Цхинвалы æрæвнæлдтой æртагкæнæн станцты арæзтады тыххæй «Роснефть»-имæ бадзырды реализацимæ. Уый тыххæй фехъусын кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади.

«Хуссар Ирыстоны территорийыл  план  цæуы  «Роснефть»-ы дыууæ пилотон æртагкæнæн станцы арæзтад. Уыдонæй уал райдыдта иуы арæзтад Цхинвалмæ æрбацæуæны «Растдон»-ы куыстуаты ныхмæ. Объект эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн майы мæйы. Дыккаг æртагкæнæн станц та план цæуы горæты центры Кочысаты Розæйы уынджы декабры кæрон саразын. Хуссар Ирыстоны компанийы уæвынад æвæрццагæй бандавдзæн республикæйы æртагон-энергетикон комплексы архайдыл, бæлвырддæрæй та æртаг-сæрдæн æрмæджыты гъæд фæхуыздæр кæныны æмæ цæрджыты æнæкъуылымпыйæ ифтонг кæныныл», – банысан кодта Бекъойты Геннади.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, Хуссар Ирыстоны территорийыл «Роснефть»-ы æртагкæнæн станцты арæзтады тыххæй бадзырд къухты кæй бафтыд 2017 азы Бибылты Анатоли æмæ кондадон акционерон æхсæнад «НК «Роснефть»-ы сæйраг æххæстгæнæг директор Игорь Сечины фембæлды рæстæджы.

РХИ-йы Хицауады

Пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.