæтты рæвдауæндæттæ æмæ хицæн уагдæттæн. Дарддæр коллектив йæхи цæттæ кæны дыргъдоны иннæ тыллæг бафснайынмæ дæр.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.