Нæ газет ма куыд фыста, афтæмæй Дзауы райцентры цалдæр ран брондæтты æрæхгæдтой профнастилæй æмæ сын сæ брæтты ныр фос нал пырх кæнынц. Уыдон уыдысты нырма фыццаг ахæм æхгæд брондæттæ, ома, куыд фæлварæн, афтæ æмæ, зæгъгæ, кæд хъуыддагæн фæахъаз уой æмæ сæ цæрджытæ райгондæй баззайой, уæд иннæ брондæтты дæр æрæхгæндзысты. Ацы хъуыддаг практикон æгъдауæй рауадис хорз, адæм дæр æмæ сæ районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ дæр сты райгонд.

Дзауы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр Цхуырбаты Тамерлан нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ адæм баззадысты тынг райгондæй æмæ сын фæзæгъынц бузныг. Куыстуаты хистæр уæд бахатыд районы администрацийы сæргълæууæгмæ, цæмæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кодтаиккой ноджыдæр 30 брондонæн, фæлæ йын радтой ахæм дзуапп, зæгъгæ, æхцайы фæрæзтæ нæй.

Уалдзæджы æрбалæудимæ ацы фарст цæрджыты ‘хсæн карзæй-карздæр кодта. Уымæн æмæ районы цæрæг адæмæй сæ фылдæр дарынц фос æмæ никæй фæнды, цæмæй сын хæрой уыцы алыхуызон хъæстæ брæттæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый æндавы æркæнгæ продукцийы гъæдыл æмæ адæймаджы æнæниздзинадыл дæр.

«Брондæтты фарсты фæдыл нæм тынг арæх æрбацæуы хъæстытæ æмæ та æрæджы уый тыххæй бахатыдтæн нæ районы администрацийы ног сæргълæууæгмæ. Уый мæ фæндыл сразы ис, æмæ ныфс бавæрдта, кæй рахицæн кæндзысты уыцы нысанæн æхцайы фæрæзтæ. Ацы фарст аскъуыддзаг кæнын ма ахсджиаг  уымæн у, æмæ ацы брондæттæ фылдæр æвæрд сты Федералон трассæмæ хæстæг», – зæгъы Цхуырбаты Тамерлан.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сын уалдзæджы дæр, зымæгимæ абаргæйæ, къаддæр куыстытæ нæ вæййы. Ныртæккæ дæр кусынц Дзауы районы Моргойы хъæумæ фæндагыл. «Фæндаджы дæргъ у 700 метры бæрц. Афæтæн æй кодтам æмæ йыл ныккалдтам хуыр. Уый тыххæй нæм ис æмбæлон техникæ», – банысан кодта районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады хистæр.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.