Кавказы хæхтæ рагæй фæстæмæ сæхимæ здахынц, хæххон лыжæтыл бырын чи уарзы, уыцы спортуарзджыты хъусдард. Цæгат Ирыстоны иууыл рæсугъддæр æмæ фенддагдæр бынæттæй сæ иуыл нымад у лыжæтыл бырæн хæххон курорт «Цей», кæцы уæвынад кæны 1960 азæй фæстæмæ.

Ацы бонты, нæ горæты скъола-интернаты 11-æм къласы ахуыргæнинæгтæ сæ къласгæс Козаты Раяйы хъæппæрисæй фыццаг хатт ацыдысты Цæгат Ирыстоны лыжæтыл бырæн хæххон курорт «Цей»-мæ, цыран арвыстой тынг хорз рæстæг. Фæзæгъынц, зæгъгæ, иуæй-иу адæймæгтæ фенхъæлмæ кæсынц цахæмдæр диссагмæ æмæ иннæтæ та баххуыс кæнынц уыцы диссаг æрцæуынæн. Нæ республикæйы дæр ис бирæ ахæм фæсивæд,  сывæллæтты бæллицтæ чи æххæст кæны. Уыдонæй сæ иу у нæ Республикæйы Хæххон лыжæты  æмæ сноуборды спорты федерацийы президент Тедеты Лери. Уый скъола-интернаты фæкæсынхъуаг сывæллæттæн ацы балц сорганизаци кодта æнæаргъæй. Уагдоны  хъомылгæнæг, Козаты Раяйы ныхæстæм гæсгæ сын уый уыдис стыр æххуыс. «Мæхи æмæ мæ хъомылгæнинæгты номæй стыр бузныг фæнды зæгъын Тедеты Лерийæн. Нæ сывæллæттæ лыжæтыл кæй никуы бырыдысты, уымæ гæсгæ сын зын уыдис, сæ ныфс нæ хастой. Фæлæ сын Тедеты Лери сæ бæллиц  сæххæст кодта», – загъта Козаты Рая.

Сæ балцы тыххæй сæ тæлмæнтæ дзырдтой сывæллæттæ: «Æз фыццаг хатт уыдтæн «Цей»-ы æмæ тынг мæ зæрдæмæ фæцыдис уым. Ацы аз мит горæты фаг кæй не ‘руарыд, уымæ гæсгæ «Цей»-ы дзæвгар фæхъазыдыстæм миты», – радзырдта ацы скъолайы рауагъдон Гæбæраты Индирæ. Сывæллæт-тимæ ма уыдысты ацы скъолайы ахуыргæнджытæ дæр.

Скъола-интернаты ахуырдзаутæн ахæм балцытæ фыццаг хатт не сты. Уыдон алы аз дæр баулæфынц æмæ экскурситы ацæуынц нæ республикæйы фенддагдæр бынæттæм. Бынысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ сын ахæм балцытæ сорганизаци кæныны тыххæй алыхатт дæр сæ фарсмæ кæй балæууы скъола-интернаты директор Тедеты Роланд æмæ дзы уымæ гæсгæ райгонд сты канд сывæллæттæ нæ, фæлæ йæ коллектив дæр.

Кокайты Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.