Ныртæккæ нæ республикæйы астæуккаг скъолаты ахуыргæнинæгтæн кæд сæрдыгон улæфтытæ райдыдтой æмæ рæстæгмæ се скъолаты æмæзмæлд нæ кæнынц, уæддæр горæт Цхинвалы скъола-интернаты кæртæй ахуыры рæстæджы куыд вæййы, афтæ ныр дæр хъуысы сывæллæтты хъæлдзæг хъæлæба. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ ацы ахуырадон уагдоны къуырийы размæ йæ куыст райдыдта сæрдыгон лагерь «Солнышко» нæ горæты скъолаты 7-13-аздзыд ахуыргæнинæгтæн. Сæрдыгон лагеры хистæр у нæ горæты гимнази «Альбион»-ы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Хъоцыты Аллæ.

«РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады инициативæйæ нæ горæты скъола-интернаты базæйыл цытджын æгъдауæй байгом сæрдыгон лагерь «Солнышко», цыран ныртæккæ сæ улæфт уадзынц 110 ахуыргæнинаджы райсомы 9 сахатæй изæры 5 сахаты онг. Сывæллæттæ дих сты фондз къордыл  «Молния», «Форсаж», «Дельфины», «Алые паруса», «Непоседы». Уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи раздзог, афтæ ма уыдонæй алкæмæндæр ис йæхи девиз æмæ хъæппæристæ. РХИ-йы Ахуырады министрад батыхст æмæ лагеры сывæллæттæн арæзт æрцыдысты æппæт уавæртæ дæр, цæмæй хъæлдзæг æмæ æмбæлонæй арвитой сæ сæрибар рæстæг. Ныридæгæн сын организаци  æрцыдысты алыгъуызон хиирхæфсæн мадзæлттæ – спортивон хъæзтытæ, экскурситæ. Æрвылбон дæр сын уагъд фæцæуынц конкурстæ нывкæнынæй, зарынæй, кафынæй, æмдзæвгæтæ кæсынæй. Иу ныхасæй, алы къорд дæр тырны уымæ, цæмæй йæ къухты бафта æнтыстытæ.

Сывæллæттæ боны мидæг хæрынц дыууæ хатты – аходæн сын вæййы райсом 10 сахатыл æмæ сихор та  2 сахатыл. Уыдон райгонд сты сæ хæлцæй. Скъола-интернаты базæйыл сæрдыгон лагерь «Солнышко»-йы баулæфдзысты æртæ фæлтæры. Алы фæлтæр дæр лагеры баулæфдзæн дыууæ къуырийы дæргъы. Лагеры финансон хæрдзтæ йæхимæ райста РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад. Иннæ ахæм нын ацы министрад балхæдта æппæт æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ, куыд зæгъæм, карандастæ, хуызджын гæххæтытæ, пластилинтæ, спортивон инвентарь æмæ æндæртæ. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ къæвда æмæ тынг тæвд бонты сывæллæттæ сæ рæстæг æрвитынц скъола-интернаты къухдариуæгад нын сæ дæлбар уагдоны цы фондз хатæны рахицæн кодтой, уым. Лагеры цы фондз къорды ис, уыдоны раздзогтæ сты нæ горæты скъолаты æвзонг ахуыргæнджытæ Тедеты Альбинæ, Тедеты Вандæ, Плиты Тинæ, Беруаты Иринæ æмæ Уанеты Альбинæ. Лагеры организатор у скъола-интернаты ахуыргæнæг Харебаты Маринæ. Афтæ ма лагеры кусынц скъола-интернаты дыууæ ахуыргæнæджы дæр. Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ æрвылбон дæр нæ куыст кæй райдайæм цытджын ли-нейкæ æмæ зарядкæйæ. Райсомы зарядкæ сын фæуадзы физкультурæйы профессионалон ахуыр-гæнæг», – радзырдта нын сæрдыгон лагерь «Солнышко»-йы хистæр Хъоцыты Аллæ.

«Цалынмæ лагерь нæ байгом, уæдмæ æрæмыбрд кодтам кусджыты æмæ æрдзырдтам, чи нæ цы хъуамæ араза, ууыл. Сарæзтам программæ дæр. Алы бонæн дæр нын арæзт ис боны режим. Æнæхъæн боны дæргъы сывæллæттæй алыгъуызон ерысты æмæ интеллектуалон хъæзтыты йæхи хуыздæр чи равдисы, уыдон хорзæхджын æрцæуынц грамотæтæй. Ныридæгæн сывæллæттæн ауагътам алыгъуызон спортивон ерыстæ. Изæры æрæмбырд вæййæм æмæ хатдзæгтæ саразæм боны мидæг цы куыст бакæнæм, уымæн. Лагерь йæ куыст фæуыдзæн августы æмбисты. Ардæм улæфынмæ кæй фæнды æрбацæуын, уыцы сывæллæтты нымæц тынг бирæ у, фæлæ дзы, хъыгагæн, алкæмæн бынат нæ разыны. Фæнд кæнæм сывæллæтты пионерты паркмæ æмæ æрдзы хъæбысмæ акæнын, цæмæй сыгъдæг уæлдæфы хъæлдзæгæй арвитой сæ рæстæг», – загъта лагеры организатор Харебаты Маринæ.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ивгъуыд аз сæрдыгон лагерь «Солнышко» кæй куыста скъола-интернаты базæйыл æмæ дзы сæ улæфты рæстæг кæй арвыстой 300 ахуырдзауæй фылдæрæй. Афтæ ма мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ 5-æм июлы РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады хъæппæрисæй йæ куыст кæй райдыдта но-джы иу сæрдыгон лагерь Дзауы районы Гуфтайы астæуккаг скъолайы базæйыл.

Скъола-интернаты бæстыхайы фыццаг уæладзыгмæ бахизгæйæ нæ цæст схæцыд къулыл конд къулын газеттыл. Уыцы газеттæ алыгъуызон нывтæ æмæ фыстытимæ сæхи къухтæй уадзынц лагеры улæфджытæ. Фондз къордæй алкæмæндæр ис йæхи къулы газет. Сывæллæттæ сæ улæфты рæстæджы тынг схæлар вæййынц æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн кæнын фæндгæ дæр нæ фæкæны. Бæрзонд наз бæласы бынмæ бе-седкæйы сатæг уæлдæфмæ улæфгæйæ кæй баййæфтам, уыцы сывæллæтты куы афарстам, сæ сæрдыгон улæфты рæстæг лагеры куыд æрвитынц, уымæй, уæд нын æмдзыхæй сдзуапп кодтой, зæгъгæ, тынг райгонд стæм лагеры нын цы хорз уавæртæ сарæзтой, уыдонæй. Загътой ма, зæгъгæ, сæ лагеры алчидæр ссардта ног æмгæртты.

Джиоты Е.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.