Æхсызгон хъуыддаг у, нæ фæсивæды ‘хсæн йæ курдиатæй чи хицæн кæны, уыдон фылдæрæй фылдæр кæй кæнынц. Саби йæ чысылæй куы тырна æппæт зонынмæ, куы йын уа нысанмæздæхт фæндтæ, уæд ма уымæй хуыздæр ныййарæджы зæрдæ цæмæ хъуамæ бабæлла?

Хъæбулы æнтыст у кæддæриддæр ныййарæджы сæйраг бæллиц. Фæлæ, хъыгагæн, мæ абоны уацы хъайтар, Цхинвалы Колыты Аксойы номыл  Аивæдты лицейы 11-æм къласы ахуыргæнинаг Плиты Ланæйæн ныртæккæ цы æнтыстытæ ис, уыдоныл бацин кæнын нæ бантыст йæ ныййарджытæн. Ланæйыл ма аст азы куы цыд, уæд йæ ныййарджытæ цæрынхъуагæй аивгъуыдтой се ‘нусон бынатмæ, æртæ æнахъом сабийы сидзæртæй ныууадзгæйæ. Цыбыр рæстæджы фæстæ йæ цардæй ахицæн ис йæ дада дæр æмæ сабитæ баззадысты сæ нана Тедеты Зæлинæйы æвджид. Уыдæттыл ивгъуыд азы нæ газет фыста. Ныр та нæ фæнды Ланæйæн зарды аивады йе ‘нтыстытыл радзурын.

Уæззау уыд Ланæйы сабибонты цард, æфхæрд, фæлæ, Ланæ, саби уæвгæйæ, уæддæр нæ фæтасыд, уый нæ, фæлæ ноджы ныфсджындæрæй  тырны размæ æмæ йын ис æнтыстытæ.

Ланæ йæхæдæг куыд загъта, афтæмæй райдианы  музыкалон аивад æппындæр йæ зæрдæмæ æввахс нæ лæууыд, музыкалон скъоламæ бацыд йæ нанайы фæндонмæ гæсгæ. Уым ахуыргæнгæйæ, бæстондæр базонгæ ис музыкалон инструменттимæ æмæ сæм райдыдта йæ хъус хуыздæр дарын. Аивæдты лицейы ахуыргæнгæйæ, æвзыгъд чызджы йæ ахуыргæнæг Цхуырбаты Жаннæ баразæнгард кодта, цæмæй бацыдаид нæ горæты музыкалон ахуыргæнæндоны вокалон хайадмæ. Æмæ афтæ дæр бакодта. Ахуыргæнæндоны рахатыдысты, Ланæмæ кæй ис курдиат æмæ йæ сразæнгард кодтой дыккаг хайад – хоры дирижеры хайадмæ бацæуынмæ. Афтæмæй уыцы  иу рæстæджы Ланæ ахуыр кодта ахуыргæнæндоны дыууæ хайады, цыд Сфæлдыстадон галуаны зарæггæнджыты къордмæ дæр æмæ тынг хорз нысæнттыл та ахуыр кодта скъолайы. Арæх иста хайад республикæйы уагъдцæуæг культурон мадзæлтты.

Адæймагæн йæ равзаргæ фæдыздæхты дæснытæ куы рахатой йæ курдиат, куы йын аргъ кæной йæ архайдæн, уæд ис зæгъæн, кæй йын уыдзæн æнтыстытæ. Афтæ рауад Ланæйы царды дæр. Республикæйы курдиатджын фæсивæды ‘хсæн цы æрвылазон конкурс «Стъалыты ферттывд», зæгъгæ, цыд, уымæ 2014 азы Ланæ хуынд æрцыд æмæ номинаци «Вокал»-ы  бацахста фыццаг бынат.

2017 азы Сочийы уагъд цыд XXIX-æм Æхсæнадæмон фестиваль-конкурс «На творческом олимпе», цыран хайад райстой 80 бæстæйы курдиатджын сабитæ алы æмæ алы номинациты. Плиты Ланæ дæр хуынд æрцыд конкурсмæ æмæ ссис  номинаци «Театралон аивад»-ы II-аг бынаты хицау. Ланæ ма 2018 азы январы хайад райста горæт Мæскуыйы уагъдцæуæг Уæрæсейы æмæ Дунейы бæстæты сидзæр сабитæ æмæ скъола-интернатты хъомылгæнинæгты ‘хсæн уæрæхмасштабон конкурс «Ты супер»-ы дæр. Хъыгагæн, ацы конкурсы Ланæ нæ ахызт дыккаг турмæ, фæлæ йын уый дæр банымайæн ис æнтыстыл, йæ хъуыдымæ гæсгæ йын бантыст бирæ позитивон æнкъарæнтæ райсын, конкурсы хайад райст ын фæахъаз йæ аивадмæ  фæндагыл радон къæпхæнмæ схизынæн, федта йæхи уæрæх аудиторийы раз.

Ацы аз, 2-æм февралæй 4-æм февралмæ Санкт-Петербурджы уагъд цыд Æхсæнадæмон æрвылазон музыкалон аивады фестиваль «Мы вместе», цыран хайад райстой аивады æрыгон архайджытæ Хуссар Ирыстонæй дæр алы æмæ алы номинациты. Ланæ та ам дæр ссис дыууæ хуызы номинацитæ – «Джазон вокал» æмæ «Саундтрек»-ы уæлахиздзауы дипломтæ æмæ хорзæхты хицау.

Бирæ сты Ланæйы грамотæтæ æмæ алыгъуызон хорзæхтæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йын ныртæккæ цы æнтыстытæ ис, уыдон йæ къухты бафтынц æнцонтæй æмæ уый тыххæй стыр бузныг у йæ нана Зæлинæйæ. «Райдианы мæ музыкалон аивадыл сахуыр кæнынмæ нана æрвыста æвæндонæй, нæ цыд мæхи зæрдæмæ, фæлæ йæ фæстагмæ бауарзтон, ис мын æнтыстытæ дæр. Уый тыххæй æз стыр бузныг дæн мæ нанайæ», – загъта Ланæ. Æрæджы информацион агентад æмæ радио-Sputnik æрыгон зарæггæнæджы æрхуыдтой, куыд радиоайзæлды ног хъæлæс, афтæ. Уым Ланæ дзурдзæн анонстæ, цыбыр алæвæрдтæ.

«Ныртæккæ нæ республикæйы фæсивæдæн ис уавæртæ, цæмæй сæхи  бафæлварой куыд ахуырады, спорты, музыкæйы, афтæ ма æндæр æмæ æндæр фæдыздæхтыты дæр. Адæймаг хъуамæ йæхиуыл куса æвæллайгæйæ. Зындзинæдтæ та уыдысты, сты æмæ уыдзысты, уыдонæн хъæуы бафæразын æмæ хъæуы нысанмæздæхтæй тырнын бæллицтæ сæххæст кæнынмæ», – загъта йæ хъуыдытæ æрыгон зарæггæнæг. Æрыгон чызг кæд йæ чысыл царды бавзæрста бирæ зындзинæдтæ, уæддæр у хиуылхæцгæ, æгъдауджын суинаджы хъæбул, цыфæнды зындзинæдтæм ‘нæ кæсгæйæ, фæндвидарæй тырны йæ бæл-лицтæм.

Ацы аз Ланæ каст фæуыдзæн астæуккаг скъола æмæ йæ фидæны дæсныйадæн æвзары ХИПУ-йы журналистикæйы факультет, фæлæ фæнд кæны музыкалон аивады дæр дарддæр архайын. «Фæнды мæ æрмæстдæр мæ Райгуырæн бæстæйæн аккаг кæстæр суæвын», – загъта Ланæ, йæ фидæныл дзургæйæ.

Бантысæд дын, Ланæ, дæ фæндтæ сæххæст кæнын, куыд дæ уарзон Ирыстонæн, афтæ дæ уарзон нанайæн дæр у ныфсы хъæбул.

Хуыгаты Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.