Йæ Фыдыбæстæ, йæ истори, йе ʻвзаг, йæ дин, йæ культурæ чи нæ уарзы, уый афтид адæймаг у. Ахæмæн нæй мард, дзуар, ивгъуыд, фидæн… Фæлæ, æвæццæгæн, уарзынæн дæр ис уаг æмæ æгъдау, бæлвырд арæнтæ. Советон дуг куы ныппырх, уæдæй фæстæмæ адæмы уромæг нал ис, кæй цы фæнды, уый дзуры, аразы… Иууыл хъыгаг дæр та у, бирæтæ динæй политикон хæцæнгарз кæй сарæзтой æмæ уый æфсонæй хæсты цæхæр кæй схъауынц, уый. Стæй адæмы куы базмæнтынц, хæст куы ныггуыпп кæны, уæд уайтагъд сæхи бааууон кæнынц. Зынгæй хъазæн кæй нæй æмæ ахæмтæн сæ рохтыл хæцын кæй хъæуы, уый бæлвырд у. Цы хъæуы саразын? Уый фæдыл у нæ ныхас Дунеон Æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Сæрдар Кучиты Русланимæ:

— Руслан, ныр дыууæ азы кусыс «Иры Стыр Ныхас»-ы. Цæуыл архайдтат уыцы рæстæджы дæргъы?

— О, æцæгæйдæр, дыууæ азы рацыд, фыццаг хатт мæ куы равзæрстой сæрдары бынатмæ, уæдæй. Уæд нæ сæйраг хæсыл нымадтам 9-æм Съезд (Уанел) бацæттæ кæнын, æмæ уым адæмæн нæ дарддæры куыстыл бæстон æрныхас кæныны фадат саразын. Цы уынаффæтæ рахастой делегаттæ, уыдон нын абон дæр сты фæндагамонæн. Мæ бон зæгъын у, дыууæ азмæ уыцы уынаффæтæн сæ фылдæр æххæстгонд кæй æрцыд. Æппæты сæйрагдæр у нæ куысты, адæмимæ æргом ныхас кæнын, кæм цæрынц, кæм кусынц, уым. Арæх цæуæм районтæм, хицæн хъæутæм, æмбæлæм хистæртимæ, фæси-вæдимæ. Уыцы ныхасæй равзæрынц раст хъуыдытæ, хат-дзæгтæ. Нæ сылгоймæгты комитет дæр саразынц фембæлд-тытæ университетты, колледжты, скъолаты. Арæхстгай архайынц кæстæртимæ хъомыладон куыст кæныныл. Зынгæ фæхуыздæр нæ информацион куыст дæр. Арæх ныхас кæнæм риссаг æхсæнадон фарстатыл телеуынад æмæ радиойæ, газетты фæрстыл. Нæхи газет «Стыр Ныхас» дæр йæ куыст фæахадгæдæр кодта, йæ тираж зынгæ фæфылдæр ис. Ныры рæстæджы нæ ирон æхсæнады мидæг фæзынд бирæ æвæстиатæй лыггæнинаг фарстатæ. Се ’ппæтыл æмбойны нæ бон аххæссын нæу, фæлæ сыл кусæм, чи дзы куыд ахсджиагдæр у, афтæ. Æнæмæнг, нæ размæ фæзыны цæлхдуртæ дæр, арæх чидæртæ æнæхъуаджы ныхас кæнынц «Иры Стыр Ныхас»-ы ныхмæ, йæ куыстæн ын ницы зонгæйæ. Хъыгагæн нæм фæзынд ахæмтæ дæр, адæмы нын нæ ныхмæ чи ардауы, цъыфкалæн чи кæны. Фæлæ уыдоны бон нæу нæ куыст ба-къуылымпы кæнын. Нæ размæ цы стыр хæстæ сæвæрдтам, уыдоны сæххæст кæныныл архайдзыстæм.

— Æнусты дæргъы динты ’хсæн бирæ быцæутæ цыд. Алы æмбаргæ адæймаг дæр æй хъуамæ зона, искæй динмæ æвналæн нæй. Нæй кæрæдзийы æфхæрæн. Фæлæ йæ национ дины сæрыл чи сдзырта, уый æгæр не ’сдзырдlаг кодтой? Нæ бындурон дин уарзæм, уый цас диссаг у? Æмбарыс æй, мæ ныхасы сæр цæуыл у. Уæ дины хъуыддæгты фæдыл комитет уыцы быцæуы фæдыл цы сарæзта?

— Дзырдæн, æз, ирон уырнынадыл дзургæйæ, «дин» ныхасæй нæ пайда кæнын. Æххæстæй йын не ’вдисы йæ мидис. Уый у нæ национ зондахаст, Ирон Æгъдауы бындур æмæ йе ʻнæдихгæнгæ хай.

Цы цауы кой кæныс, уый махæн уыд тынг хъыг. Иуæй — æрыгон ирон лæппу фæрæдыд, æнæфсармæй бафхæрдта чырыстон дингæнджыты. Уый фæдыл баййæфта æфхæрд, стæй хатыр дæр ракуырдта. Фæлæ уый фæстæ цы цаутæ æрцыд, уыдон ахызтысты уыцы ныхасæй дард. Чидæртæ ныффыстой сидт Архиепископ Леонидмæ, кæцыйы цъыфкалæн фæкодтой Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг æмæ Иры Стыр Ныхасыл. Цыма республикæйы хъыгдард цæуынц чырыстон адæм, нæй сæм фаг бартæ, æмæ ирон фыдæлтыккон уырнынадыл чи хæцы, уыцы адæм сæ æфхæрынц. Уыдон сты, æнцонæй раргомгæнæн кæмæн ис, ахæм гæдыныхæстæ. Мах цалдæр хатты фæсидтыстæм, фыстæг чи ныффыста, уыдонмæ, стæй Дзæуджыхъæуы епархийы разамонджытæм, цæмæй, кæд æцæгæйдæр исты лыггæнинаг фарстатæ ис, уæд æрбадæм æмæ сыл æргом æрныхас кæнæм. Фæлæ нæм абоны онг ничи ’рбадзырдта. Ирыстоны адæм уыцы сидт айстой, куыд адæмы кæрæдзийыл ардауынæн, чъизи политикон æмæ æхсæнадон провокаци.

Зынæмбарæн разынд Архиепископ Леонид, уыцы хабæрттæм цы цæстæй ракаст, уый дæр. Чырыстон уæздандзинад равдисын æмæ адæмы æрсабыр кæныны бæсты ма артыл ноджыдæр бакалдта сой. Йæ ныхас — «Я не позволю, чтобы Осетию вталкивали в каменный век язычества» — ирон адæмы тынг бафхæрдта. Суанг чырыстæттæй дæр бирæтæ смæсты сты æмæ се ’ргом аргъуанæй аздæхтой. Ирыстоны фыдæлтæй нырмæ адæм кæрæдзийы динмæ гæсгæ дих нæ кодтой. Алкæмæн дæр йæ бар йæхи у. Чи Хуыцаумæ скувынмæ цæуы аргъуанмæ, чи та — кувæндонмæ, дзуары бынмæ. Ирон адæм алкæмæн дæр аргъ кодтой йæ хъуыддæгтæм, йе ’гъдаумæ гæсгæ. Æмæ нæ абон кæрæдзийыл чи ардауы, уыдон нын кæнынц стыр знаггад. Нæй дины темæйæ чъизи политикон хъазтыты пайдагæнæн.

Ацы уавæры фæдыл мын «Иры Стыр Ныхас»-ы Президиум бабар кодта ныффыссын фыстæджытæ Патриарх Кириллмæ, стæй Уæрæсейы Федерацийы Президенты минæвар Цæгат Кавказы А. А. Матовниковмæ, æмæ æз уый сæххæст кодтон.

— Дзыллон информацион фæрæзтæй куыд уынæм, афтæмæй бирæ дингæнджытæ сæхæдæг дæр æнæлаз не сты. Фæлæ нæ национ динæй дæр пайдайы гуырæн чи сарæзта, уыдон сбирæ сты. Сæ ныхмæ цавæр мадзæлттæ аразут?

— Нæ фыдæлтыккон Ирон Æгъдауы кой арæх фæкæнæм, фæнды нæ, цæмæй уа сыгъдæг æмæ фидар, цæмæй кæстæртæн уа фæндагамонæг сæ царды. Æмæ Æгъдау кæцæй хъуамæ рæза, цы у йæ бындзæфхад уыцы тулдз бæласæн? Нæ фыдæлтæ куывтой Иунæг Кадджын Стыр Хуыцаумæ æмæ йе ’сконд зæдтæм, сæхи сыл фæдзæхстой, агуырдтой сæ царды хæрзтæ, сæхи хъахъхъæдтой сæ фыдæхæй. Цыбыр дзырдæй, сæ уырнынад сын æххуыс кодта цардмæ раст цæстæй кæсынæн, хорз æвзæрæй хицæн кæнынæн, кад æмæ радæй цæрынæн. Уыцы уырнынад хъуамæ уа сыгъдæг æмæ цæуа зæрдæйæ. Уымæн арæзтой фыдæлтæ рухс кувæндæттæ бæрзонд, хæхты хъæбысы, фылдæр хатт-иу сын Хуыцау йæхæдæг кæм бацамыдта, уым. Уæдæ абон дæр, цæмæй не ’гъдау фидар уа, цæмæй ма фæцудæм æмæ нæ ирон цæсгом бахъахъхъæнæм, уый тыххæй нæ хъæуы Хуыцаумæ не ’ргом раздахын, нæ кувæндæттæ та чъизийæ хизын.

Дзуары бынмæ мысайнагæн адæм артыл сыгъдæггонд згъæр æхцайы бæсты гæххæттын минтæ æмæ доллартæ хæссын куы райдыдтой, уæд æгъдау дæр хæлын райдыдта. Кувæндæттæм сабыргай сæ ных сарæзтой чъизи, æдзæсгом мулкуарзаг адæм. Сæхи сын схицау кодтой. Бирæтæ дæсгай азтæ уырдыгæй ратонын нæ комынц, æндæр, дам, ничи комы. Афтæмæй нæм кæцыдæр æппæтадæмон кувæндæтты милуантæ æртымбыл вæййы, æмæ сæ «дзуары лæгтæ», сæхи куыд фæнды, афтæ уарынц. Уыцы æхцатæ кувынæн ницы ахъаз кæнынц, фылдæр хæссынц зиан, уаз бынæттæн сæттынц сæ хъару. Уыимæ ма ахæм рæтты сарæх вæййы карз нозт, цæлгæнæн фынгæвæрдтæ. Æмæ куыднæ? Фылдæр адæм — фылдæр æхца кæйдæр дзыппытæм.

Уыдæттæ уынгæйæ, адæм махæй домынц кувæндæтты æгъдау æмæ фæтк сæвæрын. Æмæ фæстаг дыууæ мæйы дæргъы акодтам цалдæр къахдзæфы уыцы фæндагыл. Фыццаджыдæр, сарæзтам уæрæх æмбырд бæрнон паддзахадон кусджытимæ, парламенты депутаттимæ, стæй — æхсæнадон кусджытимæ. Фæдзырдтам Хетæджы Уастырджийы кувæндоны лæггадгæнджытæм дæр. Уыцы æмбырды рахастам ахсджиаг уынаффæтæ, кæцыты нысан уыдис кувæндæтты архайд Ирон Æгъдауы бындурыл сæвæрын, адæмы бар сæ бакæнын. Уыцы уынаффæтыл не схъæлæс кодтой æрмæстдæр дзуарæн лæггадгæнджытæ. Уый фæстæ сыл æрныхас кодтам районты æмæ хъæуты æмбырдты, æмæ адæм æмхъæлæсæй загътой, разы стæм, зæгъгæ. Алагиры, Æрыдоны, Ногхъæуы, Бирæгъзæнджы, хæлттæ æппаргæйæ, иу азмæ равзæрстой Хетæджы Уастырджийы æмæ Ныхасы Уастырджийы кувæндæттæн лæггадгæнджытæ. Уыдон 6-æм августæй фæстæмæ райдыдтой сæ хæстæ æххæст кæнын. Цæмæй, кувæндæтты чи архайы, уыдон рæдийгæ ма кæной, адæмы раз дзуапп дæттой, уый тыххæй Цæгат Ирыстоны арæзт æрцыд Республикон æхсæнадон Совет кувæндæтты хъуыддæгтæм кæсынæн. Уым ис 26 минæвары: министрадтæй, парламентæй, æхсæнадон организацитæй, стæй, алы районæй. Кæсдзысты æрмæстдæр æппæтадæмон кувæндæттæм. Хъæуты æмæ мыггæгты кувæндæттæ сты раздæрау сæхи бар.

— Де ’рмæджыты арæх дзурыс, «Стыр Ныхас» кувæндæтты æхцатæм кæй ницы бар дары. Искæй дзыпмæ цæуыны бæсты хуыздæр нæу, æхсæнадон организацитæн сæ куы ’ххуыс кæниккой?

— Нæу. Æз цалдæр хатты фидарæй адæмы раз загътон: «Цалынмæ „Иры Стыр Ныхас“-ы кусын, уæдмæ иунæг сом дæр кувæндæттæй уырдæм не ’рбацæудзæн». Адæм, хæлттæ ’ппаргæйæ, кæй равзарой, уыдон сæ исæд æмæ сæ хардз кæнæд, æрмæст иумæйаг уынаффæйæ. Фыццаджыдæр, ба-хъæуынц бæрæгбоны куывдæн, стæй кувæндæттæ нывыл дарынæн, цалцæг сæ кæнынæн. Кæд дзы исты баззайа, уæд мæгуыр рынчынæн баххуыс кæнын дæр Хуыцаумæ хъыг нæ фæкæсдзæн. Фæлæ исчи куы фæдызæрдыг уа, уыцы æхца раст ист æмæ хардзгонд нæ цæуынц, уæд Республикон æхсæнадон Совет ахæм ран дзуарæн лæггадгæнджытæй дзуапп бацагурдзæн.

— Советон дуджы дин тобæгонд уыд, нæ йæм уыд æргомæй кувæн, нæ йыл уыд дзурæн. Ныр та ногæй рапарахат, адæмæн сæ царды сæйраг нысан сси. Дæумæ гæсгæ, уый æхсæнады иудзинадæн исты ахъаз фæуыдзæн?

— Æнæмæнг фæуыдзæн. Зындгонд ахуыргæндтæй раджы чидæр афтæ загъта: «Алы адæммæ дæр хъуамæ уа дин кæнæ идеологи. Æнæ уыдонæй адæм сæфтмæ цæуынц». Советон дуджы фыдæлтыккон уырнынад баивтой коммунистон идеологийæ, æмæ уый йæ куыст кодта, адæмы кæрæдзийыл баста, фæндаг сын амыдта рухс фидæнмæ. Уый фæрцы тырныдтой хорз кусыныл, иумæйаг исбон амайын æмæ йæ хъахъхъæныныл. Уæдæ нæ чысылæй фæстæмæ ахуыр кодта хи хорз дарыныл, адæмы æмæ райгуырæн бæстæ уарзыныл, æхсæнадон зондахаст парахат кæныныл. Уыцы идеологи йæ бартæ куы радта, уæд нæм йæ бæсты цы фæзындис? Æнхъæл дæн — ницы, афтидæй баззад йæ бынат. Мæнмæ гæсгæ нæ абоны æвзæрдзинæдтæн сæ фылдæры аххосаг уый у. Нартæ дæр Хуыцауы ныхмæ афтæ схæцыдысты æмæ сæ сæфтмæ æркодта. Ныр, æвæццæгæн, цард уæддæр йæхион агуры. Адæмæй, уæлдайдæр та — фæсивæдæй, бирæтæ се ’ргом раздæхтой уырнынадмæ. Чи — чырыстон динмæ, чи — пысылмон, чи — æндæр динтæм, тынг бирæ та — нæхи фыдæлтыккон ирон уырнынадмæ. Цæмæн? Уыдон агурынц сыгъдæгдзинад, раст фæндагамонæг, чъизийæ сæ чи хиздзæн æмæ сын фыдæлты Фарнмæ дуар чи байгом кæндзæн, уыцы «арфæйы дзырд». Адæмы иудзинад йæхи ’гъдауæй не ’рцæуы. Бындур ын хъæуы. Нæ Ирон Æгъдау, нæ фыдæлты уырнынад сты махæн уыцы бындур.

— Уæддæр куыд хуыздæр уыдзæн, ирон адæм се ’ргом тынгдæр кæцы динмæ аздахой?

— Иу хатт ма йæ зæгъдзынæн: алкæмæн дæр йæ бар йæхи у. Тых кæнын нæ хъæуы. Нæ хъæуы быцæу кæнын дæр, хорзмæ, кæрæдзийы хуыздæр бамбарынмæ нæ никуы ’ркæны. Фæлæ уыимæ æз æппæты сæрæй сæвæрин Ирон Æгъдау. Уый нын хъуамæ уа иумæйаг, уæлдай нæу, кæцы комæй дæ, цы партийæ, цы хуызы кувыс Хуыцаумæ. Уымæн æмæ нæ иу кæны æрмæстдæр уыцы Æгъдау. Уый куынæ уа, уæд нæм иудзинад дæр нæй, уæд нæй ирон адæмæн фидæн.

— Ацы быцæу алыг кæнынæн уæм цавæр фæндтæ ис?

— Мах быцæу никæимæ кæнæм. Цыдæриддæр Ирыстоны (Цæгатæй, Хуссарæй) æхсæнадон æмæ дингæнæг организацитæ ис, уыдонмæ сидæм æргом ныхас æмæ иумæйаг архайдмæ. Ницы нæм ис сусæггаг, фæсчъылдым нæдæр — ныхас кæнæм, нæдæр — архайгæ. Кæд искуы ис цæлхдуртæ, лыггæнинаг фарстатæ, уæд, табуафси, фæдзурæнт нæм, æмæ сыл иумæ бакусдзыстæм.

Алы ирон лæг дæр бæрæгбонты йе ʻртæ чъирийæ куывта æмæ кувы Стыр Хуыцаумæ, йе сконд зæдтæм, фæдзæхсы сыл йæ бинонты. Уый у нæ фыдæлты дин, нæ культурæ, нæ цæсгом, нæ монон хæзна æмæ нын хæссы рухс хъуыдытæ, æхцондзинад, уарзæм æй.

Фæлæ искæй дин дæ зæрдæмæ цæуы æви нæ, уæддæр йæ бафхæрын, йæ дæлдзиныг кæнын стыр фыдракæнд у. Уымæн æмæ æппындæр дины мæт кæй нæй, уыдон дæр дзы политикон хæцæнгарз ацаразынц, фадат сын фæвæййы адæмы кæрæдзийыл ардауынæн, чысыл ныхас дæр расайы стыр политикон быцæутæ æмæ бирæ хатт та — тугныккалд-тытæ. Нæ хъæуы ахæмтæн сæ чъизи политикон хъуыдытæ царды сæххæст кæнынæн фæдат радтын. Быцæутæ кæныны бæсты не ‘ргом аздахæм фæллой кæнын æмæ ахуырадмæ. Уæд нæ цард дæр уыдзæн фæрныг.

Ныхас кодта ДЖУСОЙТЫ Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.