Ирон адæм рагзамантæй фæстæмæ бирæ хъизæмæрттæ бавзæрстой, бирæ знæгтимæ сæ хъуыд тох кæныны сæр, ахæмтимæ, куыд тæтæр-монголтимæ, гуннтимæ æ.а.д. Фæлæ абоны онг дæр нæ мысынады баззад, Гуырдзыстон хуссайраг ирæттæн цы геноцид сарæзта,  уый.

 Фæстаг 90 азы Гуырдзыстон цалдæр хатт хъавыд хуссайраг ирæтты скуынæг кæнынмæ кæнæ та сæ сæ цæрæн бынæттæй фæсурынмæ. 1991-1992 азты сæ куынæг кæнынмæ æрхъавыдысты президенттæ Звиад Гамсахурдия æмæ Эдуард Шеварднадзе, 2004-2008 азты та – Михаил Саакашвили.

О, фæлæ Гуырдзыстоны æр-дыгæй Хуссар Ирыстоны адæмы геноцид Звиад Гамсахурдия кæнæ Эдуард Шеварднадзейы архайдæй нæ райдыдта, нæдæр Михаил Саакашвилийы хæстон архайдтытæй райдыдта, уый райдыдта ивгъуыд æнусы 20-æм азтæй Гуырдзыстоны меньшевикон хицауад Ной Жорданияйы къухдариуæгадæй, æххæст та йæ кодта сæ националон гварди, лæгмар Валикъо Джугъелийы сæргълæудæй. Растдæр зæгъгæйæ та Гуырдзыстоны уæлдæр политикон æмæ æфсæддон къухдариуæгад геноцид сарæзтой хуссайраг ирæттæн.

1917-1921 азты раздæры Уæ-рæсейы империйы территорийыл æрцыд кардиналон æхсæнадон-политикон æмæ барадон ивындзинæдтæ, фæуæлахиз Октябры революци, Уæрæсейы империйы сконды уæвæг националон баиу-гæндтæй бирæтæ, уыцы нымæцы Фæскавказы республикæтæ Гуырдзыстон, Азербайджан æмæ Со-михстон спайда кодтой Уæ-рæсейы Советон Федеративон Республикæйы большевикты на-ционалон политикæйы бындур-æвæрæг националон хæдуагæ-вæрды барты принципæй æмæ рахызтысты Советон Уæрæсейы скондæй. Уыдон Уæрæсейы æрдыгæй райстой хæдбардзинад æмæ систы суверенон паддзахадтæ – æхсæнадæмон барады субъекттæ.

Уæрæсейы Советон Федеративон Социалистон Республикæйы уыцы принцип хауд алы нацимæ дæр, уыцы нымæцы ирæттæм дæр, фæлæ…

1918 азы Уæрæсейы скондæй Гуырдзыстон куы рахызт, уæд йæ дæлбар бакодта Хуссар Ирыстоны, йæ адæмы йын нæ бафарста, афтæмæй.Кæй зæгъын æй хъæуы, ирæттæ уыцы хъуыддагыл разы нæ уыдысты æмæ уыцы аз Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд Националон Совет, кæцыйы скондмæ бацыдысты алыгъуызон политикон партиты ми-нæвæрттæ.

Гуырдзыстоны меньшевикон къухдариуæгадæн чысыл империон амбицитæ кæй уыд, уый тыххæй Хуссар Ирыстонæй хæд-бар советон паддзахад саразыны фарст уыд актуалон. Æмæ хуссайраг ирæттæ  дæр Уæрæсейы фæстæ Хуссар Ирыстоны территорийыл расидтысты советон хи-цауад. Уый размæ уал Националон Совет национ фарсты фæдыл уынаффæ рахаста, цыран дзырд цыд хуссайраг ирæттæн сæрибар хæдравзæрсты бар радтыны тыххæй. Фæлæ та сын Гуырдзыстон нæ радта уыцы бар, æмæ уæд 1918 азы дæр, æмæ 1919 азы фæззæджы дæр хуссайраг ирæт-тæ растадысты. Уыцы хъуыддаг Гуырдзыстоны меньшевикты зæрдæмæ нæ фæцыд æмæ Гуырдзыстоны фашистон-меньшевикон хицауад Ной  Жорданияйы сæргълæудæй, сфæнд кодта ирæтты скуынæг кæнын, удæгасæй ма дзы чи баззайа, уыдон та сæ фыдæлты зæххытæй фæсурын. Афтæмæй хуссарирыстойнаг ирæттæн Гуырдзыстоны меньшевиктæ дзуапп радтой карз террорæй.

Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл нæ басабыр сты Хуссар Ирыстоны адæм æмæ 1920 азы 30 январы арæзт æрцыд Хуссар Ирыстоны большевикты Коммунистон партийы зылдон комитет. 28 майы Хуссар Ирыстоны коммунистæ Мæскуымæ арвыстой «Фæллойадон Хуссар Ирыстоны Меморандум», цыран нысан æрцыд Советон Уæрæсейы скондмæ Хуссар Ирыстоны тырнынад. 8 июны та ирон бархионты къордтæ гуырдзиаг æфсадимæ тох самайгæйæ, ссæрибар кодтой Цхинвал æмæ Хуссар Ирыстоны ревком райста барамынд Хуссар Ирыстоны – Онæй Душетмæ Советон хицауад расидыны æмæ Советон Уæрæ-сейы скондмæ бацæуыны тых-хæй.

Уыцы хъуыддаг бынтон сæрра кодта, æнæуый дæр Гуырдзыстоны рынчын хицауады æмæ йæ æфсон фæцис, цæмæй хуссайраг ирæтты скуынæг кæна, уый тыххæй Хуссар Ирыстоны ныхмæ рагæй цы уæрæхмасштабон гарзджын бабырст цæттæ кодта, уый сæххæст кæнынæн. Æмæ Гуырдзыстон Хуссар Ирыстонмæ æрбарвыста æфхæрæг къордтæ.

20 июны гуырдзиæгты сырдон къордтæ лæгмар Валикъо Джу-гъелийы къухдариуæгадæй скуынæг кодтой Хуссар Ирыстоны политикон къухдариуæгад, фехстой 13 коммунары, басыгътой æмæ ныффалгæрон кодтой хъæуты. Куыд хъæуты, афтæ Цхинвалы дæр зылдысты хæдзæрттыл æмæ кæй æййæфтой, уыдон мардтой, не ‘взæрстой нæдæр зæронд, нæдæр сылгоймаг, нæдæр сывæллон. Аирвæзтысты ма, хъæдты чи бамбæхст, кæнæ та Цæгат Ирыстонмæ чи аирвæзт, уыдон.

Æниу, лигъдæтты дæр сырдтой æрра сырдтау æмæ-иу кæй   баййæфтой, уыдоны фыдмардæй мардтой.

Гуырдзиаг лæгмарты къухæй чи аирвæзт, уыдонæй дæр бирæ фæмард Цæгат Ирыстонмæ фæндагыл.

Гуырдзиаг фашисттæ-меньшевиктæ сæ разы æрæвæрдтой Хуссар Ирыстоны адæмы бынтондæр скуынæг кæныны хæс æмæ, чысыл ма бахъæуа, æххæст дæр æй скæной.

Фæстæдæр Ручъы растадонты бригадæйы къухдариуæггæнæг Бе-джызаты Чермен куыд радзырдта, афтæмæй «знаг растадонтæй бирæ фылдæр уыд. 12 июны райсомы 4 сахатыл растадонтæ æмæ меньшевикты æфсадæн бацайдагъ хæст Цхинвалмæ бахизæны. Растадонтæ кæд чысыл нымæц уыдысты, уæддæр фидар ныхкъуырд лæвæрдтой знагæн.

Гуырдзиаг гвардионтæ куы федтой ирæтты хъазуатон тох, уæд арт бандзæрстой Прис, Еред æмæ Дменисы хъæутыл. Хъæутæ судзын куы райдыдтой, уæд ныхмæлæуджытæй уыцы хъæуккæгтæ чи уы-дысты, уыдон сæ бынæттæ ныууагътой æмæ сæ бинонты аирвæ-зын кæнынмæ афæдис сты. Ныхмæлæуджытæ куы сцъус сты, уæд знаг æрбатыдта Цхинвалмæ æмæ куынæг кæнын райдыдтой сабыр цæрджыты, æгъатырæй мардтой зæрæдты, сылгоймæгты, сывæл-лæтты. Цæрджытæй ма йæ бон кæ-мæн уыд, уыдон бæргæ лыгъдысты Цæгатмæ, фæлæ сæ фæстийæ сырдтой лæгмар меньшевикты гвардионтæ æмæ-иу кæй баййæфтой, уыдонæй хынджылæг кодтой, фыдмардæй сæ мардтой. Уыдис-иу ахæм цаутæ дæр, æмæ-иу сылгоймæгтæ сæ сабиты ивылд доны баппæрстой, стæй-иу сæхæдæг дæр багæпп кодтой донмæ. Уыдон цæйнæфæлтау меньшевикты къух-мæ бахаудаиккой æмæ уыдон цъаммардзинæдтæ бавзæрстаиккой, фæлтау-иу равзæрстой мæлæт.

Дæс боны дæргъы гуырдзиаг гвардионтæ Хуссар Ирыстоны ар-ты хай фæкодтой, басыгътой æмæ ныппырх кодтой хъæуты, фæмард сты цалдæр мин ирон адæймаджы,дæсгай минтæ та фæлыгъдысты Цæгат Ирыстонмæ. Уым сын рахицæн кодтой зæххытæ Дзæуджыхъæумæ хæстæг. Афтæ-мæй сырæзт Ногиры хъæу дæр.

Бæлвырддæр зæгъгæйæ та 20-æм азты геноциды рæстæджы гуырдзиæгты къухæй фæмард 5279 адæймаджы, уыдонæй 1375 уы-дысты сылгоймæгтæ, 1844  сывæл-лæттæ, цалдæр мин адæймаджы та амардысты Хуссар Ирыстонæй хæхты сæрты Цæгат Ирыстонмæ куы лыгъдысты, уæд алыгъуызон низтæй æмæ уазалæй. Иумиагæй сисгæйæ, Хуссар Ирыстоны цæр-джытæй фæцагъд цæрджыты 20 проценты.

1921 азы Гуырдзыстоны советон хицауад куы æрфидар, уæд лигъ-дæтты иу хай фæстæмæ æрыз-дæхт Хуссар Ирыстонмæ æмæ ца-дæггай æндидзын кæнын райдыдтой сæ пырх æмæ сыгъд хæдзæрт-ты, иннæтæ цæргæйæ баззадысты Ирыстоны цæгат хайы.

Бирæ хъæуты цæрджытæ куынæг кæй æрцыдысты иууылдæр, æмæ сæм фæстæмæ æрыздæхæг кæй нал уыд, уый аххосæй абон дæр баззадысты æдзæрæгæй, уыдоны нымæцы сты Згъудер æмæ Тихреуы хъæутæ.

Фæстаг 1989 азæй 2008 азмæйы цаутæ куыд фенын кодтой, аф-тæмæй 20-æм азты паддзахады уæды лидертæ раст хатдзæгтæ нæ сарæзтой уыцы дуджы трагикон цаутæй. Уыдоны уырныдта, цæр-гæ-цæрæнбонтæм дыууæ нацийы минæвæрттæ – ирæттæ æмæ гуырдзиæгтæ иумæ сабырæй, хъæрмудæй кæй цæрдзысты. Æмæ Хуссар Ирыстоны ныууагътой тугхъæлæс знаджы дзæмбыты. Фæлæ истори фæлхатт кæны æмæ та 20-æм æнусы 90-æм азты дæр гуырдзиæгтæн ирæттæм ахасты райхъал  сæ  сырдон  инстинкт.

Кæд 1917-1920 азты дæр æмæ 1989 азæй 2008 азмæ дæр ирæттæ Гуырдзыстоны æрдыгæй бавзæрстой геноциды акттæ, уæддæр, куыд уæды Гуырдзыстон, афтæ ныры Гуырдзыстон дæр нæ сæтты, хуссайраг ирæттæн цы геноцид сарæзта, ууыл, уыдон ахæм æдзæс-гом æмæ мæнгард сты, æмæ сæ цæгом хъæцы, цы фыдракæндтæ сарæзтой ирон адæмы ныхмæ, уыдон æндæрты æфсон фæкæнын, уыимæ ма Хуссар Ирыстоны аххосджын кæнынц алы фыдракæндты, уыцы нымæцы сепаратизмы дæр. Æгæрыстæмæй, 2008 азы Хуссар Ирыстонмæ кæй æрбабырстой, ууыл дæр нæ сæттынц, уым та Уæрæсейы аххосджын кæнынц, уымæй дæр дзурынц, цыма Уæрæсе бабырста Гуырдзыстонмæ.

Кæд 1990 азы 20 ноябры Республикæ Хуссар Ирыстоны областон советы 20-æм æрсидты депутаттæ 14-æм сессийы рæстæджы райстой 20-æм азы Хуссар Ирыстоны геноциды тыххæй деклараци, цыран æрсидтысты дунейы демократон организацитæм, паддзахадты ли-дертæм, уыцы нымæцы Уæрæсейы Федерацимæ дæр, цæмæй 20-æм азты Гуырдзыстон Хуссар Ирыстоны адæмы массон æгъдауæй кæй куынæг кодта, уый нымад æрцæуа геноцидыл, æмæ æрдом-дæуæд Гуырдзыстонæй, цæмæй 20-æм азты Хуссар Ирыстонæн цы зиан ракодта, кæцы уæды нымадмæ гæсгæ у 5 милуан сызгъæрин сомы бæрц, уый бафида Хуссар Ирыстонæн, уæддæр ацы азы онг уыцы трагикон цауты кой ирæтты йеддæмæ ничи кодта. Ныр 99 азы размæйы трагикон цауты Уæрæсейы Федерацийы Президент Владимир Путин дæр æмæ уæрæсейаг политиктæ дæр рахуыдтой геноцид.

Уæдæ Республикæ Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады æппæт æгъ-дауæй дæр бацархайын хъæуы, цæмæй Хуссар Ирыстоны геноцид нымад æрцæуа. Æнхъæлмæ кæсынæн 100 азы фагæй бирæ фылдæр у.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.