Ныр цалдæр мæйы дæргъы интернеты тыгъдады дам-думтæ цæуы, зæгъгæ, не ‘мбæстæгтæй Цæгат Ирыстонмæ чи ацæуы хуссарирыстойнаг машинæ скъæрыны бары гæххæттытимæ, уыдоны, ома, фæивар кæнынц уæрæсейаг фæндагон змæлды инспектортæ. Ацы хабар байхъуыст нæ Парламенты депутаттæм дæр æмæ радон рабадтмæ æрбахуыдтой Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мерабы, цæмæй сын уый бæстонæй бамбарын кæна уавæр. Депутат Къуезерты Арсен куыд радзырдта, афтæмæй, ома, не ‘мбæстæгтæй домынц уæрæсейаг машинæ скъæрыны бары гæххæттытæ, кæннод сæ фæивар кæнынц 15 мин сомы, – мæхæдæг дæр дзы, зæгъгæ, зонгæ дæн цалдæр адæймагимæ.

«Ацы фарсты фæдыл махмæ цалдæр мæйы размæ æрбахатыдысты дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттæ æмæ мах куыд сбæлвырд кодтам, афтæмæй дзы конкретон факттæ нæ уыдис, – ацы темæимæ баст хабæрттæ иууылдæр сты дам-думтæ. Махæн бастдзинад ис нæ цæгатирыстойнаг коллегæтимæ æмæ нын уыдон дæр бамбарын кодтой, ахæм домæнтæ сæм кæй никуы уыдис хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæм. Ӕз сидын не ‘мбæстæгтæм, цæмæй ахæм цауимæ куы сæмбæлой, уæд æнæмæнгæй фехъусын кæной Мидхъуыддæгты министрадмæ æмæ дарддæр та мах архайдзыстæм. Фæткхалæн цауы фæдыл суагъæ арæзт куы æрцæуы, уæд дзы иу копи æнæмæнгæй раттынц шофырмæ æмæ афтæ чи зæгъы, фæивар мæ кодтой, зæгъгæ, уый æрбавдисæд уыцы суагъæйы копи махмæ æмæ уæд махæн дæр æнцондæр кусæн уыдзæнис нæ уæрæсейаг коллегæтимæ», – банысан кодта Пухаты Мераб.

Депутат Габатты Алан та æрæмбырдуæвджытæн радзырдта, зæгъгæ, хуссарирыстойнаг машинæты Цæгат Ирыстоны территорийыл арæхдæр уромынц инспектортæ, фæдомынц сæ алыгъуызон гæххæттытæ – суанг ма таможнæйы лæвæрд документ дæр. Уый та уымæн афтæ у æмæ Цæгат Ирыстоны ис тынг бирæ машинæтæ хуссарирыстойнаг номыртимæ, кæцытæ арæх фехалынц фæндагон фæткойтæ æмæ бæрндзинад та стæм хатт йедтæмæ нæ хæссынц. Уымæ гæсгæ инспектортæ дæр уæлдай хъусдард здахынц ацы машинæтæм æмæ сæм, кæй зæгъын æй хъæуы, арæх бахауынц Хуссар Ирыстоны æцæг бынæттон цæрджытæ, кæцытæ Дзæуджыхъæумæ ацæуынц сæ хъуыддæгты фæдыл. Пухаты Мераб куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы фарсты фæдыл дæр æввахс рæстæджы куыст æрцæудзæнис æмæ цы гæнæн ис саразæн, ууыл бацархайдзысты.

«Махæн Цæгат Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрадимæ ис дыууæфарсон бадзырд æмæ уый фæлгæтты арæх фембæлæм. Ацы мæйы кæрон дæр та нæ радон фембæлды мах æрдзурдзыстæм сæвзæргæ уавæры тыххæй, проблемæтыл, рахæсдзыстæм рæгъмæ ацы фарстатæ иууылдæр æмæ сæ аскъуыддзаг кæндзыстæм», – загъта Мидхъуыддæгты министрады сæргълæууæг.

Зæрæмæджы цы таможнæйы пункт ис, уый дæр рагæй фæстæмæ стыр зындзинæдтæ æвзарын кæны не ‘мбæстæгтæн. Къуезерты Арсен йæхæдæг дæр æвдисæн уыдис ахæм цауæн, зæгъгæ 20 шофырæй фылдæр æртымбыл сты иу рудзынджы цур æмæ æнхъæлмæ кастысты таможнæйы бары гæххæтмæ, кæд æмæ фæткмæ гæсгæ хъуамæ дыккаг рудзынг дæр гом уыдаид, цæмæй шофырты тагъддæр уагътаиккой. Уымæ гæсгæ бирæтæ сахатгай фæлæууынц таможнæйы, фæрарвит-барвит сæ кæнынц иу ранæй иннæмæ, сæ рæстæг æнæхъуаджы фесафынц æмæ сыл бахъаст кæнæн дæр никуыдæм ис. Ахæм сæвзæргæ уавæрмæ дарддæр афтæ кæсæн нал ис – хъæуы исты мадзæлттæ райсын. Уымæ гæсгæ депуттаттæ фæндон рахастой, цæмæй иннæ рабадтмæ æрбахоной таможнæйы минæвæртты æмæ сæм радтой сæ фарстатæ.

Депутаттæ ма сæ рабадты æрдзырдтой æндæр темæтыл дæр, зæгъæм, мобилон бастдзинады оператор «Мегафон» æгæр зынаргъ кæй кæны йæ лæггæдтæ, ууыл. Уымæй уæлдай ма æркой кодтой, Шанхайы районы фидауынгæнæн тыхтæн цы рахицæнгонд территори ис, уым хъахъхъæнджытæ кæй нал ис æмæ бæстыхæйтты мидæг цы фæллой ис, уый кæй давынц. Бынæттон цæрджытæ йæм сæ хъус дарынц, фæлæ домынц, цæмæй дзы хъахъхъæнджытæ æвæрд æрцæуа. Пухаты Мераб куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы объекты раздæр милицийæн пост æвæрд уыдис, фæлæ йæ стæй арæнхъахъхъæнджытæ сæхимæ райстой. Ацы фарст дарддæр иртæст æрцæудзæнис æмæ кæд бахъæуа, уæд дзы милици сæвæрдзæнис патруль, цæмæй дзы фæткхалæн цаутæ мауал уа.

Джиоты Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.